Ирон адæм буц æмæ сæрыстыр сты, сæ генион Къостайæ. Уый цы диссаджы уацмыстæ сфæлдыста, уыдон, хуры зæлдаг тынтау, тавынц йæ адæмы æмæ йын æнустæм мысдзысты йæ рухс ном. Хетæджы фырт ахызт Иры арæнтæй æмæ зындгонд сси дунейы бирæ адæмтæн, йæ æнæмæлгæ уацмыстæ йын кæсынц сæхи æвзæгтыл.

Къоста йæ удæгасæй иууыл уарзондæр ссис, цы зæххыл райгуырд æмæ кæм бахъомыл, йæ сæр нывондæн цы иубæстон адæмы амондджын царды тыххæй нæ бавгъау кодта, уыцы мæгуыр дзыллæйæн. Стыр адæймаджы тыххæй дзæвгар цыдæртæ сырæзт æмæ дарддæр дæр арæзт цæудзæн. Иу ахæм бынат ын ис Цхинвалы Бæстæзонæн музейы дæр æмæ хуыйны «Къостайы хайад». Уый йæ байгомæй фæстæмæ уарзон ссис, поэзи, литературæ æмæ аивад уарзон кæмæн у, стæй ма сфæлдыстадон архайдмæ йæ гæрзтæ чи рабаста, æппæт уыдонæн. Ацы музейы директор, поэт Зассеты Мераб куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ «Къостайы хайад» у ахæм бынат, цыранмæ æрбамбырд вæййынц, поэзи чи уарзы, аивадон уацмыстæ чи фыссы æмæ литературон æвзаг уарзон кæмæн сси, ахæмтæ. Поэзийы изæртæ æмæ фембæлдтытæ уадзынæн ис стыр нысаниуæг æмæ ахадындзинад, уым сæм райгуыры ног уацмыстæ, стæй ма зонгæ кæнынц иу кæнæ иннæ поэты сфæлдыстадимæ, стæй сæхæдæг дæр тырнынц поэзи æмæ аивады æвæрæнтæй сæхи схотыхджын кæнынмæ.

Хайадмæ æрбацæуджытæ базонгæ вæййынц, музейы кусджытæ сæхæдæг цы нывтæ бацæттæ кодтой, уыдонæй конд йæ райгуырæн хъæу Нармæ. Ам ма сты, йæ рæстæджы цы адæймæгтимæ цард æмæ æмбæлд, уыдоны къамтæ дæр. Уымæй дарддæр ма ацы хайады сты, Къоста йæхæдæг кæй сфæлдыста, ахæмтæ дæр  æмæ ардæм æрбацæуджытæн уыдон сты уæлдай зынаргъдæр. Дарддæр Зассейы фырт куыд радзырдта, афтæмæй музейы цы портреттæ ис, уыдонæй иуты фарон аз арвыстой эрмитажмæ æмæ сæ фенынмæ цыдысты тынг бирæ аивадуарзджытæ, сæвзæрын сæм кодтой стыр цымыдис.

Музейы «Къостайы хайад» у цымыдисон æмæ ныфс бавæрæн ис, рæстæджы цыдимæ йæ авналæнтæ ноджы кæй фæуæрæхдæр уыдзысты, стæй ма кæй фæхъæздыгдæр уыдзæн, уый уыдзæн æнæмæнг.

                                                        ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.