Стыр Октябры революцийы размæ Уæрæсейы цы номдзыд адæм уыд, уыдонæй иу уыд зынгæ политикон æмæ паддзахадон архайæг Петр Столыпин. Бирæ ныхмæвæрд хъуыдытæ æрцыд загъд ацы стыр гоймаджы тыххæй – иутæ йæ абоны онг дæр нымайынц, Уæрæсейыл иууыл æнувыддæр чи уыд, ахæм патриотыл, ис ахæмтæ дæр, Уæрæсейы интересты ныхмæ архайæгыл æй чи нымайы.

Фæлæ иутæн дæр æмæ иннæтæн дæр цард йæхæдæг хуыздæр дзуапп дæтты. Столыпин йæ рæстæджы фыста: «Паддзахад тæссаг уавæры куы бахауа, уæд йæ бон у, хæсджын у, райса иууыл карздæр, иууыл цæхгæрдæр закъæттæ, цæмæй ма ныппырх уа. Афтæ уыд, афтæ у æмæ алы хатт дæр афтæ уыдзæн æнæфæивгæйæ. Уый у æрдзы мидæг адæймаджы принцип, паддзахадæн йæхи æрдзысконды. Хæдзар куы фæсудзы, уæд, сымах, уæздæттæ, батонут кæйдæр хæдзæрттæ, асæттут дуæрттæ, асæттут рудзгуытæ. Лæгмар уæ марынмæ куы хъава, уæд æй амарут. Ацы фæтк нымайынц æппæт паддзахадты дæр. Нæй ахæм закъондæттынад, хицауадæн бар чи нæ радта, цæмæй ма æрурома закъоны змæлд, паддзахадон организм йæ уидагмæ куы нынкъуыса, уæд; ма йын ратта ахæм бартæ, цæмæй æрурома барады æппæт нормæтæ дæр. Уый, уæздæттæ, хъахъхъæнынады æнæмæнгхъæуæг фæрæз у; уый-иу паддзахадты æркодта фæтыхджындæргонд репресситæм, æрмæст хицæн адæймæгты, хицæн категориты адæймæгты репресситæм нæ,  уый-иу паддзахадты æркодта уымæ, цæмæй иууылдæр кæсой иу адæймаджы коммæ, уый-иу æркодта ахæм диктатурæмæ, паддзахады-иу тæссаг уавæрæй чи ракодта æмæ-иу æй чи фервæзын кодта.

Вæййы, уæздæттæ, паддзахадон æнæмæнгхъæуындзинад барадæй уæлдæр куы слæууы, теорион æнæхъæндзинадæй паддзахадон æнæхъæндзинады ‘хсæн æвзарыны сæр куы бахъæуы, ахæм тæссаг паддзахадон рæстæджытæ».

 Столыпины ацы позици рæстæг бирæ хæттыты бафидар кодта, бирæ цæвиттонтæ ис æрхæссæн уый тыххæй ныры дуджы дæр. Зæгъæм, Украинæйы президент Виктор Януковичæн йæ бон уыд, цæмæй спайда кодтаид йæ закъонон бартæй, йæ къухы уæвæг паддзахадон фæрæзтæй, ма фæтарстаид æмæ цыппормилуанон паддзахады халынмæ цы æххуырст бунтгæнджытæ бахъавыдысты, уыдоны сæ бынаты æрбадын кодтаид. Уæд абон Украинæ ахæм уавæрмæ не ‘рхаудаид. Афтæ, Уæрæсейы фæрцы æдасдзинадæй ифтонг чи уыд, уыцы Сомихстоны дæр. Бæстæйы къухдариуæгад йæ бартæй куы спайда кодтаид æмæ Соросы æлхæд адæмæн фæндаг куынæ радтаиккой, уæд абон сæ рустæ хæрдмæ нæ тониккой, сæ фыдæлты зæххы дзаджджындæртæ сæ фыдæлтыккон аргъуантимæ арæнæн æддейæ нæ фæуыдаиккой…

Махмæ та куыд у? Махмæ дæр – афтæ, махмæ дæр уымæ цæуы хъуыддаг! Алчи дæр нæ йæхи политик хоны, алчи дæр нæ йæхирдыгонау раст у, фæлæ мах уавæры хъуамæ уа æрмæстдæр иу политикон рæстдзинад, иунæг рæстаг позици – паддзахад бавæрын, нæ хъæбулты хуыздæрты тугæй æлхæд республикæ знаджы фæндиаг ма фæкæнын.

Абон Хуссар Ирыстон ис, æрмæстдæр нын знаджы цæст кæй бауарздзæн, ахæм уавæры, æмæ кæй аххосæй? Æрмæстдæр – нæхи. Нæхи къухæй, нæхи æнæарæхстдзинадæй, фæлæ знаджы æххуысæй!

Афтæ у, æмæ нæ гæндзæхтæ мауал цæгъдæм, мауал хъæр кæнæм, æртыккаг тых ныл кæй не ‘ндавы, уый тыххæй!

Кæд дзы æртыккаг тых нæй, уæд ныл цы уынгæджы бон ныккодта, цæмæн ныххаудтам ахæм уавæры, алчи нæ йæ куыст, йæ комкоммæ хæстæ цæмæннæ æххæст кæны, нæ къухы афтæ зы-наргъæй чи бафтыд, уыцы паддзахадæн йæ бындур цæмæн къахæм? «Уæлейæ» рæстдзинад нæй, зæгъут? Уас цинтæ уын знаджы уд фена, цас нæм æцæгæй уыдис фылдæр æмæ фыддæр æнæрæстдзинæдтæ «уæлейæ», фæлæ абон фырхъалæй хъылдымцард чи кæны, уыдонæй ма исчи «бойкот» кæнын нæ, фæлæ æрыхснырсын дæр бауæндыдаид!..

Ахæм, уавæры бахауæг паддзахадмæ хауы, гъе, Столыпин æнусæй фылдæры размæ кæй загъта, уый…

Æниу, махмæ паддзахадон цæстæнгас нæй, мах чысыл сывæллæтты хъазтæн дæттынмæ хъавæм паддзахадон нысаниуæг: иугæр хистæр мæ коммæ нæ кæсы,  кæйдæр йæ бынатæй нæ исы, уæд æз мæ куыст нæ кæнын…

Кæй нæ уырны, уый-иу сæ сыхы сывæллæттæм йæ хъус бадарæд, уыдоны ‘хсæн вæййы ахæм цыдæртæ:

«Кæд Аланчикимæ нæ хыл кæныс, уæд æз æмæ Сосик демæ нал хъазæм…».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.