РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик фембæлд арæнгæрон Арцеуы хъæуы цæрджытимæ. Фембæлды ма хайад райстой постконфликтон бæстонкæнынады фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат æмæ Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой ахуырады, æнæниздзинады, транспортон бастдзинады, афтæ ма хъæууон цæрджыты бирæ азты дæргъы цы проблемæ тыхсын кæны уый – Гуырдзыстонимæ арæныл хизыны фарстытыл.

Цæрджытæ куыд бамбарын кодтой, уымæ гæсгæ бынæттон медицинон пункты ис медицинон хотæ, фельдшер, фæлæ дзы нæй, иудадзыг бынаты чи уа, ахæм дохтыр, кæцы бындуронæй æндавы цæрджыты медицинон лæггæдты гъæдыл. Афтæ ма хъæууон цæрджытæн æнæмæнгхъæуæг у скъолайы кары агъоммæйы уагдон, кæд хицæн бæстыхай нæ, уæд фæлтау сæ фæндонмæ гæсгæ скъолайы базæйыл. Сæ къух сын нæ аразы Цхинвалимæ транспортон бастдзинады график дæр.

Фæлæ хъæуы цæрджытæ уæддæр сæ сæйраг проблемæйыл нымайынц Республикæ Хуссар Ирыстоны паспорттæ райсын æмæ арæныл ахизыны уавæр, кæцы стыр ныхдур у арæны дыууæ фарсæрдыгæй чи цæры, уыцы хæстæджыты ‘хсæн.

Пухаты Эрик лæмбынæг байхъуыста хъæуы цæрджытæм æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ам цы фарстыты тыххæй фехъусынчындæуыд, уыдоны тыххæй зоны Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ этапгай скъуыддзаг цæудзысты. Фыццаг рады, Хицауады Сæрдар аскъуыддзаг кæндзæн медицинон кадрты хъуагдзинад æмæ транспортон бастдзинады проблемæ.

«Нæ хæс у хъæуы цæрджыты нормалон медицинон лæггæдтæй сифтонг кæнын, кæд æмæ хъæуы кусын кæй фæнды, ахæм кадрты хъуагдзинад æййафæм, уæддæр, æмæ регулярон транспортон бастдзинад. Скъолайы кары агъоммæйы уагдон саразыны тыххæй мæ бон зæгъын у, махмæ кæй архайы специалон программæ районты сывæллæтты цæхæрадæтты арæзтады фæдыл, кæцы планонбæрцæй реализаци цæудзæн.

РХИ-йы æмбæстагдзинад райсыны æмæ Гуырдзыстонимæ арæныл фæхуымæтæгдæрæй уадзыны пункт саразыны фарстытæ не сты Хицауады хæстæ, фæлæ – Æдасдзинады паддзахадон комитеты, Æдасдзинады советы, æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хæстæ».

Хъæуы цæрджытæ баныфсæвæрдтой, сæ домæнтæ ныффыссынæй æмæ сæ æмбæлон инстанцитæм дыккаг хатт арвитынæй.

Йæ рады, Пухаты Эрик ныфс бавæрдта, Хицауады компетенцийы цы фарстытæ сты, уыдоны аскъуыддзаг кæныны сын кæй баххуыс кæндзæн, уымæй.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.