Президент Бибылты Анатоли хайад райста Цъинагары трагедийыл 31 азы сæххæсты сæраппонд мысæн митингы.

1991 азы 28 апрелы Ленингоры районы Цъинагары хъæуы авд цæрæджы – Мæргъиты Отар, Бибылты Гиви, Чертхъоты Славик, Хуыбылты Зауыр, Хуыбылты Отар, Дудайты Тенгиз æмæ Хуыбылты Таймураз фæмард сты гуырдзиаг агрессорты къухæй, кæцытæ сын хъуамæ сæрвæтæй атардтаиккой сæ фос. Уыдоны ‘хсæн ма уыд хъæуы цæрæг Джиголаты Васили, кæцы аирвæзт бирæ цæфты фæстæ. Уыцы трагикон бонæй фæстæмæ бынæттон цæрджытæ æрвылаз дæр æрымысынц се ‘мхъæуккæгты рухс нæмттæ.

Хуссар Ирыстоны фæмардуæвæг хъахъхъæнджыты цыртдзæвæныл веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæргæйæ, паддзахады сæргълæууæг раныхас кодта æрæмбырдуæвджыты раз.

«Ныр 31 азы дæргъы мах Ленингоры районы цæрджытимæ æрæмбырд вæййæм ам, цæмæй æрымысæм Цъинагары трагедийы гуырдзиаг фашизмы амæттæгты рухс нæмттæ. Хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны истори йемыдзаг у трагикон цаутæй: Цъинагары, Зары, Ереды трагедитæ. Æппæт ацы фыдмитæ уыдысты 2008 азы онг, кæцыты фæстиуæгæн фæмард сты бирæ адæймæгтæ.  Сæвзæры фарст: цæй тыххæй?.

Мах ирæттæ кæй стæм, уый тыххæй? Нæхи мадæлон  æвзагыл нæ кæй фæнды дзурын, уый тыххæй? Кæнæ нæ сæрибарæй нæ райгуырæн зæххыл цæрын кæй фæнды, уый тыххæй?» – загъта уый.

Бибылты Анатоли банысан кодта, Гуырдзыстон æнусты дæргъы æххæст кодта йæ фыдвæнд план ирæтты скуынæг кæныны тыххæй æмæ ууыл дзурæг у, 2008 азы æргомæй чи фæбæрæг, Гуырдзыстоны уыцы милитаристон хъуыдыкæнынад, кæцы уагъд цыд ахæм номимæ, куыд «сыгъдæг быдыр».

«Фашизм æндæр адæмты нæ нымайы. Уыдон фæнд кодтой мах, ирон адæмы, скуынæг кæнын, хъайтар скифтæ, сæрмæттæ, аланты фæдонты, уыимæ иумæ нæ рагон культурæ. Фæлæ Хуссар Ирыстоны æхсарджын фырттæ слæууыдысты знаджы ныхмæ. Уыдон сæ цард   радтой бирæ хъизæмæрттæбаййафæг адæмы сабырад æмæ дидинæфтаугæ фидæны тыххæй æмæ сты æхсардзинад æмæ Райгуырæн зæхмæ уарзондзинады аккаг цæвиттон», – загъта Президент.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны иу æмæ дыууæ хатты хицауад ивд не ‘рцыд, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, иу гуырдзиаг политик дæр нæ равдыста йæ адæймагдзинад æмæ  уæндондзинад,  цæмæй хатыртæ ракурой сæ бакæнгæ фыдракæндты тыххæй æмæ ирæтты геноцид банымайой.

«Нæ хæс у нæ хъайтарты рухс нæмттæ хъахъхъæнын æмæ сæ тохы тыххæй рæзгæ фæлтæрæн дзурын. Нæ хæс у Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн кусын æмæ архайын», – загъта Бибылты Анатоли.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.