Ног ахуыры азы фыццаг бон РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик уыдис Ленингоры поселочы ногарæзт уырыссаг астæуккаг скъолайы цытджын линейкæйы. Ацы скъола байгом республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæйы фæлгæтты.

Пухаты Эрик зæрдæбынæй раарфæ кодта коллективæн, ахуыргæнинæгтæн æмæ æппæт цæрджытæн дæр Зонындзинæдты боны цытæн, йæ цæст сын бауарзта æнтыстытæ.

«Арфæ уын кæнын ацы зынгæ бæрæгбоны цытæн æмæ нырыккон скъола кæй байгом, уый тыххæй. Ацы скъолайы банымайæн ис Цæгат Кавказы хуыздæр скъолатæй сæ иуыл, – банысан кодта Хицауады Сæрдар.  Ам арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр, цæмæй организаци æрцæуа гъæдджын ахуырадон процесс, цæмæй ахуыргæнинæгтæ исой алыварсон зонындзинæдтæ æмæ цайдагъдзинæдтæ. Президенты æмæ республикæйы æппæт разамынады номæй мæн фæнды бузныг зæгъын Уæрæсейæн йæ алыварсон æххуысы тыххæй, уыцы нымæцы ахæм ахсджиаг къабаз, куыд ахуырады рæзты фарстыты».

Æрæмбырдуæвджытæн хорз фæндиæгтæ загъта Уæрæсейы Федерацийы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов дæр.

«Скъолайы байгом у кæддæриддæр бæрæгбон, уæлдайдæр та ахæм нырыккон æмæ комфортон скъола. Ныфс мæ ис, ног скъолайы арвитгæ азты ахуыргæнинæгтæ кæй бадардзысты сæ зæрдыл иууыл хуыздæр тæлмæнтимæ. Мæнæн æхсызгон у сымахæн иууылдæр раарфæ кæнын, сывæллæттæн мæ цæст уарзы æнтысгæ ахуыр, ахуыргæнджытæн дæр æнтыстытæ æмæ ныййарджытæн та – быхсындзинад æмæ тыхтæ хъомылады зын хъуыддаджы», – загъта уæрæсейаг минæвар æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, ахуырады фарстытæ дарддæр дæр приоритетон кæй уыдзысты, Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн цы æххуыс кæны, уым.

Ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæн ног скъолайы байгомы цытæн зæрдæбынæй раарфæ кодта ацы районæй рацæугæ, ахуыргонд, ХИПУ-йы ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент Битарты Зойæ.

«Уый у стыр диссаджы лæвар нæ райгуырæн уæзæгæн, – загъта Битарон. – Иттæг ахсджиаг у, цæмæй сывæллæттæ ахуыр кæной, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм скъолаты. Рæстæгимæ хъæуы æмдзу кæнын. Хъомылгæнæджы, ахуыргæнæджы куыст æнæуый дæр вазыгджын, гуырахстджын у, æмæ хорз у, æмбæлон куы уой куысты уавæртæ, ифтонг куы уой техникон базæйæ. Мæ зынаргъ æмзæххонтæ, мæ цæст уын уарзы фæрныгад æмæ æнтыстытæ. Уадз, сывæллæттæ ацы диссаджы скъолайы хъуыды æмæ аргъ кæной сæ ахуыргæнджытæн, куыд сæ хъуыды кæнын æмæ сын аргъ кæнын æз. Æмæ уадз, скъолайы ахуыргæнинæгтæ цæуой зонындзинæдты бæрзæндтæм æмæ фæстæмæ здæхой сæ райгуырæн зæххмæ, цæмæй йын пайда хæссой», – загъта Битарты Зойæ.

Ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджыты адресыл ма зæрдæбын фæндиæгтæ загътой Россотрудничествойы минæвæрттæ дæр.

Мадзалы бæрæгбонон хайы фæстæ æрæм-бырдуæвджытæ иу минут æмырæй алæугæйæ ссардтой, 2004 азы Беслæны теракты амæттæгты рухс нæмттæ. Скъолайы коллективы номæй Хуссар Ирыстоны разамынадæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы официалон минæвæрттæн бузныг загъта райдиан кълæсты ахуыргæнæг Цоциты Заирæ. Уымæ ацы аз фыццаг къласмæ æрбацыдысты 5 сывæллоны.

Цытджын линейкæйы уыдон кастысты æмдзæвгæтæ æмæ стæй,ахуыргæнджытæн дидинджытæ балæвар кæнгæйæ, уазджыты къухæмдзæгъды бын бацыдысты сæ къласмæ.

Уырыссаг скъолайы æдæппæт ахуыр кæны 64 ахуыргæнинаджы. Уыдон ахуыр кæндзысты уæрæх, райдзаст кълæсты, фæллойадон кабинеттæ ифтонг сты инструменттæй, ис сын цалдæр спортивон фæзуаты, хæрæндон, эксперименталон зæххы фадыг æмæ æндæртæ.

Хицауады номæй скъола райста компьютерон комплект, лæвæрттæ ма сын радтой уæрæсейаг арæнгæрон службæйы службæгæнджытæ, Ахуырады министрад æмæ парти «Иууон Ирыстон».

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.