Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады делегацийы, УФ-йы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Игорь Зубовы сæргълæудæй. Фембæлды хайад райстой РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь æмæ Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн, уæрæсейаг фарс Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадмæ йæ хъус кæй дары æмæ йын кæй æххуыс кæны, уый тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн  Æмгуысткæнынад æмæ интеграцийы тыххæй 2015 азы 18 марты цы бадзырд æрцыд арæзт, уымæ гæсгæ дыууæ бæстæйы барадхъахъхъæнæг ведомствоты ‘хсæн ауагъд хъуамæ æрцæуой алыгъуызон мадзæлттæ.

«Мæнæн мæ бон уый зæгъын у, æмæ сплангонд мадзæлттæ сты активон фазæйы. Адарддæр кæнын кæй хъæуы, ис ахæм хорз райдиантæ, афтæ ма ахсджиаг у уый дæр, æмæ структурæйы куыст фæактивондæр кæнынæн цы хъæуы аразын, уый дæр æмбæрстгонд у», – загъта Президент.

Йæ рады Игорь Зубов раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн, ахæм бæрзонд паддзахадон бынатмæ æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй æмæ йын загъта, йæ разы цы хæстæ æрæвæрдта, уыдон сæххæст кæнын цæмæй йæ къухы бафта, уый фæндиæгтæ.

Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг куыд банысан кодта, афтæмæй сæйраг аразинæгтæ ныридæгæн нысан æрцыдысты æмæ фыст æрцыдысты дыууæ бæстæйы барадхъахъахъхъæнæг ведомствоты сразыдзинæдты, сæрмагондæй, уыдон сты иумиаг информацион-координацион центр саразын, куыстмызд этапгай фæфылдæр кæнын, материалон-техникон ифтонгад фæхуыздæр кæнын.

Информацион-координацион центр саразыны тыххæй Игорь Зубов банысан кодта, зæгъгæ, юридиконæй ацы темæ скъуыддзаггонд у.

«Ныртæккæ аскъуыддзаг кæнинаг у бæстыхай сцалцæг кæныны, афтæ ма йæ нырыккон ифтонггæрзтæй сифтонг кæныны фарст. Ныридæгæн цы æхцайы фæрæзтæ рахицæнгонд æрцыдысты, уыдон нысанмæздæхтæй хардз хъуамæ æрцæуой ацы аз», – бафиппайдта Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Центр у, юридиконæй хæдбар орган, фактон æгъдауæй уый у, æхсæнадæмон организаци. Æмæ Информацион-координацион центры къухдариуæггæ-нæгæн дæр алыгъуызон фарстатæ скъуыддзаг кæнынæн уыдзæн фадæтты стыр спектр. Информацион-координацион центры фыццаг къухдариуæггæнæг Хуссар Ирыстоны минæвар кæй у, уый тыххæй Игорь Зубовы уырны, райдиан этапыл йæ разы цы хæслæвæрдтæ уыдзæн, уыдон скъуыддзаг кæнын ын æнцон кæй уыдзæн, уый.

Дарддæр уый банысан кодта, зæгъгæ, Информацион-координацион центры банысангонд функцитæй, ахæмтæй куыд фыдгæнджыты агурын, криминалон хыгъдтæ уадзын æмæ æндæртæй дарддæр, иумиагæй ахъуыды кæнын хъæуы, барадхъахъхъæнæг органты архайды Информацион-координацион центр конкретонæй цы бынат бацахсдзæн, ууыл дæр.

«Гæнæн ис, сарæзтæуа чысыл бæрзондтехнологион криминалистон лаборатори дæр, приоритетон кæцы уа, дæхицæн уыцы здæхт равзаргæйæ», – бафиппайдта уый.

Фембæлды раразмæгонд æрцы-дысты мидхъуыддæгты хаххыл æндæр актуалон фарстатæ дæр, кæцыты нымæцы сты Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады уæлдæр ахуыргæнæндæтты хуссарирыстойнаг аспирантты ахуыр дæр. Курсантты тыххæй дзургæйæ, Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг банысан кодта, зæгъгæ, ивындзинæдтæ бахæссын хъæуы «Мидхъуыддæгты органты баслужбæ кæныны фæткы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ.

«Ивындзинæдты банысан кæнын хъæуы уыцы факт, æмæ курсанттæм кандидат, кæцыйы Хуссар Ирыстон арвиты ахуырмæ Уæрæсемæ, хъуамæ сараза контракт, кæцыйы фæстиуæгæн уый хæсджын уыдзæн, ахуыр фæуыны фæстæ цалдæр азы республикæйы баслужбæ кæнын», – загъта Игорь Зубов.

Уымæй дарддæр Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг раразмæ кодта фæндон дыууæ бæстæйы автомобилистты бартæ банымайыны сæраппонд Бадзырд саразыны фадаттæм æркæсыны æмæ административон иварты уынаффæтæ æххæст кæнын банымайыны тыххæй.

Хуссарирыстойнаг  паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй уыцы темæ у ахсджиаг. Цæмæй уыцы фарст скъуыддзаг æрцæуа, уый тыххæй йыл уынаффæ цæудзæн дарддæр дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.