Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын мæхи номæй арфæ кæнын Архивы кусджытæн зынгæ бæрæгбон – Хуссар Ирыстоны архивон службæйы сырæзтыл 95 азы сæххæсты цытæн.

Ацы азты райстæуыд куысты егъау фæлтæрддзинад республикæйы документон бын уæрæх кæнын æмæ хъахъхъæныны фæдыл. Архивы æмбырд æрцыдысты æмæ æфснайд сты нæ бæстæйы тыххæй æрмæджытæ, уагдæттæ æмæ организациты тыххæй æнæмæнгхъæуæг информаци. Æмæ нæ бæстæйæн зын 1990-2000 азты, Хуссар Ирыстоны территорийыл куы цыдысты хæстон архайдтытæ æмæ бирæ организацитæ куы ныууагътой сæ архайд, архивы кусджытæ архайдтой архивон фонд бахъахъхъæныныл, архивы цы документтæ æвæрд æрцыд, уыдон бахъахъхъæныны ахсджиагдзинад æмбаргæйæ.

Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын уæ зын, фæлæ ахсджиаг æмæ пайдаджын куысты тыххæй æмæ уын мæ цæст уарзы сабырад, хорздзинад, фæрныгад, æнтыстытæ уæ куысты, кæцыйæн сымах уæ цард снывонд кодтат.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.