РХИ-йы мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь кусæгон балцы уыд Мæскуыйы, цыран фембæлд Уæрæсейы Федерацийы мидхъуыддæгты министры хæдивæг Игорь Зубовимæ. Фембæлды рæстæджы банысан кодтой барадхъахъхъæнынады къабазы дыууæ министрадты æхсæн æмкуысткæнынады хорз фæстиуджытæ.

Наниты Игорь æмæ Игорь Зубов сæ къухтæ æрфыстой Суагъæйыл, ивындзинæдтæ бахастой Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæн æмгуыстад æмæ интеграцийы  тыххæй  2015 азы 18 марты бадзырдмæ, ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.