Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Боливариаг Республикæ Венесуэлæйы Президент Николас Мадуройæн Хæдбардзинады боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Президент!

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ дын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын венесуэлæйаг адæмæн Боливариаг Республикæ Венесуэ-лæйы Хæдбардзинады боны цытæн.

1811 азы 5 июль дунейы историмæ бахызт куыд историон рæстдзинады бæрæгæбон – Венесуэлæ хæдбардзинад куы райста. Уыцы бæрæгбон ист æрцыд бирæ адæмы царды аргъæй, кæцымæ венесуэлæйаг адæм тырныдта æмæ тох кодта.

Абон Венесуэлæ у хæдбар паддзахад, кæцы арæзт у æмæ уæвынад кæны йæ адæмы тыххæй, кæцы стыр хайбавфæрд хæссы æхсæнадæмон барты фундаменталон принципты хъахъхъæнынмæ, паддзахадты суверенон æмбарад сфидар кæнынмæ.

Хуссар Ирыстоны адæм бузныджы æнкъарæнтимæ хъуыды кæндзысты Венесуэлæйы фарсæрдыгæй хæларадон акт, нæ республикæйы паддзахдзинад кæй банымадта. Ныфс мæ ис, нæ паддзахадты ‘хсæн цы æууæнкдзинады æмæ хæлардзинады ахастытæ сæвзæрд, уыдон дарддæр дæр кæй рæздзысты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.