РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады делегацийы, УФ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæры хæдивæг Сергей Истраковы сæргълæудæй.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд æфсæддон-техникон æмгуыстады фæдыл æмæ уый размæ къух фыст цы сразыдзинæдтыл æрцыд, уыдоны парктикон æгъдауæй сæххæст кæныны фарстатыл.

Бибылты Анатоли банысан кодта Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынадон ведомствоты ‘хсæн ахастыты бæрзонд æмвæзад, æмæ ныфс бавæрдта, дарддæр дæр ахæм здæхты кæй цæудзысты.

«Нæ фембæлды нысан у, фыццаджыдæр, æдасдзинады иумæйаг контуры, стæй нæ тыхон стурктурæты æмархайды фарстатæ æмæ плæнттыл лæмбынæгæй æруынаффæ кæнын. Бакæнгæ куыст нын æрхаста æхцондзинад. РХИ-йы æмæ УФ-йы ‘хсæн къухтæ фыст цы бадзырдтæ æмæ уæлæмхас сразыдзинæдтыл æрцыд, уыдон фактон æгъдауæй æххæст æрцыдысты», – загъта уый.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон тыхстдзинад æвдисы «хуссайраг сыхæгты ‘рдыгæй цы проблемон фарстатæ æвзæры уыдон тыххæй. Сæйраджыдæр та, Гуырдзыстоны бахызт НАТО-мæ, биологон лабораторитæ, Гуырдзыстоны æнæразыдзинад тыхæй ма спайда кæныны мемо-рандумыл къух æрфыссыныл».

Уый бузныг загъта Сергей Истраковæн Хуссар Ирыстонмæ ахæм хъусдарды æмæ организацион фарстытæ скъуыддзаг кæныны тыххæй.

«Афтæ хъуыды кæнын æмæ нæ бæстæты хъахъхъæнынадон ве-домствоты ‘хсæн æмархайды ацы бæрзонд æмвæзад кæндзæн уæ-рæхдæр æмæ хуыздæр», – загъта Президент.

УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады Генералон штабы хистæры хæдивæг ныфс бавæрдта, уæрæсейаг хъахъхъæнынадон ведомстойы стыр аргъ кæй кæнынц, сæ къухы цы æнтыстытæ бафтыд, уыдонæн, абоны бонмæ бæрзонд æмвæзадыл цы æмархайад æр-бæстон, уымæн».

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны цы 4-æм æфсæддон базæ ис, уый у сабырад æмæ хæлардзинады гарант. Хуссар Ирыстоны 300 æфсæддонæй фылдæр бацыдысты УФ-йы Гарзджын тыхтæм службæ кæнынмæ.

«Æз уыдонимæ фембæлдтæн æмæ службæйæ сты райгонд. Уымæй уæлдай ма 200 адæймаджы тагъд рæстæджы райстæуыдзæн, рахастæуыд фæндон ноджы 42 адæймаджы службæмæ райсыны тыххæй. Хорз хæстонтæн сæ бон у скъуыддзаг кæнын вазыгджын, бæрнджын хæстæ», – загъта УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады Генералон штабы хистæры хæдивæг.

Сергей Истраков ма банысан кодта, кæй фæнд кæны Хуссар Ирыстоны йæ коллегæтимæ æруынаффæ кæнын хуссарирыстойнаг æфсæддонтæн сæ куыстмыздтæ æмæ уыдоны пенсион ифтонгад фæфылдæр кæныны фарстытыл.

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.