ТУРНИР ШАШКÆТÆЙ

Стыр Уæлахизы боны цытæн Цхинвалы районы администрацийы спорты хайад бацæттæ кодта турнир шашкæ-тæй. Хайад сæ райстой районы иууыл хуыздæр хъазджытæ. Æдæппæтæй призтыл тох кодтой 12 спортсмены. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ уыдон иууылдæр уыдысты иу къорды æмæ кæрæдзиимæ акодтой фæйнæ иу парти. Хъæзтытæ иууылдæр акæнгæйæ, иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта æмæ ерысты уæлахиздзау ссис районы администрацийы финансон хайады минæвар Тедеты Николай, дыккаг бынат бацахста Къостайыхъæуы скъолайы директор Тыбылты Алексей æмæ æртыккаг та ссис адæмон нывгæнæг Гæбæраты Барис. Фæсивæды ‘хсæн та иууыл цæттæдæр разынд Тъбеты хъæуы минæвар Би-койты Станислав.

Ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кодтой Цхинвалы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Тъуриты Тенгиз æмæ РХИ-йы шашкæты федерацийы президент Лолоты Барис.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

17-19 майы Македонийы уагъд æрцæудзæн, 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты УФ-йы æмбырдгонд командæйы сконды хайад райсдзысты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ Уалыты Чермен (74 кг), Содтиты Аслан (97 кг) æмæ Теб-лойты Ацæмæз (125 кг).

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.