Нæ республикæйы скъоладзау сывæллæттæн Цхинвалы скъола-интернаты базæйыл сæрмагонд программæимæ байгом ис сæрдыгон улæфæн лагерь «Солнышко» – 140 сывæллонæн. Уый тыххæй нын фехъусын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрады уæлæмхас хъомылады гæс Джиоты Эльзæ. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ горæтæн æдтейæ ацы аз нæ бакæн-дзысты сæрдыгон улæфæн лагертæ. Раздæр-иу ахæм лагертæ уыд  Дзауы районы скъола-интернат æмæ Гуфтайы астæуккаг скъолайы базæтыл æмæ-иу сатæг уæлдæфмæ сывæллæттæ фидар кодтой се ‘нæниздзинад.

«Куыд æндæр азты, афтæ та ныр дæр нæ министрад бацархайдта, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæрæн баконд æрцæуа лагерь. Скъолайы ахуыры фæстæ ахуырдзау фæсивæдæн сæ иууыл зæрдиагдæр бæллиц сæрдыгон каникулты рæстæджы хъæлдзæг рæстæг æрвитын у, уымæн æмæ уыдон æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсынц сæрдмæ. Сæрд ис йæ тæмæны æмæ ныр сывæллæттæ уым сæ зæрдæйы дзæбæхæн баулæфдзысты. Мах 27 июны дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ байгом кодтам боныгон лагерь, нырма уал фыццаг фæлтæрæн, кæцымæ райстам 1-5 кълæсты ахуыргæнинæгты. Сывæллæттæ уым уыдзысты райсомы фараст сахатæй изæры æхсæз сахатмæ. Семæ чи кусы, уыцы хъомылгæнджытæ æмæ раздзогтæ бацæттæ кодтой цымыдисон, хъæздыг программæ. Сывæллæттæн æнкъард кæныны рæстæг нæ уыдзæнис. Программæйы ис интеллектуалон æмæ спортивон хъæзтытæ, уырдæм ма бахастам экскурситæ дæр. Лагерæн арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр», – загъта министрады кусæг. Джиоты Эльзæ ма нын куыд загъта, афтæмæй сывæллæттæн сæ хæрды хъуыддаг дæр у хорз, бон сын хæрын кæндзысты æртæ хатты. «Мах ныридæгæн кусæм, дыккаг къордмæ кæй айсæм, уыцы сывæллæтты номхыгъдимæ. Куыддæр ацы фæлтæр сæ куыст фæуой, афтæ та райсдзыстæм дыккаг дæр», – зæгъы Джиоты чызг.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.