УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Башкортостаны столицæ Уфайы райдыдта, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн дунейы чемпионат спортивон хъæбысхæстæй. Уæгъдибар хъæбысхæстæй ерысты майдантыл тох кæнынц хуссарирыстойнаг богалтæ дæр. Ерысты фыццаг бон гауызмæ рахызт 97 кг уæзы категорийы архайæг Дзæгъиаты Сослан. Абон та ерыс кæндзæн Бестауты Андрей. Уый та хæцы иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (125 кг).

Дыууæ богалы дæр тренировкæ кæны Коцты Тамерлан.

 

ХОРЗÆХДЖЫН ÆРЦЫДЫСТЫ МАЙДАНТÆЙ

Олимпион хъæзтыты ÆЦСК-ы спортивон кад хъахъхъæнæг уæрæсейаг спортсментæ Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады бардзырдмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыдысты «За воинскую доблесть»-ы майдантæй. Ахæм майдантæ лæвæрд кæмæн æрцыд, уыдон ‘хсæн уыдысты Олимпион хъæзтыты уæлахиздзау Сидахъты Зауырбег æмæ бронзæйон призертæ Найфонты Артур æмæ Таймæзты Мадинæ.

 

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 6-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд Мæскуыйы «Спартак – 2»-имæ. Хъазты райдиан йæ хъуыддаг хорз нæ рауад алайнæгтæн. 12-æм минутмæ æмбылды кодтой 2:0 хыгъдæй.

Хъазты дыккаг æмбисы уазджытæн бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Расгуыхтысты Къобесты Давид æмæ Ислам Машуков. Фæстæдæр ма сын уыд ноджы иу хорз гæнæн хыгъды размæ ацæуынæн, фæлæ дзы не спайда кодтой. 68 минутыл «Алани»-йы сконды хъазæн фæзмæ рахызт Хæдæрцаты Батраз. Уый травмæйы аххосæй нæ хъазыд иу мæйæ фылдæр. Фæлæ цалдæр минуты фæстæ фæхатыд рыст æмæ рахызт хъазæн фæзæй. Фæлæ уæдмæ «Алани» йæ хъазджыты ивыны лимит кæй бахардз кодта, уый аххосæй йын бар нал уыд Батразы баивын. Уый аххосæй 20 минутæй фылдæр хъазыдысты дæсæй.

90-æм минуты спортивон амонд бахудт фысымтæм. Уыдонæн æнæнхъæлæджы бантыст 3-аг пурти бакъуырын. Афтæмæй «Алани» фæхæрд 3:2 хыгъдæй.

Радон хъазт дзæуджыхъæуккæгтæ акæндзысты 21-æм августы клуб «Велес»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.