Республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы Централон комитет æвдисы йæ катайдзинад парламентон фылдæр хайы партийы зынгæ минæвæртты, «сау» пиары методтæй пайда кæнгæйæ, дарддæр дæр дискредитаци кæнынмæ кæй фæлварынц, уый фæдыл.

Ацы хатт та интригæты æмæ чъизи дам-думты бын бахаудта депутат Тедеты Бахва. Йæ ныхмæ райтынг æрцыд хахуыргæнæн кампани, æнæхъола æмæ абсурдон аххосæгтæ парахат кæнгæйæ. Дам-думты автортæ куыд æнхъæлдтой, уымæ гæсгæ хъуамæ цæрæнбонтæм баныгæдтаиккой фæсивæды ‘хсæн популярон спортсмены авторитет, кæцы бирæ азты дæргъы хъахъхъæдта Ирыстоны кад алыгъуызон спортивон фæзуæтты. Провинциалон интриганты бахъавд уыд хуымæтæг – Тедеты Бахвайы цæмæй аххосджын кæнынц, уый æнæрайсгæ æмæ хъæддагдзинады хуызæн у æрмæст традицион кавказаг æхсæнадæн нæ, фæлæ кæцыфæнды цивилизацион паддзахадæн дæр. Хъы-гагæн, хуссарирыстойнаг иуæй-иу афтæхуыйнæг æхсæнадон архайджытæ, сæрмагондæй, Парламенты раздæры депутат Тасойты Димитр, кæцы тард æрцыд парламентæй, депутаты уагахст ын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ, зæрдæрайæ райдыдта йæ разæдæры коллегæйы æфхæрын. Раст информаци нæ зонгæйæ, Тасойты Димитр йæ сæргъ кæмæн лæууы,  йæ уыцы мификон организаци «Боевое содружество»-йы номæй батагъд кодта Интернеты хызæджы чъизи дам-думтæ парахат кæныныл.

Фæлæ «сау» пиары ‘руаджы чи сахуыр сты сæ политикон оппоненты дискредитаци кæныны фæдыл сæ разы æрæ-вæргæ хæстæ къухты бафтын кæныныл, уыдоны плæнттæ фæсыкк сты. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты фылдæр хай нæ баууæндыдысты бынтондæр æнæбындур дам-думтыл.

Уыимæ иумæ, мах бахъуыд банысан кæнын, Тедеты Бахва кæй ссис æр-мæстдæр чъизи æмæ æдзæсгом архайджыты радон амæттаг, уырны нæ уый дæр, æмæ уый фæстаг кæй нæу. Чъизи дам-думтæ рагæй фæстæмæ систы хуссар-ирыстойнаг æхсæнадыл къухдариуæгад кæныны уарзон метод, дам-думты ‘руаджы бирæ хæттыты сдискредитаци кодтой патриотты æмæ паддзахадон кусджыты, кæцыты архайд здæхт уыд Ирыстоны хæрзиуæгмæ.

Уыимæ ахæм чъизи дам-думты автортæ иу хатт дæр конд не ‘рцыдысты бæрдзинадмæ. Уый фæдыл парти «Иугонд Ирыстон»-ы Централон комитет Респуб-ликæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæй домы депутат Тедеты Бахвайы ныхмæ чъизи кампани чи рапарахт кодта, уыцы æххæстгæнджыты æмæ закъазгæнджыты сбæрæг кæнын æмæ сæ закъонмæ гæсгæ карзæй бафхæрын. Уымæй дарддæр, æнæмæнгхъæуæгыл нымайæм ацы хъуыддаджы фæдыл гом тæрхондонон процесс ауа-дзын, кæцы суыдзæн ахæм чъизи кампанитæй не ‘хсæнады фервæзын кæныны саразгæ къахдзæф.

Ноджы дæр нысан кæнæм, ацы уавæры æнæфхæрддзинад æрмæстдæр ахъаз кæндзæн проблемæ фæвазыгджындæр кæнынæн, ахæмты рохтæ суæгъд кæн-гæйæ, кæцытæ сæ нысæнттæ къухты бафтын кæныны тыххæй æппындæр ницæуыл æлгъ кæнынц.

РПП «Иугонд Ирыстон»-ы Централон Комитеты уæнгтæ:

Уалыты Мадинæ

Уалыты Розæ

Гæбæраты Юри

Габатты Алан

Гæбулты Индирæ

Гæджиты Эмилия

Гаглойты Алан

Гасситы Петр

Дзукъаты Вилорд

Къацты Филипп

Кæсойты Ацæмæз

Кокойты Маирбег

Мамиты Инал

Сиукъаты Олег

Тадтаты Алан

Тасойты Барис

Тедеты Бахва

Тыджыты Сергей

Хацырты Филипп

Цоциты Игорь

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.