Уый цалдæр азы размæ, ногазон æхсæв уыд. Мæ зонгæмæ изæрырдæм йæ хæрæфырттæй бацыдысты æртæйæ. Йæ цардæмбалимæ сыл бацин кодтой æмæ кæд ногазон фынг рывæрынæн раджы уыд, уæддæр сын фынгыл сæ раз айдзаг кодтой, кæй æрцæттæ кодтой, уыцы хæринæгтæ: нозтытæ, адджинæгтæ æмæ æндæр цыдæртæй. Нозт дæр сæ нæ ферох ис. Нæлгоймæгтæ фынгы фарсмæ цас фылдæр рæстæг бадтысты, уыйбæрц къуымты тынгдæр хъуысын райдыдта сæ хъæлдзæг ныхас, сæ худт. Дзæбæх-дзæбæх куы абадтысты, уæд лæппутæ, æвæццæгæн, ма сæ зæрдæ æндæр кæдæмдæр æхсайдта æмæ сæ иу фысымæн афтæ:

– Диссаджы бадт акодтам, стыр бузныг уын, фæлæ махæн æнæацæугæ нæй.

Чысыл раздæры хъæлдзæгдзинад уадид атад. Ничиуал сæ ницы дзуры, иуылдæр ныхъус сты æрмæст ма фынгæй чысыл фалдæр алыгъуызон хъазæнтæ кæуыл ферттив-ферттив кодтой, уыцы ногазон назбæлас гæзæмæ хуыздæр кæны сæ зæрдæты уаг.

Мæ зонгæйы цы нæ фæфæнды, уый зæгъгæ æмæ аразгæ дæр никуы скæны, фæлæ уыцы изæр, йæ хæрæфырттæм афтæ амæсты æмæ сæм тызмæгæй сдзырдта:

– Цæут æмæ ацыт, лæугæйæ цы баззадыстут?

Лæппутæ фембæрстой раст кæй нæ бакодтой, фæлæ цæмæй сæ мады æфсымæр тынгдæр ма скарз уа, уый тыххæй къултæгæнгæ, кæрæдзийы фæдыл араст сты дуарырдæм.

Мæ зонгæ йæ цардæмбалæн зæгъгæ дæр ницыуал кодта, сыстад, бацыд йæ хуыссæны цурмæ æмæ йæ кæд нырма фынæй кæнын нæ фæндыд, уæддæр хъарм сынтæджы аныгъуылд æмæ чысыл фæстæ райхъуыст йæ хъуыр-хуыр. Йæ цардæмбал ма дис дæр бакодта æмæ, цымæ куы райхъал уа уымæй тарст, уыйау ныллæг хъæлæсæй сдзырдта.

– Æнæрай фæу, дæ сæр базыл куы нæма æрæвæрдтай, уæд куыд тагъд афынæй дæ. – Стæй уый дæр, фынг афснайыны фæстæ,  сынтæгыл æруагъта йæхи. Æнæхъæн бон къахыл арвыста, бæргæ афынæй уыдаид, фæлæ уæдмæ райдыдта ногазон салют æмæ йын йæ гуыппытæм хъуыста хъарм хуыссæны  æхцондзинады æнкъарæнтимæ.

Рацыд ма чысыл рæстæг, мæ зонгæйы кæрты каудуары чидæр хойын райдыдта. Бирæ сæм фехъуыста мæ зонгæ йæхинымæр дзургæйæ, зæгъгæ, цафон уазæгуаты цыд у. Куы æмæ куы нал лæууыдысты, уæд зивæггæнгæ  балæууыд рудзынджы раз. Байгом æй кодта æмæ сæм адзырдта.

– Чи стут, цы уæ хъæуы?

– Мах стæм, мах, дæ хæрæфырттæ.

– Æмæ уæ цы хъæуы?

– Ахæм фарст куыд дæттыс, Ног аз æрбалæууыд æмæ нæ демæ абадын, нæхи бафæдзæхсын фæнды.

– Æмæ уæ кæд мемæ абадын фæндыд уæд мæ фынгыл иунæгæй цæмæн фæуагътат. Ныр улæфыны афон у, ацыт æмæ райсом фæссихор æрбацыт.

– Нæ ацæудзыстæм, хъуамæ демæ абадæм. 

– Нæ ацæудзыстут дзурут, чысыл абадын ма уæ фæнды? – дзургæ бацыд æхсæнгарз цы скъаппы уыд, уырдæм. Æхсæнгарз райста æмæ фæстæмæ балæууыд рудзынджы раз. Æмбæрзæныл иуырдæм ахæцгæйæ æхсæнгарз хæрдмæ фæдардта æмæ – гæрах. Лæппутæн цыдæр фæцис сæ хъæлдзæг ныхас, сæ сым-сым дæр нал райхъуыст, цы фесты уый бæрæг дæр нал уыд. Мæ зонгæ та йæ сынтæгмæ цæугйæ, гæзæмæ йæхинымæр бахудт æмæ афтæ.

– Йеныр ма ацыт, æмæ та ногæй аныгъуылд йæ хъарм хуыссæнты.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.