Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик хайд райста Ахуыргæнæджы боны цытæн уагъд бæрæгбонон мадзæлтты. Уый ахуыргæнджытæн æмæ ацы фадыджы ветерантæн загъта бузныджы ныхæстæ сæ фæллой, энтузиазм æмæ сывæллæттæм уарзондзинады тыххæй. Уый æрымысыд, иууыл зындæр азты ахуыргæнджытæ сæ куыст кæй нæ ныууагътой, уæддæр æмæ дарддæр иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл кæй æххæст кодтой хъомылгæнæ арфæйагджы хæстæ.

Министрты кабинеты сæргълæууæг ма банысан кодта, йæхæдæг дæр республикæйы ахуыргæнджыты æмæхсæнады хай йæ кæй у æмæ хорз кæй æмбары педагогон фæллойы сусæгдзинæдтæ.

«Æз Дменисы астæуккаг скъолайы фæкуыстон æртæ азы, уый фæстæ та бирæ æндæр ахуырадон уагдæтты дæр. Уымæ гæсгæ мæнæн мæ бон у зæгъын, ахуыргæнæджы фæллой мын æнæзонгæ кæй нæу, аргъ æмæ кад кæнын æмæ уыцы хъуыддаджы хайад чи исы, æппæт уыцы адæмæн. Абон республикæйы ахуыргæнджытæ фыдыбæстæйон ахуырады традицитæ хъахъхъæнгæйæ, уыимæ иумæ пайда кæнынц ахуырады ног методикæйæ. Уый бæлдвырд цæуы не скъоладзуаты бæрзонд фæстиуджытæй олимпиадаты æмæ алыгъуызон гуырахсты конкурсты», – банысан кодта Хицауады сæргълæууæг.

Пухаты Эрик ма загъта, зæгъгæ, республикæйы бирæ арæзт цæуы ахуырады гъæд фæбæрзонддæр кæнынæн, ахуыргæнæджы профессионалон рæзтæн уавæртæ саразынæн, ахуыргæнæджы кад æмæ социалон статус фæбæрзонддæр кæнынæн. Уый ныфс бавæрдта, ацы фадыджы куыст дарддæр кæй цæудзæн.

Паддзахады сæргълæууæг ахуыргæнджытæн фидар æнæниздзинады фæндиæгтæ, курдиатджын æмæ уæздан ахуырдзаутæ, æмæ сæ фæндтæ æнтысджынæй цы сæххæст уой.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.