Цытджын Алан Эдуарды фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Ветеранты Совет дын арфæ кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæй, уæлдæр паддзахадон бынатмæ æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый фæдыл.

Мах уырны, ды фыдæнхъæл кæй нæ фæкæндзынæ нæ республикæйы адæмы, æууæнк æмæ профессионалон командæйы æххуы-сæй дæуæн кæй бантысдзæн социалон-экономикон хæстæ скъуыддзаг кæныны фадыджы бирæ саразын, нæ Райгуырæн зæххы æндидзынад æмæ дидинæфтыдад, афтæ ма куыд мидæггагон, афтæ æддагон политикæйы фарстытæ скъуыддзаг кæнын, æмæ, сæйраджыдæр, Стыр Уæрæсейы ахастытæ рæзын кæныны фадыджы.

Цытджын Алан Эдуарды фырт, нæ цæст дын  уарзы фидар æнæниздзинад, стыр æнтыстытæ дæ бæрнджын паддзахадон бынаты, Республикæ Хуссар Ирыстонæн та – сабырад, стабилондзинад æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Ветеранты Совет

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.