Æппæт дунейы сылгоймæгты цытæн цы бæрæгбон фæнысан кæнынц, уый у уалдзæджы бæрæгбонтæй сæ иууыл рæсугъддæр, хъармдæр, фæлмæндæр цинхæссæг бæрæгбон.

Уалдзæджы æрбалæуд цыма адæймагæн тых æмæ хъару, ныфс æмæ уæнгрогдзинад радты, афтæ фæхаты йæхи. Æмæ афтæ дæр у, уымæн æмæ æрдз фендæргъуызон вæййы, бацæуы дзы уд æмæ цардмæ ракæсы ныфсджындæрæй.

Уалдзæджы райдиан… 8-æм март…Сылгоймаг… Иууыл уæздандæр æмæ рæсугъддæр æр-дзон сконд. Уымæ гæсгæ уалдзæджы æрбалæудимæ фæнысан кæнæм Сылгоймаджы æппæт дунеон бон – 8-æм март. Уый тыххæй æмæ сылгоймагимæ царды бирæ хæрзиуджытæ ис баст. Сæйраджыдæр, сылгоймаг у ныййарæг мад æмæ уымæн та йæ фæлмæн зæрдæ абарæн ницæимæ ис. Нæ Ирыстоны зæххыл уæлдай кад кодтой кæддæриддæр сылгоймагæн, йæ ном ын хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау, йæ кадæн ын кодтой кад. Уый та хуымæтæджы афтæ нæу. Царды афтæ сфæлдыста нæ раттæг Хуыцау æмæ зæххыл æнæ сылгоймаг цæрæн æмæ уæвæн нæй. Уымæн æмæ сылгоймаг у царддæдтæг, хъомылгæнæг, цардаразæг æмæ хæдзары фарн хъахъхъæнæг. Ныры дуджы дæр сылгоймаг цардарæзты алы фадыджы дæр исы активон хайад, ис ын егъау нысаниуæг æхсæнадон царды. Ахæмты æхсæн вæййы уæлдай цæвиттойнагдæртæ æмæ сæ ном айхъуысы дардыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн сæ кадæй кадджын вæййынц куыд сæ бинонтæ, афтæ паддзахад дæр.

Ацы бонмæ сылгоймæгтæн фæзæгъынц иууыл хуыздæр фæндиæгтæ. 8-æм марты бæрæгбоны алкæй дæр бафæнды, цæмæй сæ уарзон, се ‘ввахсдæр сылгоймæгтæн, сæ ныййарджытæн, хотæн, æнатæн æмæ æндæртæн зæрдæбын арфæтæ, хъарм, рæсугъд ныхæстимæ бакæной адæймаджы зæрдæйæн æхцонхæссæг зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уæдæ хуссарирыстойнаг сылгоймæгтæ дæр сæ уалдзыгон бæрæгбоны цытæн æрвылаз дæр райсынц бирæ алыгъуызон зæрдæбын арфæтæ. Ацы аз дæр 6-æм марты Сылгоймæгты æппæтдунеон боны цытæн Цхинвалы киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын мадзал «Славной дочери Осетии», зæгъгæ. Нæлгоймæгтæ зæрдиаг арфæтæ кодтой сылгой-мæгтæн. Мадзалмæ хуынд æрцыдысты нæ республикæйы дзыл-лæйад. Сылгоймæгтæм арфæ кæнынмæ æрбацыдысты нæ республикæйы къухдариуæгад РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй.

Мадзалы райдиан бæрæгбонмæ æрбацæуæг сылгоймæгтыл киноконцертон зал «Чермен»-ы фойейы нæлгоймæгтæ æмбæлдысты арфæйы ныхæстимæ æмæ сын мидбылхудгæйæ лæвар кодтой дидинджытæ æмæ лæвæрттæ. Иудзырдæй, алкæуылдæр æмбæлдысты цины æнкъарæнтимæ æмæ афтæмæй алы сылгоймаг дæр йæ бынат ссардта аив фæлыст залы.

Цытджын мадзал райдыдта бæрæгбонон æмдзæвгæтæй, цыран дзырд цыдис йæ бæрзондзинад сылгоймагыл, ныййарæг мадыл æмæ уалдзæгыл.

Сылгоймæгтæм арфæтимæ рахызт  Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Ана-толи. Уый æппæт Ирыстоны сылгоймæгтæн загъта зæрдиаг арфæйы ныхæстæ. «Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ сылгоймæгтæ –  мæдтæ, нанатæ, хотæ, чызджытæ! Абон мах нысан кæнæм 8-æм марты бæрæгбон æмæ мах хъуа-мæ бæрæгбоны цытæн ссарæм рæсугъд ныхæстæ, кæцыты аккаг сты нæ зынаргъ сылгоймæгтæ. Уымæн æмæ сылгоймаг махæн лæвар кæны æрвылбонон æмæ æрвылсахатон амонд, циндзинад æмæ цард.

Мæ бон нæу ма равдисон сæрыстыр кæй дæн нæ ахуыргæндтæй, интеллигенцийы, æхсæнадон организациты минæвæрттæй, дохтыртæй, ахуыргæнджытæй, культурæйы архайджытæй, кæцытæ сæ куыст æмæ Райгуырæн бæстæмæ æмæ адæммæ уарзондзинадæй уæзгæ хайбавæрд хæссынц не ‘хсæнад æмæ республикæйы рæзтмæ. Мæ сæрæй уын ныллæг кувын сымахæн, нæ зынаргъ сылгоймæгтæ. Ут нын кæддæриддæр æнæниз æмæ æнæ маст. Царды цыдæриддæр хæрзиуджытæ ис, уыдонæй се ‘ппæтæй дæр хайджын ут!».

Бæрæгбоны цытæн ма Ирыстоны æппæт сылгоймæгтæн музыкалон арфæтæ кодтой нæ республикæйы æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы популярон зарæггæнджытæ дæр. Уыдон æхсæн уыдысты: Дауыраты Эдуард, Харебаты Вадим, Гуыцмæзты Георги, Багаты Шота, Санахъоты Алан æмæ æндæртæ. Сылгоймæгтæн ма инсценировкæйы хуызы хъæлдзæг æмдзæвгæтимæ арфæ ракодтой нæ республикæйы скъолаты кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ дæр.

Бæрæгбонон мадзал организацигонд æмæ уагъд æрцыдис нæ республикæйы Культурæйы министрады хъæппæрисæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.