ЕРЕДЫ ТРАГЕДИЙЫЛ СÆХХÆСТ 30 АЗЫ

Хуссар Ирыстоны ногдæр истори йедзаг у трагикон цаутæ æмæ бонтæй. Уыдонæй алкæмæн дæр йæхи бынат ис. Йæ æбуалгъ æмæ сырдондзинадæй сæрмагонд бынат ис Ереды трагедийæн. Йæ уæззаудзинадæй дунейы алы растхъуыдыгæнæг адæмты зæрдæтæ дæр бакъуырдта.

Ацы трагедийæ рацыд 30 азы, фæлæ уæддæр ирон адæмæй нæ рох кæны, цæргæцæрæнбонты гуырдзиаг фыдхортæ нын кæй аразынц алыгъуызон фыдмитæ. Ирыстоны алы ирон адæймаг дæр ма хъуамæ рох кæна уыцы æбуалгъы цаутæ.

1991 азы 18 марты уæды Ереды хъæуы гуырдзиаг хотыхджын абырджытæ æру-рæдтой «Урал» автомашинæйы. 25 сабырцæрæг ирон æмбæстаджы æфсæйнаджы гæппæлтæй нæмгæйæ, раппæрстой зæх-мæ. Бæлццæттимæ уыд сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Цы 12 нæлгоймаджы уыд се ‘хсæн, уыдон акодтой æбæрæг бынатмæ.

Дæргъвæтин рæстæг уыцы æмбæстæгтæ уыдысты æбæрæгæй сæфт. Хуссар Ирыс-тоны барадхъахъхъæнæг органтæ, хиуæттæ агуырдтой ацы 12 лæппуйы, фæлæ къухты ницы фæстиуджытæ æфтыд.

1993 азы 26 сентябры, дыууæ аз æмæ æрдæджы фæстæ, сусæг информацийы руаджы бæрæг æрцыд, сырдон æгъдауæй фыдмард амынæттæ ныгæд кæм æрцыдысты, уыцы бынат Ереды хъæумæ æввахс.

Уæды цаутæн æвдисæн чи уыд, уыдоны ныхæстæм гæсгæ цы хъизæмæрттæ сын æвзарын кодтой 12 лæппуйæн, уый фæстæ ма удымидæг, афтæмæй сæ уæрмы ныппæрстой, æртаг сыл бакалдтой, басыгътой сæ æмæ сыл басчъил кодтой сыджыт… зæхх змæлыд æмæ сыджыты бынæй хъуыст сæ хъæрзын… Дыгъуызты Важайæн, Джиголаты Альбертæн, Муратæн, Тъехты Черменæн, Адамæн, Джиголаты Ибрагимæн, Дыгъуызты Иванæн, Гобозты Омарæн, Тъехты Махарæн, Дзанайты Ибрагимæн, Гæджиты Гиви æмæ Таймуразæн.

Æхсæнадон организаци «Мысынад»-ы сæрдар Тедеты Заринæйæн дæр йæ цардæмбал Дыгъуызты Важа ацы æдзард бæлццæтты æхсæн уыд. Уæды рæстæджы иумиаг æнамонддзинад æрбангом кодта ацы бинонты æмæ ахæм уавæрты сырæзт организаци 15 азы размæ.

Ныртæккæ ацы организаци архайы, цæмæй сын æмбæлон хорзæхтæ лæвæрд æрцæуа, уымæн æмæ сты уый аккаг. Уыдонæй бирæтæ æрцыдысты Уæрæсейы алы къуымтæй зæрдæйы сидт æмæ бæстæйы раз се ‘мбæстагон хæс æххæст кæнынмæ. Уый тыххæй бирæ хæттыты бахатыдысты хицауадмæ. Ныр архайынц, цæмæй сын лæвæрд æрцæуа æмбæлон хорзæхтæ, уымæн æмæ уыдонæй бирæтæ сæ кар æмæ удыскондмæ гæсгæ æхсæнгарзимæ уыдысты хъахъхъæнджыты рæнхъыты. Уый фæстæ та архайдзысты æфсæддон хорзæхтæ сын радтыны ахсджиаг фарстыл.

Дыууадæсæй иумæ

Тедеты чызджы ныхæстæм гæсгæ йæ цардæмбал Важа Калугæйы горæты куыста. Фæлæ нæ чысыл Ирыстоны знагæй хъахъхъæнын куы бахъуыд, уæд æнæахъуыды-гæнгæйæ æвæстиатæй æрцыд. 1989 азы йæ Ереды æрцахстой, уырдыгæй йæ акодтой Гуры районы Мегъврекъисы хъæумæ. Уым ын иу хуыцауысконд гуырдзиаг лæг баххуыс кодта æмæ раирвæзт знæгты къухæй. Уыцы рæстæджы ма Цæгат Ирыстоны самал кодта фатер, йæ аргъ ын æххæстæй нæ бафыста, уымæн æмæ йын йæ иу хайæ балхæдта æхсæнгарз.

Дзанайты Ибрагим та Мæскуыйы цард æмæ куыста. Уым ныууагъта æппæт дæр, йæ куыст, йæ архайд æмæ æрцыд йæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ. Ацы лæппу уыд тынг хъæддых. Гуырдзиаг лæгмартæ сæхи дзыхæй дзырдтой уый фæстæ, зæгъгæ, ацы лæппуйæн тыхгæнæг тых нæ ардта.

Джиголаты Альберт  Краснодары уыд æмæ уырдыгæй æрцыд. Гæджиты Гиви та – Дзæуджыхъæуæй, æнæ æхсæнгарзæй йе ‘фсымæр Таймуразимæ сæ райгуырæн уæзæг хъахъхъæдтой Къоркъула æмæ Земочерейы æрбахизæнты.

Дыгъуызты Иванæн бинонтæ æркæныны фадат дæр нæ фæцис, нæ йæ равдæлд йæ цард аразынмæ – æдзух уыд хъахъхъæн-джыты фыццаг рæнхъыты. Важаимæ горæтæй æргъомæй Сатихъар æмæ æввахс хъæуты лæппутæн хастой нæмыг. Дыууæ лæппуйæн уыцы уæззау уæргътæ хæссынæй фæхъæдгом сты сæ фæсонтæ дæр. Цал æмæ цал хатты та Ереды хъæуы бахауд сæ къухтæм Иван, фæлæ-иу аирвæзт надыл. 

Ацы лæппуты иууылдæр патриотикон, фыдыуæзæгыл иузæрдиондзинады æнкъарæнтæ тагъд кæнын кодтой сæ райгуырæн бæстæмæ.

Иумиаг цырт

Ереды хъæуы 12 фæмардуæвæг æнæаххос бæлццæтты номыл цырт æвæрыны хъуыддагыл рагæй дзырд цæуы. Æхсæнадон организацийы хайадисджытæн Нывгæнджыты цæдисы равдыстой йæ эскиз. Уый егъау æмæ хорз проект уыд, æмæ арæзт хъуамæ æрцыдаид Ереды хъæуы трагедийы бынаты. Фæлæ ацы хъуыддагыл не сразы сты фæмардуæвджыты бинонтæ. Уый фæстæ уынаффæ ист æрцыд, цæмæй уыцы иумиаг цырт арæзт æрцæуа Згъудеры иумиаг уæлмæрды. Уый ма у сæ бæллиц æмæ сæ нысан ацы бинонтæн.

Æрвылаз дæр ацы трагедийы амæттæгты бинонтæ трагедийы боны хæдразмæ ссæуынц æмæ хæрзæфснайд бакæнынц уæлмæрд æмæ йæ алфæмблай территори.

Ереды трагеди ссис иууыл тæссагдæр æмæ æбуалгъдæр цаутæй сæ иу адæймагады ногдæр историйы. Бакæнгæ фыдракæнды уæззаудзинад дунейы къорийыл адæмы фестъæлфын кодта, ирон адæмы ныхмæ ахасты цы геноцид уагъд цыд, уый бирæты баразæнгард кодта, цæмæй æргомæй, æмхъæлæсæй сæ хъуыды зæгъой. 

12 сабырцæрæг бæлццонæй алчи дæр йæхи царды фæндагыл лæуд уыд, уыдонæй алкæйы дæр фæндыд цæрын сæ бинонтæ, хиуæттæ, сыхæгтæ æмæ комбæсты ‘хсæн, фæлæ нын ахæм сыхæгтæ уыд æмæ трагеди трагедийы æййæфта, ирон адæм æппынæдзух дзынæзтой æмæ Дунескæнæгмæ куывтой, цæмæй нæ зæххыл мауал кæла рæстаг туг, цæмæй нæ зæххыл мауал рæзтаиккой уæлмæрдтæ.

Мах дæр фæндыд сæрибарæй нæ зæххыл цæрын, фæллой кæнын, рæзын æмæ размæ цæуын… уый тыххæй нæ хъавыдысты куынæг кæнынмæ нæ фыдæлты зæххыл.

Цасфæнды азтæ ма рацæуа, уæддæр фæмардуæвджыты фæдыл уæззау маст нæ къуымых кæны, уæлдайдæр – сæ бинонтæн. Уымæн æмæ сæ зæрдæты цы уæззау маст нымбæхст, уый нæ нымæг кæны бирæ азты фæстæ дæр.

КЪÆБУЛТЫ Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.