Хуссарирыстойнаг самбист Хъуылымбегты Феликсы къухты та бафтыд радон æнтыст. Уый ныр та ссис æвзæнгты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Цæцæны. Феликс 88 кг уæзы категорийы архайгæйæ, акодта 5 тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз. Хуссарирыстойнаг самбист Быценты Игорь та +98 кг уæзы категорийы рамбылдта бронзæ майдан. Ацы æнтысты фæрцы дыууæ спортсмены дæр райстой æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты хайад райсыны бар. Сæ тренертæ сты Хъотайты Дмитри æмæ Касаты Ацæмæз.

 

БОКС

Ереваны уагъд æрцыд 15-16-аздзыд спортсменты ‘хсæн дунейы чемпионат боксæй. Хайад дзы райстой дунейы 51 бæстæйæ 357 спортсмены. Чызджыты ‘хсæн ерысты 70 кг уæзы категорийы дыккаг бынат бацахста Таймæзты Елизаветæ. Финалы фембылды Индийы минæвар Фаласвал Аксанæн.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хъæбысхæсты иугонд дунейы (UWW) версимæ гæсгæ 2023 азы хуыздæр хъæбысæйхæцæджы номмæ претендентты нымæцмæ бахаудта Сидахъты Зауырбег. Уымæй дарддæр ма претенденттæ сты уæрæсейæгтæ Исмаил Мусукаев æмæ Ахмед Тажудинов, кæцытæ хъахъхъæнынц Венгри æмæ Бахрейны спортивон кад, афтæ ма ирайнаг Амир Заре æмæ америкæйаг Дэвид Тейлор.

Сидахъты Заурыбег ацы аз йæ карьерæйы æртыккаг хатт рамбылдта дунейы чемпионаты сыгъзæрин майдан. Финалон тохы фæуæлахиз америкæйаг Кайл Дейкыл.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.