Президент Бибылты Анатоли уыд Дзауы районы рауагъдонты балы.

Традиционæй сырх гауызыл сæ фидæны рухс фæндагмæ рафæндараст сты Дзауы астæуккаг ахуырадон скъолайы æмæ скъола-интернаты, Хуыцъе æмæ Хъемултайы скъолаты 43 рауагъдоны.

Рауагъдонтæм сидгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, рауагъдонтæ тынг хорз æмбарынц, цæмæй æнтыстджын фидæн сара-зай, уый тыххæй куыд ахсджиаг сты дарддæры зонындзинæдты райст.

«Сымахæн мæ фæнды, цæмæй уæ царды фæндагыл ма æмбæлат цæлхдуртыл! Уадз, уæ къахдзæфтæ ахъаз уæнт уæ дарддæры æнтыстытæн æмæ хæрзиуæгон цардæн! Мæн уырны, уæ ныййарджытæ дæр æмæ уын ахуыргæнджытæ дæр кæй радтой ахæм хъомылад, æмæ куы фæкæлат, уæддæр уæ къахыл кæй слæудзыстут æмæ ныфсджынæй дарддæр кæй ацæудзыстут, уæ къахыл куы слæууат, уæд та уæхицæй кæй не ‘ппæлдзыстут.

Архайут, цæмæй уæм уа адæймагдзинад, уæ царды иууыл ахсджиагдæрыл нымайут адæммæ ахаст. Цыфæнды бынæтты ма кусат фидæны, уæддæр хъуыды кæнут уыцы республикæйыл, кæцы уæ схъомыл кодта æмæ уæм æнхъæлмæ кæсы.

Уæ дарддæры царды уын мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ!» – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.