2018 азы 31 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №9 Барамындæй фидаргонд, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг    хъуыддæгты министрады тыххæй уагæвæрдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

1. 2018 азы 31 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №9 Барамындæй фидаргонд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады тыххæй уагæвæрды 2.1 пунктмæ бахаст æрцæуæд ивындзинад, ахæм редакцийæ йæ ныффысгæйæ:

«2.1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ архайд æххæст кæны комкоммæ æмæ дипломатон кæнæ æндæр минæварадты руаджы, афтæ  ма Республикæ Хуссар Ирыстоны консулон уагдæттæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварадтæ æхсæнадæмон æмæ æхсæнхицауадон организациты цур (дарддæр – фæсарæйнаг уагдæттæ)».

2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Президент БИБЫЛТЫ Антоли

г.Цхинвал, 2020 азы 3 июль

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.