«Æнусон кад – уæлахизхæсджытæн», – афтæ рахуыдтой нæ горæты Централон библиотекæйы кусджытæ цы мадзал ауагътой, уый.

Фæлæ уал цалынмæ мадзал нæ райдыдта, уæдмæ библиотекæйы кусджытæ ауагътой акци «Георгиевская лента», – зæгъгæ. Уыдон лен-тæтæ бакодтой мадзалы хайадисджытыл æмæ уымæй фæаивдæр ис бæрæгбон. Библиотекæйæн ма балæвар кодтой чингуытæ «Великая Отечественная в письмах и воспоминаниях», зæгъгæ.

Мадзалмæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, нæ горæты национ музейы директор Зассеты Мераб, горæты администрацийы культурæйы хайады сæргълæууæг Тасойты Игорь, хæсты ветерантæ, цæрæн массивы цæрджытæй бирæтæ.

Мадзалы райдианы библиотекæйы сæргъ-лæууæг Ирина Прокопенко банысан кодта, зæгъгæ, «Уæлахизы бон у цæстысыгимæ бæрæгбон æмæ йæм сæ уæзгæ бавæрд бахастой ирон адæмы сагсур фырттæ дæр. Уый уыдис милуангай адæймæгты цардæй æлхæд уæлахиз. Дзырд «ирон» хъуыстис алы фронтты дæр æмæ уый æнæхъуаджы нæ уыд. Кæцыфæнды фронты дæр ирон лæппутæ сæхи æвдыстой хъæбатыр хæстонтæй. Уыдон сæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын цыдысты бæрзонд хæстон хорзæхтæй. Бирæтæ та нал æрыз-дæхтысты хæсты быдырæй, фæлæ сæ рухс нæмттæ æнустæм цæрдзысты нæ зæрдæты», – дзырдта Ирина Прокопенко. Мадзалмæ æрба-цæуджытæн æмæ ветерантæн та йæ цæст бауарзта æнæниздзинад, сабырад æмæ æнтысгæ цард.

Библиотекæйы методикон хайады сæргълæууæг Гуыззыдтаты Этери дæр йæ раныхасы банысан кодта нæ адæмы стыр хайбавæрд Уæлахизы хъуыддагмæ. Фронты раззаг хахх цыдис Цæгат Ирыстоныл дæр. 1942 азæй 1943 азмæ немыцаг тыххæйисджытæ сæ уд хъардтой Кавказ байсыныл, фæлæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты.

Хæсты быдыры ирон хæстонты сгуыхтдзинæдты тыххæй лæмбынæгæй æрдзырдта библиотекæйы кусæг Хъотайты Маринæ. Уый ма-дзалмæ æрбацæуджытæн радзырдта Советон Цæдисмæ куыд æрбабырстой немыцаг тыхæйисджытæ æмæ цахæм уæззау, тугæйдзаг фæндæгтыл фæцыдысты советон адæм цыппар хæстон азы дæргъы. Æгас Ирыстон уыцы хæстмæ афæндараст кодта 94 мин хæстоны æмæ дзы фæстæмæ нал æрыздæхт 58 мин хæстоны. Тохы быдырæй хъуыстис ирон хæстоны ном. Уыдон хъæбатырæй тох кодтой æппæт фронтты дæр.

Ракой кодта Советон Цæдисы Хъайтартæ чи систы, хæсты уæлдай стырдæр сгуыхтдзи-нæдтæ чи равдыста, фылдæр хæстонтæ фронтмæ чи арвыста, афтæ ма фæсчъылдым нæ адæм, уæлдайдæр та сылгогймæгтæй стыр фæллойадон æнтыстытæ кæмæн уыд, уыдонæй бирæты кой.

«Къаддæр нæ уыд сæ хайбавæрд Уæлахизы хъуыддагмæ  фæсчъылдым чи баззад, уыцы сылгоймæгтæн дæр. Сæ уæхсджытыл хастой æппæт зындзинæдтæ дæр. Куыстой æхсæвæй-бонæй æмæ фронтмæ æрвыстой хæринаг æмæ хъарм дзаумæттæ. «Æппæт дæр фронтæн, æппæт дæр Уæлахизæн» – ахæм хъуыдыимæ архайдтой уыдон дæр. Абон уыцы хъуыддæгтæ мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм», – загъта ныхасгæнæг.

Нæ горæты уынгтæй 8 хæссынц ирон хъæбатыр лæппуты нæмттæ. Ацы уынг хæссы Мамсыраты Хаджи-Мураты ном. Уымæ хæстæг сты Плиты Иссæйы, Остъаты Алексийы æмæ æрбаиу сты Сæйраг командæгæнæг Сталины номыл уынгмæ. Ацы хъайтартæй алкæй сгуыхтдзинæдты тыххæй дæр лæмбынæг æрдзырдта Гуыззыдтаты Этери. Уый ма æрдзырдта ирон лæппутæ канд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты кæй нæ равдыстой хъæбатырдзинад, фæлæ ма нæм гуырдзиаг фашисттæ куы æрбабырстой, уæд дæр. Уыцы хæсты дæр къаддæр хъизæ-мæрттæ нæ бавзæрстой нæ адæм.

Горæты Культурæйы управленийы сæргъ-лæууæг Тасойты Игорь дæр зæрдæбын арфæтæ ракодта ветерантæн æмæ мадзалмæ æрбацæуджытæн.

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй ацы стыр бæрæгбон семæ ма банысан кодтаид, уый йæ бон нæ уыд. «Уæ хъæлдзæгдзинад уын фенгæйæ, мæ бон нæ уыд уæ иувæрсты ахизын. Уæ размæ æз азылдтæн ветерантыл, бацыдтæн сæм хæдзæрттæм æмæ сын ракодтон бæрæгбонон арфæтæ. Хъыгагæн, уыдон азæй аз къаддæр кæнынц, фæлæ ахæм у царды закъон. Адæймаг цасфæнды ма фæцæра, уæддæр йæ кæрон уымæ цæуы. Махмæ цы бирæ хъайтартæ уыд, уыдоны нæмттæ кæстæртæ хъусгæйæ, кæддæр сæрыстырæй дзурдзысты, уыдон кæй сты сæ номдзыд хъайтарты фæдонтæ. Бирæтæ архайынц нæ истори нын зыгъуыммæ кæныныл, фæлæ уый истори йæхæдæг нæ бауадздзæнис. Ноджыдæр уын арфæ кæнын. Уæ алы бæрæгбон дæр уыл азæй азмæ хуыздæрæй хуыздæрмæ цæуæт. Макуыуал фехъусут хæсты хъæлæба», – загъта уый.

Ветерантæн æмæ мадзалмæ æрцæу-джытæн раарфæ кодта Национ музейы директор Зассеты Мераб æмæ банысан кодта, зæгъгæ, абоны бон зæрдæйæ чи æнкъары, уыдон æрбацыдысты ардæм. «Бæрæгбон у, фæлæ тугæй æлхæд у. Æмæ абон кæд нæ бон у зарын, хъазын, нæ сомбонмæ ныфсджынæй кæсын, уæддæр, уый у мах сæрибардзинады тыххæй йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыдоны руаджы. Æмæ уын ноджыдæр арфæ кæнын. Ахæм бæрæгбонтæ нæ, фæлæ нысан кæнæм æцæг рæсугъд бæрæгбонтæ», – загъта Зассеты Мераб.

Республикæйы Ветеранты советы номæй та бузныджы ныхæстæ загъта Уалыты Гайоз æмæ сын балæвар кодта чингуытæ.

Мадзал ма цымыдисон уыд уымæй дæр æмæ раныхæсты ‘хсæн зæлыдысты нæ горæты скъолатæ «Альбион», Аивæдты лицей, скъола-интернат æмæ 5-æм скъолайы ахуыргæнинæгты æххæстгонд зарджытæ, афтæ ма сæххæст кодтой ирон кæфтытæ дæр.

Зæгъын хъæуы уый æмæ Централон биб-лиотекæйы кусджытæ ацы мадзал кæй бацæттæ кодтой æмбæлон æмвæзадыл æмæ дзы стыр æхцондзинад райстой ардæм æрбацæуджытæ се ‘ппæт дæр. Уый бæрæг уыд сæ дæргъвæтин æмдзæгъд æмæ сæ цинæйдзаг цæсгæмттæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.