РЕКЛАМÆ  ÆППÆЛЫН НÆУ

Дзурынц, зæгъгæ, экономикæйы размæ схойæг рекламæ у. Цас раст у – нæ зонын, фæлæ бæлвырд у, ацы хъуыдыйы бирæбæрцæй рæстдзинад кæй ис. Ахъуыды ма кæнут, цавæрдæр амалиуæггæнæг йæ нырыккон хъомысджын ифтонггæрзтæ куы баифтындза æмæ алы рæтты цæрæг мингай, милуангай фæлхасгæнджыты фаг продукци куы уадза æмæ уадза, уæд сын æй чи базонын кæндзæн, ахæм æмæ ахæм хъæуæг продукци кæмдæр кæй уагъдæуы æмæ йæ бæрæг ран балхæнæн кæй ис. Уыцы хъуыддаг бакæны рекламæ æмæ товармæ фæлхасгæнæг фæндаг ссары, æхсызгонæй йæ балхæны. Афтæ æмæ рекламæ скæны, продукци чи рауадзы, уый къух æмæ йæ чи балхæны, уый къух дæр.

Цы ис уымæй хуыздæр!

Фæлæ фæлгæттæ, арæнтæ нæ царды алцæмæндæр ис. Æмæ сæ, атонгæйæ, гъе та сæ сæрты ахизгæйæ, алцыдæр йæ мидис сафы æмæ фыдуынд хуыз райсы. Рекламæ дæр уыдонмæ хауы, уæдæ, цы! Йæ арæнтæй куы ахизы, уæд уый дæр йæ нысаниуæгæн, йæ мидисæн æххæстæй дзуапп нал фæдæтты. Уый арæн кæны æппæлынимæ. Æмæ бирæ рекламæдæтджытæ-амалиуæггæнджытæ сæ товарæй æппæлыныл схæцынц, кæд сын фауддзаг вæййы, уæддæр. Æлхæнæгæн уырнын кæнынц, æнæмæнг æй кæй хъæуы балхæнын.

Ам товаруадзæгæн йæ къух аразынц дзыллон информацийы фæрæзтæ. Уыдоны руаджы хæццæ кæны сæ рекламæ адæммæ. Уыцы хъуыддаг та лæвар нæ аразынц – хорз æхцатæ кусынц сæхицæн. Уыдон æмæ амалиуæг-гæнджытæ сæхæдæг дæр хорз æмбарынц, сæ рекламæтыл сын адæм тынг кæй нал æууæндынц, зæрдиагæй сæм кæй нал кæсынц, уымæ гæсгæ нын балæгъзтæ кæнынц, рекламæ тагъд кæй фæуыдзæн æмæ æндæр каналмæ цæмæй ма ахизæм. Тыхæй нын æй хъарæгау фæкæнынц, заргæ дæр ма нын æй акæнынц æмæ ам зæрдыл æрбалæууы ирон æмбисонд, заргæ ма дын æй акæнон, зæгъгæ. Иуныхасæй, сæ хъуыры цъæрттæ ма нæ ивазынц, сæ зонгуытыл ма не ‘рлæууынц, уый йедтæмæ сæ сæрмæ алцыдæр хæссынц.

Рекламæ кæнынц алцыдæр, æрмæст сын фидгæ кæн. Æмæ æппæлыныл схæцынц, æппæлинаг чи нæ вæййынц, ахæм товартæй дæр. Афтæмæй та цас хорз товартæ баззайынц рекламæйæн æдтейæ æмæ сæм хатт адæймаг фæндаг дæр нæ фæары.

Рекламæ æппæлынмæ хæстæг кæй лæууы, уымæ гæсгæ йын йæ тыгъдадмæ æнцонæй бабырсы. Хъыгагæн, уый æрмæст рекламæмæ нæ хауы. Цæвиттон, адæймаг хорз у æви æвзæр – цы у, уый дзы куы зæгъай æнæзонгæйæн, гъе та бирæ адæмы раз, уæд уый рекламæ у, уæдæ цы у! Фæлæ дзы хорзæрдæм, цы нæу, уый куы дзурай, уæд дзы æппæлгæ кæныс, стаугæ йæ кæныс, æвзæрæрдæм та – æфхæргæ.

Махæн, хъыгагæн, зындæр вæййы адæймагæн раст аргъ скæнын, æнцондæр та- æппæлын, гъе та æфхæрын.

Уæдæ адæймаг йæхимæ ахасты дæр фылдæр хатт арæнтæ кæм фæзоны. Иутæ цы сты, уымæй æндæртæн сæхи хуыздæрæй фæхъарынц, нæ зивæг кæнынц сæхицæй æппæлынмæ. Æндæртæ æгæр нымд разынынц æмæ цы сты, уый дæр адæмы размæ рахæссын сæ бон нæ вæййы. Æвæццæгæн, уыдонæй иууыл фылдæр сты æппæлойтæ, рекламæйы аккаг чи не сты æмæ йæ сæр кæй нæ хъæуы, уыдон.

 

ХУЫЗТЫ ТОХ, ӔВИ… ХЪАЗТ?

Хуызджын у дуне. Max, Зӕххыл чи цӕрынц, ӕппӕт уыдоны дуне. Бирӕ алыгъуызон хуызтӕ уӕвы нӕ алфӕмблай ӕрдзы. Фӕлӕ уыцы бирӕ хуызтӕй сӕйраджы сӕйрагдӕртӕ  урс ӕмӕ сау сты.

Ӕдзух тохы сты ацы дыууӕ хуызы. Сӕ кӕрӕдзийы кӕм нӕ быхсынц, уым сӕ алчи дӕр тох кӕны йӕ царды сӕрыл. Зӕхх йӕ сӕмӕны алыварс зилы ӕмӕ йӕ уӕлцъарыл урс бон йæ разæй  ӕнӕрынцойӕ суры сау ӕхсӕвы. Ӕви сау ӕхсӕв суры урс боны? Хӕйрӕг ӕй базонӕт. Стӕй цӕмӕн сурынц мин-мин азты сӕ кӕрӕдзийы? Хыл, тох расидыны охыл? Мах уый никуы базондзыстӕм, уымӕн ӕмӕ дзы иу иннæйы бынат никуы бацахсдзæн ӕмӕ никуы раргом уыдзӕнис сӕ фӕнд.

Сау ӕмӕ урс хуыз нæ Зæххыл ивӕнтӕ кӕнынц урс бон ӕмӕ сау ӕхсӕвы хуызы  канд скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ нæ, фӕлӕ цӕгатӕй хуссармӕ дӕр ӕмӕ сӕ чи куыд тыхджындӕр у, уымӕй ӕвдисгӕ у цард. Ивӕнтӕ кӕнынц ӕндӕр хуызы, ӕндӕр закъӕттӕм гӕсгӕ. Цӕвиттон, бӕрцыл хӕццӕ кӕны урс рухс Зӕххӕн йӕ сӕмӕны кӕрӕттӕм, йӕ цъуппытӕм, полюстæ кæй хонæм, уырдæм. Ӕмӕ сыл ӕлдариуӕг кӕнынц ӕнусон урс-урсид ихтӕ. Зӕххӕн ацы бынӕтты  урс хуыз карз тохы бацæуы æлдариуæггæнæг сау хуызимӕ. Фæлæ сау хуызы раз цы лӕмӕгъ рухс гуыры, уымӕн йӕ тынтӕ дӕр фаг сты, цӕмӕй ихты урс хуыз ма амӕла. Уыдон цъелф кӕнынц, хъазынц ихтӕн се ‘ндон уæлцъарыл ӕмӕ урс цӕхӕртӕй сӕрттивынц, сӕхи зонын кӕнынц дунейӕн. Уыцы бынӕтты цард нӕй ӕмӕ сын сӕ тохӕн ӕвдисӕн ничи вӕййы, цымыдисгӕнаг адӕймаг-бӕлццонӕй дарддӕр.

Цæгат полюсæй хуссарӕрдӕм æмæ хуссар полюсæй та цæгатæрдæм чысыл рахизгæйæ рухс фылдӕр кӕны ӕмӕ ахӕцы талынгыл, йӕ разӕй йæ ассоны. Рухс кӕм ис, уадз бӕрцыл дӕр уӕт, уым та цард ӕнӕфӕзынгӕ нӕ вӕййы. Бӕзджын ихтӕ кӕм ратӕнӕг вӕййынц, уым фӕзыны цӕрӕгойтӕ – урс арс, морж, тюлень… Иууылдӕр сӕ хуызтӕ сты урс, ихты хуызӕн…

Цӕуӕм хуссарӕрдӕм. Ӕнусон салд зӕххыл цӕгаттаг ихты урс хуыз цадӕггай рахизы миты фӕлмӕн урс хуызмӕ. Ардӕм арӕхдӕр ферттивы Хуры цӕст, йӕ урс тынтӕ ӕмӕ урс хуыз цадӕггай йӕ тыхы цӕуын райдайы. Ам фӕзынынц фыццаг зайӕгойтӕ, зӕххыл цӕрӕг цӕрӕгойтӕ. Уыдон фехалынц цӕгаттаг ӕгӕрон иугъӕдон урс хуыз ӕмӕ зӕххыл фӕзыны фӕлурстар хуызтӕ. Ӕрвон урс хуыз куыд тыхджындӕр кӕны, афтӕ тыхджындӕр кӕны зӕххон сау хуыз ӕмӕ ноджы хуссарӕрдӕмдӕр Зӕхх райсы йе ‘цӕг хуыз. Растдӕр ацы бынӕтты сцырын вӕййы тох ӕрвон урс рухс ӕмӕ зӕххон сау хуызæн. Тайгайы хъӕдты тар, ӕгӕрон быдырты цъӕх тар, ӕндон къӕдзӕхты тар фӕрстӕ тохы бацӕуынц Хуры урс тынтимӕ ӕмӕ се ‘хсӕн сцырын вӕййы цард. Адӕм – бирӕ, зайӕгойтӕ, цӕрӕгойтӕ дӕр – аф­тæ. Фӕлӕ уӕддӕр сау ӕмӕ урс хуызты ‘хсӕн тох экватор ӕмӕ йӕ алыварс уӕлдай тынгдӕр бацайдагъ вӕййы. Адӕм, цӕрӕгойтӕ, зайӕгойтӕ та иууыл фылдӕр ам сты. Ам цӕгаттаг урс арс райсы бур-саугъуыз. Ӕмӕ ӕрмӕст арс нӕ. Урс рухс куыд тыхджындӕр кӕны хуссарӕрдӕм, афтæ цӕрӕгойты иумиаг хуыз дӕр тардӕр кӕны. Тардӕр кӕнынц хъӕдтæ, зайӕгойтӕ иууылдӕр.

Ивы адӕймаг дӕр йӕ хуыз. Цӕвиттон, цӕгатӕрдыгӕй чи цӕрынц, уыдон урсдӕр сты. Ардӕм кӕд уазӕгуаты ӕрцӕуынц, ӕндӕр дзы иу негырыл дӕр дӕ цӕст не схӕцдзӕн. Саудзарм адӕм тӕвд бӕстӕты цӕрынц ӕмӕ сӕ сау хуызӕй тох кӕнынц хуры  урс тæвд тынтимӕ.

Афтӕ се ‘нусон тох сау ӕмӕ урс хуызтӕ никӕд ӕмӕ никуы уадзынц. Кӕцы хуыз сӕ у адӕймагӕн уарзондӕр, ӕхцондӕр? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы – урс хуыз. Урс дунейы ӕрвиты уый йӕ цард. Урс хуры тынтӕ йӕ рӕвдауынц ӕппæт йӕ царды дӕргъы. Урс дунейы ӕхсиды цард. Сау хуыз та ӕрхӕндӕг, тас хӕссы йемӕ адӕймагӕн. Ӕвӕццӕгӕн, ӕй урс дунейӕ кӕддӕр сау, талынг дунемӕ ӕвӕндонӕй цӕуын кӕй хъӕудзӕн, уымӕн…

Зӕгъгӕ, ӕрмӕст ацы дыууӕ хуызы уӕвынц ӕрдзы мидӕг – цард нӕ уаид рӕсугъд. Рӕсугъд та йӕ кӕнынц бирӕ ӕндӕр хуызтӕ, сӕйраджыдӕр та арвыроны цы авд хуызы ис, уыдон. Ӕмӕ дуне рӕсугъд, хуызджын кӕны, ӕхцондзинад хӕссынц цӕстӕн. Акӕс-ма уалдзыгон цъӕх быдыртӕм! Цал ӕмӕ дӕм цал хуызӕй худынц алыгъуызон дидинджытӕ! Алкӕйы дӕр дзы фӕнды хуыздӕр сӕрттива, рӕсугъддӕрӕй акӕса дунемӕ ӕмӕ йыл дуне тынгдӕр бацин кӕна, баузӕла. Уый мидӕг ис уыдонӕн та сӕ чысыл тох кӕрӕдзиимӕ.

Ӕниу… цӕмӕн тох? Ау, ӕрдзы уӕвӕг хуызтӕ иууыл ӕдзух тохы сӕрыл лӕуд сты? Ӕмӕ дзы уӕдӕ цӕуылнӕ исчи искӕйы куынӕг кӕны? Цӕуылнӕ ис се ‘хсӕн састы баййафӕг, кӕнӕ уӕлахиздзау? Куыд уӕвынц уӕдӕ фӕрсӕй фӕрстӕм?

Кӕд, мыййаг, махмӕ хуызты ӕнусон тох чи кӕсы, уый уыдонӕн та се ‘нусон хъазт у?

 

ЛӔДЖЫ МӔЛӔТ

Фӕцис йӕ дугъ Лӕгӕн – нӕ фӕхӕццӕ кӕронмӕ. Нӕ уыдис барджытӕн сӕ хуыздӕр, йӕ дугъон та – рӕувад ӕмӕ тӕлтӕгдӕр. Фӕлӕ фӕстейӕ дӕр нӕ зад – кӕйдӕрты разӕй-иу фӕцис. Ныфс ӕй уыд баразӕй уӕвын дӕр, фӕлӕ… Ӕхстой йыл, кӕй фӕрсты-иу ӕрбаразӕй, уыдонӕй иуӕй-иутӕ, дуртӕ, йӕ бӕхы къӕхтæ йын цавтой хъилтӕй, цӕмӕй фӕкалдаид, йӕ барӕг рахаудаид саргъӕй. Кӕй фӕнды дугьы фӕстейӕ зайын – цауд барӕджы дӕр фӕфӕнды сӕ разӕй иннæтӕн фӕуын. Ӕмӕ хин, мӕнгардӕй рацӕуы æмбалыл.

Нӕ уадзынц Лӕджы размӕ раззӕгтӕй дӕр иутӕ. Йӕ фӕндаг ын ӕрбахгӕнынц ӕлгъитгӕ ӕмӕ къӕмбыртыл стӕхы. Сӕ тӕрттӕй дуртӕ фелвасынц ӕмӕ сӕ бӕхыл, барӕгыл ныххуырсынц. Риссы бӕх, уымӕй тынгдӕр та – Лӕджы буар, йӕ ӕнкъараг зӕрдӕ. Уӕддӕр йӕ дугъоныл йӕ дугъы кой кодта. Фӕлӕ ды кӕс – ӕрхауд йӕ мидбынат йӕ дугъон. Ахауд барӕг дӕр йӕ сӕрты ӕмӕ ӕдзӕм мардӕй фӕмард…

Фӕцис йӕ царды дугъ Лӕгӕн. Хӕссынц ӕй табӕты ӕнафоны ингӕнмӕ. Йӕ фӕстӕ – йӕ хорз кӕй фӕнды-дис, уыдон. Йӕ фӕстӕ – чи йӕ кӕлын кодта царды, йӕ уд ын чи ӕвдӕрзта, уыдон…

Кӕсын Лӕгӕн йӕ мӕрдон хуызмӕ. Ӕмӕ йӕ цӕсго-мыл кӕсын: «Цӕуын тӕргайӕ а-дунейӕ ӕз. Нӕ райстон ӕз рӕвдыд сымахӕй».

 

ЦӔМӔН АФТӔ У?

Алчи дӕр уарзы йӕ хъӕбулты. Уарзынц сӕ адӕм, сырдтӕ, мӕргътӕ… иууылдӕр. Уыцы хорзӕх алкӕмӕн дӕр ӕрдзӕй лӕвӕрд у. О, стыр у уыцы уарзт! Бакӕс-ма зӕрватыккмӕ! Цас фӕфыдӕбон кӕны, цӕмӕй хӕдзары дӕлбазыр сбийа ахстон, рауадза дзы лӕппынтӕ, дара сын хӕринаг ӕмӕ байрӕзой, тӕхынхъом бауой. Ӕмӕ мад-зӕрватыччы стыр уарзты бын лӕппынтӕ бахъомыл вӕййынц, стӕй кӕрӕдзийӕн хӕрзбон зӕгъынц ӕмӕ сӕ иумиаг хӕдзар-ахстонӕй арвы ӕнӕбын цъӕх денджызмӕ акӕнынц сӕ фӕндаг – алчи сӕ йӕхи цард йӕхӕдӕг аразын райдайы.

Мадӕл фыс ӕхцондзинад фӕисы, йӕ алыварс йӕ ноггуырд уӕрыкк куы фӕхъылдымтӕ кӕны, уӕд. Йӕхицӕй йӕ дард нӕ уадзы. Зӕгъгӕ, дзы фӕиппӕрд – уасгӕ йӕ рӕстӕгыл бацагуры, бацин ыл кӕны ӕмӕ та йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы. Фӕлӕ рацӕуы рӕстӕг, уӕрыкк дӕр бахъомыл вӕййы, хизынхъом, холлаг хӕрынхъом фӕвӕййы. Мад-фысы куы бауырны, зӕгъгӕ, ныр нал фесӕфдзӕн, йӕхӕдӕг кӕрдӕгыл хиздзӕн ӕмӕ йӕхи ӕфсаддзӕн, уӕд ӕй ныууадзы ӕмӕ кӕрӕдзийы дӕр нал фӕмысынц. Ӕвӕццӕгӕн, ууыл фӕвӕййы сӕ кӕрӕдзимӕ уарзт ӕмӕ сӕ хӕстӕгдзинады ӕнкъарӕнтӕ дӕр.

Афтӕ – алы уӕвӕгой дӕр. Ӕрмӕст адӕймаг нӕ! Ныййарӕг адӕймагӕн йӕ хъӕбул кӕддӕриддӕр хъӕбулӕй баззайы ӕмӕ йӕ бон куыд цӕуы, афтӕ йын лӕггад кӕны зӕры бонтӕм, тыхсы йыл, ауды йыл. Цымӕ цӕмӕн у афтӕ адӕймаджы сконд?

Цӕуылнӕ ныууадзӕм ӕвзонг адӕймаджы йӕхи бар, цӕмӕй йӕ цард йӕхӕдӕг кӕна? Царды ад йӕхӕдӕг банкъара, йӕ цинтӕ ӕмӕ йын йӕ хъыгтӕ йӕхӕдӕг бавзара? Цас ӕмӕ цасӕй свӕййынц ныййарджытӕн сӕ хъӕбултӕ «зӕронд сабитӕ»! Фӕбынтӕ сын кӕнынц, кӕцытӕ хатт сӕ цардӕн масты хос дӕр свӕййынц. Афтӕ хъуамӕ ма уаид…

Ӕвӕццӕгӕн, ӕндӕр уӕвӕгойты хъауджыдӕр, адӕймаджы царды фӕтк афтӕ у ӕмӕ ныййарӕг йӕ хъӕбулӕн райгуырдӕй цалынмӕ царды фӕндагыл йӕхӕдӕг слӕууа, уӕдмӕ цы фӕлӕггад кӕны, уый фӕстӕмӕ фидгӕ вӕййы хъӕбулӕн ныййарӕджы зӕры бонты, сабиау уый дӕр ӕххуыс куы фӕдомы ӕмӕ йын лӕггад куы фӕхъӕуы, уӕд. Ныййарӕг ӕмӕ хъӕбул дӕр сӕ тыхыл куы вӕййынц, уӕд та кӕрӕдзийӕн хъуамӕ ныфс уой ӕмӕ дзы иу ма тырна иннӕйы хардзӕй цӕрынмӕ.

Ӕрдзы ӕппӕт уӕвӕгойтӕ цӕрынц иу фӕткмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕ сӕрты ничи хизы. Адӕймаг йӕ ӕрдзон царды ӕнӕфыст ӕгъдӕуттӕ хатт фехалы. Уый нӕ, фӕлӕ ма цы фыст закъӕттӕ ӕрымысыд, уыдоны дӕр алчи нӕ хъахъхъӕны.

Ӕгӕрыстӕмӕй, ис, йӕ хъӕбулыл, йӕ зӕронд, ӕнӕбон ныййарӕгыл йӕ къух чи сисы, чи сӕ аппары, ахӕмтӕ дӕр…

БИАЗЫРТЫ Роланд

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.