Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары хæдивæг Гасситы Петр «Хъуылымбегты Торезы» майданæй схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны автономон  областон советы адæмон депутат Чысиаты Динарæйы.

Фыццаг вице-спикер Гасситы Петр банысан кодта Хуссар-Ирыстоны Автономон областы адæмон депутатты фыццаг æрсидты депутатты хайба-вæрд республикæ саразыны хъуыддагмæ. 

«Арфæ дын кæнын стыр æхсызгонæй. Абон æз хъуамæ сæххæст кæнон Парламенты æхсæзæм æрсидты уынаффæ æмæ дын радтон «Хъуылымбегты Торезы» майдан. Фæн-ды мæ зæгъын, ацы майдан махмæ, Хуссар Ирыстоны, стæм кæй у. Æндæрхуызон ын уæвæн нæй, уымæн  æмæ  уый лæвæрд цæуы паддзахаддзинад æмæ парламентаризмы рæзты тыххæй», – банысан кодта Гасситы Петр.

Йæ рады, Чысиаты Динарæ бузныджы ныхæстæ загъта, Гасситы Петрæн ахæм хъæу-гæ майдан сфидар кæнын æмæ Областон советы депутаттæм цы хъусдард здæхт цæуы, уый тыххæй.

«Ацы хорзæх мын тынг зынаргъ у, уымæн æмæ уый хæссы Хуссар Ирыстоны фыццаг къухдариуæггæнæг Торез Георгийы фырты ном, кæцыимæ мах куыстам иумæ. Ахæм патриоттæ ныр махмæ тынг цъус ис. Бузныг мæ фæнды зæгъын Петр Леониды фыртæн, кæцы уыд майдан сфидаргæнджытæй сæ иу, уымæн æмæ 25 азы рацыд Хуссар Ирыстоны закъондæттæн орган саразынæй æмæ ныры онг областон Советы адæмон депутатты нæ хорзæхджын кодтой», – загъта Чысиаты Ди-нарæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.