Гал у зæрдæхæлар цæрæгой. Æмæ йæм æнхъæлмæ кæсæн ис, йæ удыхъæд цахæм у, ахæм ракæндтæм: фæндвидар, ныфсджын, арфæйаг æмæ куырыхон. 2021 аз ацæудзæн Урс Згъæр Галы нысаны бын, – хиуылхæцгæ хуыз æмæ æфсæн характер, уыдон сты азы сæйрагдæр бæрæггæнæнтæ.

Скæсæйнаг къæлиндармæ гæсгæ кæд æрбалæууы Урс Згъæр Галы аз.

Китайаг къæлиндары Ног аз уыцы иу бон нæ нысан кæнынц, уымæн æмæ зымæгон хурхæтæны фæстæ æрхауы дыккаг мæйнæуæгмæ. Афтæ, æмæ Урс Згъæр Галы аз аххæсдзæн 2021 азы 12 февралæй (майрæмбон) 2022 азы 30 январмæ (сабат). Ног аз Китайы нысан кæнынц дыууæ къуырийы, цæмæй равдисой сæ кады æмæ цыты ахаст Галмæ æмæ йын йæ зæрдæ ссарой.

Цахæм уыдзæн Урс Згъæр Галы аз: куыстуарзондзинад æмæ æнцойад.

Дæргъвæтин 2021 азы фæстæ аз ныфс дæтты, æнцой, æдыхст кæй уыдзæн. Уый ацæудзæн куыстыты – хиуыл кусын, фæллой кæнын, кæрæдзиимæ ахастытæ аразгæйæ. Ацы азы цы бавæрат, уый уæм фæстæмæ раздæхдзæн дывæрæй. Гал уарзы намысджын æмæ бæрнон адæймæгты. Иу чысыл афыдæбон кæнут, цæмæй йын йæ зæрдæ ссарат æмæ уын уый дзуапп ратдзæн хæлар æмæ уарзондзинадæй.

Бизнес æмæ финансты хъуыддаджы аз уыдзæн хæрзвадат, уымæн æмæ Гал у аккаг æмæ ныфсджын партнер, финансон æнтыст та кæнгæ у æрмæстдæр уæ куыстуарзондзинадæй. Гал не ʻууæнды тагъд ахъæзныг уæвыныл, уый æнтыстмæ цæуы йæхи фæндагыл æмæ æппæт дæр йæ къухты бафты хъазуат куысты руаджы. Уымæ гæсгæ рог фæндæгтæ агурын нæ хъæуы.

Ахастыты хъуыддаджы ацы азæн иугъуызон саргъгæнæн нæй – Гал уарзы хибарæй уæвын æмæ йæ цардмæ зынтæй уадзы ног адæймæгты. Уый хыгъд бинонты хъуыддаджы кæддæриддæр вæййы æнцойад æмæ æмбарынад. Гал йæхиуыл æууæнды æмæ у æнцойады нысан, уымæ гæсгæ азæй æнхъæлмæкæсæн нæй уæззау зындзинæдтæм. Уæлдай хъусдард здахут уæхимæ, уæ бинонтæм, куыстмæ – уыдонæн Гал кæны стыр аргъ æмæ æппæт амæлттæй дæр ахъаз кæндзæн уæ фæрныгадæн ацы къабæзты.

2021 АЗÆН АСТРОЛОГИОН НЫСÆНТТЫ ИУМÆЙАГ ГОРОСКОП

Фыс (Овен) – 21.03-20.04

Галы аз Фыстæн уыдзæн продуктивон. Сæ бон суыдзæн сæххæст кæной сæ бæллицтæ æмæ сомбоны плæнттæм бахæссой коррективæтæ дæр.

Зымæджы кæрон, гæнæн ис, фæкарздæр уой æввахс адæмимæ ахастытæ. Хуыздæр уыдзæн компромиссыл ацæуын. Уалдзæг ын йæ цардмæ æрхæсдзæн гармони æмæ æнцойад. Фæлæ йæ кусын рох ма хъуамæ уа. Гал ын саргъ кæндзæн йæ куыстæн. Сæрд Фыстæн æрхæсдзæн æнцойдзинад, хорз рæстæг. Фæззæджы сын фадат уыдзæн ахъуыды кæной сæ сомбоныл, карьерæйл.

Гал (Телец) – 21.04 – 20.05

Мысты азы фæстæ, астрологтæ, куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ, Галты фæнддзæн баулæфын, тыхтæ æрæмбырд кæнын, фæлæ сын уый фадат нæ уыдзæн. Азы райдианы сын уыдзæн зындзинæдтæ финансон æгъдауæй, куысты дæр тас у конфликттæй. Уалдзæг сын æрхæсдзæн æхцондзинад, уæлдайдæр хисæрмагонд царды. Ацы нысаны минæвæрттæ, иунæджытæ чи сты, уыдон ссардзысты цардæмбæлттæ. Сæрды рæстæджы февзæрдæр уыдзæн се ʻнæниздзинад тамакодымæг Галтæн. Рæуджыты низтæн хосгæнгæйæ, бахардз кæндзысты дзæвгар ʻхца. Фæззæг Галтæн æрхæсдзæн хорз рæстæг куысты фæдыл фарстатæ аскъуыддзаг кæнынæн, балцыты ацæуынæн. Бизнес чи кæны, уыдон ауæрæх кæндзысты сæ партнерон бастдзинæдтæ.

Фаззæттæ (Близнецы) – 21.05 – 20.06

Афæдзы райдиан Фазæттæн уыдзæн æнтыстджын. Уæлдай æнтыстытæ уыдзæн хъæууон хæдзарады æмæ лæггæдты сферæй архайджытæн. Æнтыстытæ уыдзæн хъуыддагон бадзырдты. Спайда кæнут ацы рæстæгæй, кæцы райдайдзæн 1-æм январæй нæ, фæлæ 12 февралæй. Уалдзæг æрхæсдзæн бирæ тыхстдзинæдтæ, фæлæ уыдон зæрдæйæн æрхæсдзысты æхцондзинад. Сæрды фæбæрæг уыдзæн Фаззæтты зивæгдзинад, афон у куыстырдæм хъусдард аздахын. Фæззæджы зæрæдæйыуаг февзæрддæр уыдзæн стрессты аххосæй. Агурут негативон энерги аиуварс кæныны фадæттæ. Хорз у спорт æмæ медитаци. Зымæгырдæм уавæр фæхуыздæр уыдзæн.

Мыдзбыр (Рак) – 21.06 – 22.07

2021 азы Мыдзбырты бафæнддзæн сæ царды, куысты, сæ алфæмблай, æгæрыстæмæй, сæ дзаумæттæ фæивын. Уый уыдзæн 12 февралæй фæстæмæ. Депресси æмæ æнкъарддзинадæн бынат нал уыдзæн. Уалдзæджы кæрон Мыдзбыртæй иуæй-иутæ сæ цард баиу кæндзысты, кæй уарзынц, уыдонимæ. Сæрды сын нæ уыдзæн, баулæфой, уыцы рæстæг. Сентябры райдианы фæзындзæн зындзинæдтæ куыстуаты. Бинонты æмæ хиуæтты ʻхсæн ахастытæ уыдзысты позитивон. Декабры финансон уавæр февзæрдæр уыдзæн. Нæ хъæуы æнæхъуаджы хæрдзтæ.

Домбай (Лев) – 23.07 – 22.08

Домбайтæн 2021 аз уыдзæн сæ царды иууыл хуыздæр аз. Астрологты хъуыдымæ гæсгæ, цыфæнды хъуыддаг аразын радайын хъæуы уæндонæй.

Азы райдиан уыдзæн цымыдисон. Уалдзæджы фыццаг бонты фæзындзæн зындзинæдтæ хи царды. Фæлæ уыдон тагъд аиуварс уыдзысты. Сæрды фадат уыдзæн улæфынæн, рæстæг æрвитынæн. Сентябры уæ хъустыл æруайдзæн æнæхъуаджы дам-думтæ. Тыхсгæ ма кæнут, уыдон хæлæггæнджыты рымысгæ сты. Декабрь финансонæй нæ уыдзæн стабилон, хæрдзтæ фылдæр уыдзысты æфтиæгтæй. Сплан кæнут уæ бюджет, хæс макæмæй райсут.

Чызг (Дева) – 23.08 – 23.09

Чызджытæн азы райдиан нæ уыдзæн хорз. Нæ хъæуы ног хъуыддæгтæ райдайын. Адарддæр кæнут, зæронд азы цы хъуыддæгтæ райдыдтат, уыдон. Уалдзæджы астæу уавæр фæхуыздæр уыдзæн, баулæфдзыстут, цæмæй уæ тыхтæ æрæмбырд кæнат. Августы бахъахъхъæнут уе ʻнæниздзинад. Гæнæн ис фæкарздæр уой хроникон низтæ. Уæхи бахизут спорты экстремалон хуызтæй. Фæззæг уын æрхæсдзæн бинонты ʻхсæн кæрæдзиæмбарынад. Хъуыддаг ууыл нæ банцайдзæн, афæдзы кæрон æнхъæлмæ кæсут интригатæм. Ахъуыды кæнут, цы сæ хъæуы сымахæй хæлæггæнджыты?

Тæрæзтæ (Весы)  – 24.09 – 23.10

Тæрæзтæн бантысдзæн проблемæтæ æмæ финансонæй дæр сæ уавæр æрбæстон кæнын. Февралы кæронæй Тæрæзтæн сæ хъуыддæгтæ хуыз-дæрырдæм аздæхтысты. Уалдзæг сразæнгард кæндзæн театр, кино, музыкæ æмæ нывкæнынады фадыджы архайæг Тæрæзты æмæ сын уыдзæн сфæлдыстадон æнтыстытæ. Тæрæзтæн иууылдæр апрел-майы уыдзæн стыр æнтыстытæ. Сæрды бинонты ʻхсæн ахастытæ фæхуыздæр уыдзысты. Фæззæджы мæйты серьезонæй ницы уыдзæн, æрмæст бахъахъхъæнын хъæуы хи æнæниздзинад. Декабры уыдзæн æнæнхъæлæджы финансон зындзинад, кæцы æвæстиатæй хъуамæ æрцæуа скъуыддзаг.

Къæдздым (Скорпион) – 24.10 – 21.11

Къæдздымтæн Галы аз уыдзæн сабыр æмæ стабилон. Æцæг, уыдон нæ уарзынц иугъуызондзинад, фæлæ сын фадат уыдзæн сæ психологон уавæр æрбæстон кæнынæн, афтæ ма дæргъвæтин плæнттыл бацархайынæн дæр. Уалдзæджы æхсызгонæй баулæфдзысты, æгæрыстæмæй туристон балцы дæр ацæудзысты. Сæрды мæйты, кæрæдзиимæ хылтæй чи сфæлмæцыд, уыцы бинонты ʻхсæн ахастытæ æрхъарм уыдзысты. Ноябры мæйы ницы фæивдзæн. Декабры стабилон уыдзæн коллегæтимæ ахастытæ, конфликттæ дæр фæстейæ аззайдзысты. Финансон уавæр бынтон стабилон нæ уыдзæн.

Фатæхсæг (Стрелец) – 22.11 – 21.12

Азы райдиан æмæ йæ кæрон дæр æхсызгондзинад æрхæсдзæн Фатæхсæгтæн. Цæмæй фæтых уой финансон проблемæтыл, уый тыххæй фылдæр рæстæг хъуамæ кусой, архайой уæхскуæзæй.  Сæрды рæстæджы хъæуы баулæфын, афтæ ма цæрæнуаты фарста аскъуыддзаг кæнын дæр. Фæззæджы уæ хъус æрдарут уе ʻнæниздзинадмæ, рох уæ ма уæт физикон активондзинад. Зымæджы мæйтæ уын æрхæсдзысты цавæрдæр проблемæтæ, фæлæ сæ æрбæстон кæндзыстут Ног азы размæ.

Сæгъысыкъа (Козерог) – 22.12 – 19.01

Сæгъысыкъайæн 2021 аз уыдзæн тынг æнтыстджын, уымæ гæсгæ алы хъуыддагмæ хъуамæ бавнала уæндонæй. Зымæджы кæрон ацы нысаны минæвæрттæн фæхуыздæр уыдзæн сæ материалон уавæр уæлдай куыстыты фæрцы, кæцы ссардзысты хиуæттæ æмæ æмбæлтты æххуысæй. Сæрды сæ карьерæ фæбæрзонд уыдзæн ʻсфæлдыстадон куыст чи кæны, уыдонæн, афтæ ма дизайнертæ æмæ паддзахадон кусджытæн. Иууыл хуыздæр Сæгъысыкъатæн уыдзæн майы мæй.

Донкалæг (Водолей) – 20.01 – 18.02

Донкалæгæн 2021 азы уыдзæн зындзинæдтæ. Бахъæудзæнис æй баланс æмæ  компромисс агурын. Хъуамæ бацархайа, цæмæй хиуæттæн мацы знаггад æрхæсса. Адæмимæ ахасты ссарын хъӕуы иумæйаг æвзаг. Зымæджы кæрон Донкалæгæн фæхуыздæр уыдзæн йæ материалон уавæр. Фæлæ æгæр хæрдзтæ фæвзæрдæр кæндзысты уавæр. Сæрды кæрон фæлитой адæймæгтæй хи бахизын бахъæудзæн. Фылдæр рæстæг хардз кæнын хъæуы хъуыддæгтæ аразыныл. Информаци-иу сбæлвырд кæнын хъæуы æмæ уый фæстæ та саразын хъæуы хатдзæгтæ. Фæззæджы аразын хъæудзæн сомбоны плæнттæ.

Кæсаг, Кæф (Рыбы) – 19.02 – 20.03

Кæсæгтæн 2021 аз, иннæ нысæнттæм абаргæйæ, уыдзæн тынг хорз. Астрологты ныхæстæм гæсгæ, кæд алы мæй нæ, уæддæр декабры кæронмæ уыдонæн бантысдзæн бæрæг прогресс алы къабазы дæр. Бæрæг æнтыстытæ райдайдзысты февралы кæронæй. Хиуæттимæ ахастытæ дæр æрбæстон уыдзысты. Сæрды хъæуы хорз баулæфын. Куыстуаты дæр сын хорз уыдзæн ахастытæ алкæимæ. Финансон хъуыддæгты равдисын хъæуы арæхстдзинад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.