1 май  – 90 азы размæ Знауыры районы Хъорнисы хъæуы райгуырдис курдиатджын поэт æмæ æхсæнадон архайæг Козаты Исидор Сафроны фырт (1929-1986).

4 май – 85 азы размæ Цæгат Ирыстоны Ногиры хъæуы райгуырдис Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты æмæ журналистты цæдисы уæнг, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Тыджыты Юри Аршакы фырт (1934-2002).

5 май – 80 азы размæ Ленингоры районы Гехауы хъæуы райгуырдис ССР Цæдисы сгуыхт тренер Кæсойты Сограт Милайы фырт (1939-1997).

6 май – 85 азы размæ Цхинвалы горæты райгуырдис советон, партион æмæ хæдзарадон органты бирæ рæстæг фæкусæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт экономист Мамиты Инал Димитры фырт (1934).

7 май – 75 азы размæ Цхинвалы районы Присы хъæуы райгуырдис медицинон зонæдты доктор Бесаты Гиви Максимы фырт (1944).

9 май – 85 азы размæ Знауыры районы Чъециаджы хъæуы райгуырдис филологон зонæдты кандидат, Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг Плиты Муссæ Антоны фырт (1934-2013).

9 май – 175 азы размæ райгуырдис фыццаг ирон философ-гуманист, публицист Гасситы Афа-нас Абрамы фырт (1844-1916).

19 май – 20 азы размæ (1999) райст æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон герб. Йæ автор у нывгæнæг Джыгкайты Мурат.

23 май – 15 азы размæ (2004) уагъд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ цыппæрæм æрсидты æвзæрстытæ. Уæд фæуæлахиз ис парти «Единство».

24 май – 100 азы размæ Дзæуджыхъæуы горæты райгуырдис ирæтты ‘хсæн Уæрæсейы Федерацийы фыццаг адæмон нывгæнæг, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Дзанайты Азанбег Уасилы фырт (1919-1989).

26 май – 120 азы размæ (1899) Дзæуджыхъæуы З.И. Шуваловы хисæрмагонд типографийы мыхуыры рацыд Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.