Æрвылаз дæр 3-æм декабры дунейы бирæ бæстæты банысан кæнынц инвалидты дунеон бон. Стыр хъыгагæн, статистикæмæ гæсгæ зæххы къорийы цæрджыты 10-15 проценты, ома, иу миллиардмæ æввахс адæймаджы хъизæмар кæнынц алыгъуызон низтæй, кæцы сæ æркæны сахъатдзинадмæ. Уыдонæй бирæтæ та  сахъатдзинад рахæссынц гуырцæй.  Инвалидты дунеон боны нысан у, сæ проблемæмæ сын æхсæнады хъусдард аздахын. Планетæйы алы æвдæм адæймаг дæр у арæнгонд гæнæнтимæ адæймаг.

Хъыгагæн, инвалидтæн сæ фылдæр абоны онг дæр æмбæлынц,  æхсæнадон царды хайад исынæн сын ныхдур чи систы, ахæм проблемæтыл, кæд æмæ ИНО-йы архайд здæхт у инвалидты бартæ бахъахъхъæнынмæ, уæддæр. Инвалидты дунеон боны уагъд фæцæуынц алыгъуызон дискусситæ, форумтæ æмæ æндæр мадзæлттæ. Ахæм мадзæлтты руаджы кæстæр фæлтæр ахуыр кæнынц инвалидтæм кады ахаст дарыныл, транспорты сын бынат радтын, сæ хызынтæ ахæссынæн сын баххуыс кæныныл æмæ афтæ дарддæр. Æнæмæнгæй сæм хъæуы  хъарм ахаст дарын. Инвалидты дунеон бон фидар уымæн æрцыд, цæмæй хицауад æмæ хуымæтæджы адæм сæ хъусдард аздахой, царды зын кæмæн у, уыцы сахъатджын адæймæгтæм. Алы адæймагæн дæр йæ бон у иумиаг хъуыддагмæ йæ хайбавæрд ба-хæссын æмæ инвалидтæн баххуыс кæнын. Уадз, уыцы хайбавæрд уæд бынтон чысыл, фæлæ алчидæр иу чысыл йе ‘ххуысы къух куы фæдаргъ кæна сахъатджын адæймæгтæм, уæд уыдонæн æнцондæр уыдзæн цæрын æхсæнады. Сусæггаг нæу уый дæр æмæ инвалидтæ цух кæй æййафынц адæмимæ ныхас кæнынæй дæр.

Стыр хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны дæр ис инвалидтæ, уыдонæй дæр бирæтæ сахъатдзинад рахастой гуырцæй, чи та сæ, æгъатыр хъысмæты фæндонмæ гæсгæ, ссис инвалид. 1989 азæй 2008 азы онг Хуссар Ирыстоны æвзонг лæппуты бахъуыд хæцæнгарз райсыны æмæ Райгуырæн бæстæ æддагон знагæй бахъахъхъæныны сæр. 1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæс-тæджы инвалидтæ æмæ фæцæ-фуæвджытæн æххуысы фонды хистæр Плиты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ, йæ дæлбаруæвæг фонды хыгъды лæууынц 199 адæймаджы. «Уыдон, сæ Фыдыбæстæйы сæрвæлтау, цæттæ уыдысты царды сын иууыл зынаргъдæр цы ис, уый – сæ цард радтынмæ. Ацы хъæбатыр лæппутæ дæргъвæин хæстон архайдтыты рæстæджы æппынæдзух кастысты мæлæты цæстытæм. Уыцы 199 адæймаджы ‘хсæн ис фыццаг къорды 5 инвалиды, иннæтæ сты 2-аг къорды инвалидтæ. Се ‘нæниздзинады  уавæрмæ нæ кæсгæйæ, уыдон кæдфæны дæр цæттæ сты республикæйæн баххуыс кæнынмæ. Уыцы лæппутæ сæхи, æгæрыстæмæй, инвалидтыл дæр нæ нымайынц. Сæ къухтæ нæ ауагътой æмæ фидарæй лæууынц  сæ уæззау хъысмæты ныхмæ», – загъта Плиты Мадинæ.

Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæм стыр хъусдард здæхт цæуы Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы ‘рдыгæй. «Бирæ саразын нын банытст. Президент алыхатт дæр нæ фарсмæ æрбалæууы, фæдаргъ нæм кæны йе ‘ххуысы къух. Ацы аз  1-аг æмæ 2-аг къорды дыууæ инвалиды æрвыст æрцыдысты  сæ протезтæ раивынмæ, кæцытæ сты тынг зынаргъ, фæлæ нын Президент баххуыс кодта. Инвалидтæ санаторитæм ацæуынц хос кæнынмæ дæр. Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ нæ республикон соматикон рынчыдоны сæр дæр куы бахъæуы, уæд нын баххуыс кæнынц, æнæ рады лæугæ-йæ инвалидтæн бакæнынц алыгъуызон медицинон лæггæдтæ. Ацы аз улæфынмæ уыдонæй бирæты арвыстам. Иу аз иутæ ацæуынц æмæ иннæ аз та – иннæтæ, уымæн æмæ сæ алкæцы дæр хъуамæ баулæфа æмæ бирæтæн та сæхицæн ахæм фадæттæ нæй. Стыр хъусдард нæм здæхт цæуы РХИ-йы Хицауад æмæ Хъахъхъæнынады министрады ‘рдыгæй дæр. Нысаниуæгджын бæрæгбонты рæстæ-джы инвалидтæй бирæтæ хорзæхджын æрцæуынц алыгъуызон паддзахадон хорзæхтæй. Хъахъхъæ-нынады министрад дæр сæ схор-зæхджын кæны. Уымæй дарддæр ма ацы аз цалдæр инвалиды баисты ног фатерты хицæуттæ. Ныр дæр æнхъæлмæ кæсæм, ноджыдæр хъуамæ райсæм фатертæ, æмæ тынгдæр чи тыхсы, уыдонæн сæ ратдзыстæм. Афтæ ма нын æрбарвитынц инвалидон коляскæтæ дæр æмæ уый тыххæй мах фехъусын кæнæм социалон фарстыты фæдыл æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæди-вæг Сиукъаты Наирæйæн.

Æмæ кæй фæхъæуы, уыдонæн сæ радтынц. Ныридæгæн уал балæвар кодтам цыппар инвалидон коляскайы», – радзырдта нын уый.

РХИ-йы инвалидты фонд æмгуыстад кæ-ны Уæрæсе, Абхаз, Донецк æмæ æндæр бæстæты æнгæс организацитимæ. «Хуссар Ирыстон фыццаг банымадта Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты хæдбардзинад æмæ активонæй æмгуыстад кæнæм ацы бæстæты инвалидты фондтимæ. Æрæджы Донецкы Адæмон Республикæйы инвалидты фондимæ сарæзтам бадзырд. Уыдон абон дæр тох кæнынц сæ сæрибардзинады сæрыл æмæ цы нæ бон у уый сын æххуыс кæнæм æмæ сын дарддæр дæр æххуыс кæндзыстæм. Нæ инвалидты фонды правленийы рæстæджы аскъуыддзаг кæнæм дарддæр цы программæтыл кусдзыстæм, уый. Мах бахатыдыстæм Президент Бибылты Анатолимæ, цæмæй нæ номæй Донецкы æвæрд æрцæуа мемориалон дур фæмардуæвæг лæппуты номыл. Президент сразы нæ фæндыл æмæ нын загъта, зæгъгæ, архайут, æз уæ фарсмæ дæн. Ныридæгæн цырт цæттæ у æмæ йæ æввахс рæстæджы аласдзыстæм Донецкмæ, афтæ ма йын йемæ арвитдзыстæм гуманитарон æххуыс дæр. Ацы гуманитарон æххуыс нын уыдзæн æртыккаг æххуыс. Мах хъуамæ сæ фарсмæ лæууæм, цæмæй сæ ныфс ма асæтта. Нæ хæрзаудæн архайды нын баххуыс кæны хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим. Ныр дæр та нын хъуамæ самал кæна хъарм уæлæдарæс æмæ уыдоны дæр аласдзыстæм Донецкмæ», – банысан кодта Плиты чызг.

Фонды хъæппæрисæй арæх нæ республикæйы скъолаты уагъд æрцæуынц патриотон уроктæ. Плиты чызджы ныхæстæм гæсгæ, йæм бахатыд нæ горæты 1-æм скъолайы директор Гобозты Русудан, цæмæй йын информаци радта хæсты инвалидты сгуыхтдзинæдты тыххæй. 1-æм скъолайы баконд æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты музей æмæ  2020 азы 23-æм февралмæ та скъолайы коллектив фæнд кæны  Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ-инвалидтæн хицæн къуым саразын, цæмæй  рæзгæ фæлтæр зонгæ кæной гуырдзиаг агрессийы рæстæджы нæ хъайтар лæппутæ цы æнæмæлгæ сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, уыдоны тыххæй.

Плиты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ, сын алыхатт дæр баххуыс кæны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад дæр. «Никуы уыд афтæ æмæ цыдæр хъуыддагыл кусæм æмæ нын ма баххуыс кæной».

«Уавæрæй спайда кæнгæйæ, мæ фæнды арфæ ракæнын нæ фарсмæ чи æрбалæууы æмæ инвалидтæн чи баххуыс кæны, уыдонæн. Инвалидты дунеон боны сæраппонд та арфæ кæнын нæ республикæйы æппæт инвалидтæн. Хуыцау сын фылдæр тыхтæ радтæд ноджы дæр», – кæронбæттæны загъта Плиты чызг.                        

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.