2015 азы 2 ноябры «Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрæгбонон æмæ зæрдылдарæн къæлиндар сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты  №255 Барамындмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй»

1. 2015 азы 2 ноябры «Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрæгбонон æмæ зæрдылдарæн бонты къæлиндар сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №255 Барамындмæ хаст æрцæуæд ивындзинæдтæ. 1-аг пункт ног абзацæй баххæст кæнын ахæм хуызы:

«20 июнь-ирæтты геноциды амæттæгты мысæн бон»;

Æртын фæндзæм абзац нымад æрцæуæд æртын æхсæзæмыл;

Абзацтæ æртын фæндзæм-æвдайæм нымад æрцæуæд абзацтæ æртын æхсæзæм-æвдай фыццæгæмыл.

2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал,

2020 азы 5 март

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамынд

Зæрдылдарæн бон снысан кæныны тыххæй

Ирæтты геноциды амæттæгты рухс ном сæнусон кæныны нысанæн уынаффæ кæнын:

1. Республикæ Хуссар Ирыстоны фидаргонд æрцæуæд зæрдылдарæн бон – 20 июнь – ирæтты геноциды амæттæгты мысæн бон.

2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2020 азы 5 март

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.