Мыхуыры рацыдысты курдиатджын поэт Гатыгкоты Эдуарды æм-дзæвгæты дыууæ æмбырдгонды – «Мæ саудзыкку чызг» æмæ «Царды фæндагыл».

Чиныг «Мæ саудзыкку чызг» райдыдта æмдзæвгæйы ахæм рæнхъытæй: «Цырагъау судзгæ уарзт нæ хуыссы! Уый дары зынг мæ рыст зæрдæйы… Дæ ном дын, куыд Къоста Аннæйы, Мæлæтмæ дардзынæн мæ риуы!».

Æрмæст ацы рæнхъытæ бакæсгæйæ дæр ирдæй зыны поэты зæрдæйы хъынцъым, йæ зæрдæ йын стыр маст кæй хæры, уый. Эдуард бæргæ амондджын уыд йæ цардæмбал Къæбулты Гулоимæ (Белæ),  Стыр Хуыцауы цæст сын бауарзта æртæ хъæбулы æмæ амондджын царды азтæ. Фæлæ сын уыцы   амондджын цард бирæ нæ ахаста. Цалдæр азы размæ Ног азы къæсæрыл æнæнхъæлæджы трагико-нæй фæмард йæ уарзон цардæмбал Гуло. Эдуард йæ зæрдæмæ ныхъхъуыста æмæ дзы райхъуыст уæззау хъæрзын. Уæдæй фæстæ-мæ йæ зæрдæйы рыст æмæ маст, йæ дудгæбоны æнкъарæнтæ фыссын райдыдта æмдзæвгæты хуызы. Афтæ фæзынд йæ риссаг зæрдæйы тæгтæй ратæдзгæ æмдзæвгæты стыр цикл æмæ сæ фæстæдæр рауагъта чиныг «Цæстысыг згъæлы». Ныр та йын мыхуыры рацыд æмдзæвгæты æмбырдгонд «Мæ саудзыкку чызг», зæгъгæ, ахæм номимæ, цыран æдæппæтæй мыхуыр æрцыд 91 æмдзæвгæйы. Чиныджы редактор у поэтессæ Чехойты Оля. Гатыгкоты Эдуард Чехойты чызгæн зæгъы стыр бузныг, ацы чиныг рауа-дзынæн ын цæстуарзонæй кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

Æмбырдгонд конд у æртæ сæргондæй. Сæргонд «Уалдзæгæй фæззæгмæ»-йы мыхуыр æрцыдысты ахæм æмдзæвгæтæ, куыд зæгъæм, «Фæсид мæм», «О, тæхуды!», «Уæззау дзырд», «Къæвда», «Мæ сагъæс», «Уарзт мæлæтæй тыхджын-дæр», «Мæ уарзондзинад», «Сусæг уарзт», «Æгъуыссæг æхсæв» æмæ æндæртæ. Сæргонд «Ивгъуыд бонты сагъæстæ»-йы та – «Сидзæр зæрдæ», «Дæ аккаг ныхас», «Дæ номæн дын донæй дæр кувын», «Уазал уарзт» æмæ æндæртæ. Сæргонд «Ирыстоны хъысмæт мæ сагъæс»-ы сты ахæм æмдзæвгæтæ – «Зары фæндагыл», «Балцы», «Нæ хуссарæй нæ цæгатмæ», «Ирыстон», «Сæрыстыр дæн – ирон дæн», «Ир – мæ удлæууæн», «Хæдбардзинады бон», «Къостайы бонтæ» æмæ æндæртæ.

Бирæ рухс фæндтæ, бирæ рухс хъуыдытæ уыд æмæ ис курдиатджын поэтмæ, æмæ йын уыцы фæндтæ æмæ хъуыдытæ, йæ поэтикон хъару ирддæрæй разындысты йæ æмдзæвгæты æмбырдгонд чиныг «Царды фæндагыл»-ы. Чиныджы фыццаг сыфыл мыхуыр æрцыд поэты æмдзæвгæйы цыппар ахæм рæнхъы. «Царды фæндаг у æнæнцой, – Кæм у лæгъз, кæм та къуыппытæ… Размæйыл цæуы йæ бæлццон, – Куы рæвдзæй, куы та къуырттытæ».

Автор йæ чиныгмæ бахаста 263 æмдзæвгæйы. Æмдзæгæтæ сты поэты зæрдæйы тæгтæй ратæдзгæ ныхæстæй фыст. Ирдæй зыны æмдзæвгæтæ фысгæйæ Эдуард бирæ бонтæ æмæ æгъуыссæг æхсæвтæ кæй арвыста, бирæ хъарутæ сыл кæй бахардз кодта, уый.

Чиныджы редактор у фыссæг Наниты Асиат. Наниты чызг йæ разныхасы фыссы: «Поэт алы дзырды уæнг, алы рифмæйы дæр йе уæнгты, йе нкъарынады арф уадзы, уым æй фæрабар-бабар кæны æмæ йæ стæй уый фæстæ гæххæттыл равæры. Ахæм у Гатыгокоты Эдуард дæр. Уымæн йæ поэзийы аив æмæ ирдæй зынынц фæлтæрты сагъæстæ, æвзонг удты сонт бæллицтæ, сæ сыгъдæг æмæ æвидийгæ æнкъарынады æвæрæнты сусæгдзинæдтæ. Поэты сфæлдыстадæн ис эстетикон нысаниуæг. Йæ поэзийæн табугæнджытимæ ныхас кæны æр-дзон фæзындты, бæлæсты, цæрæгойты, дидинджыты æвзагæй. Алы къутæр, алы кæрдæджы халмæ дæр поэт кæсы цавæрдæр æнахуыр фæлмæн æмæ алæмæтон цæстæнгасæй». Æмæ æцæгæйдæр Эдуарды сфæлдыстады ирдæй зыны Райгуырæн бæстæйы æнахуыр уарзтæй кæй уарзы, уый.

Дардыл æххæссы поэты хъуыды: æрдзы рæсугъддзинад, удгоймаджы мидхъуырдухæн, адæймаджы ахаст йæхимæ, йæ алыварс адæммæ. Поэты алы цыппаррæнхъоны дæр аив æмæ бæлвырдæй зыны йе ‘мрæстæгонты зондахаст, сæ æнкъарæнтæ. Эдуарды поэзийы сæрмагонд бынат ахсы уарзондзинад, дыууæ уды ахаст кæрæдзимæ, стыр уарзты тых. Гатыгкойы фырт йæ поэтикон уацмыстæй бирæты ирдæй равдыста ирон адæмæн сæ уæззау æмæ трагикон ивгъуыд, хæсты дуг, зæйы мæлæтхæссæг тых, Беслæны, 20-æм майы æвирхъау трагеди… Уый тырны ноджы аивдæр, рæсугъддæр æмдзæвгæтæ фыссынмæ. Цæмæй уды æхцондзинад хæсса йæ радтæг адæмæн, размæ кæна мадæлон æвзаджы хъæздыгдзинад Ирыстоны хæрзиуæгæн, нæ фидæны цардæн. Нæ зæрдæ дæр ын зæгъы дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ.

Гатыгкоты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ чингуытæ лæвары хуызы лæвæрд æрцæудзысты республикæйы районты библиотекæтæн.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.