Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Цхинвалы №2 сабидон «Золотой ключик». Паддзахады сæргълæууæг, сæйраджыдæр, йæ хъус æрдардта актон залы арæзтадмæ, афтæ ма сбæлвырд кодта дарддæры арæзтадæн æппæт фарстытæ.

«Фыццаджыдæр, ацы аз æнæмæнгхъæуæг у объекты агъуыст саразын æмæ рудзгуытæ сæвæрын. Уый фæстæ æрæвналын хъæуы мидæггагон куыстытæм», – загъта уый.

Скъолайы агъоммæйы уагдоны сæргълæууæг Битеты Фатимæ фæндон бахаста, актон залы раз кæй хъæуы æнæмæгхъæуæг техникон бæстыхай саразын.

Бибылты Анатоли сабидонмæ æр-бацыд лæвæрттимæ, сывæллæттæн балæвар кодта алыгъуызон хъазæнтæ. Президент ма йæ цæст ахаста, сабидоны алыварс цы территории ис, ууыл æмæ йæ хъуыдытæ загъта территори хæрзарæзтадмæ æркæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.