Цырд темптæй цæуынц куыстытæ нæ горæты Гуыбаты æфсымæрты уынджы дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары эксплуатацимæ радтыны фæдыл. Уыдон дыууæ дæр сты 75 фатерон хæдзæрттæ æмæ куы сырæзой, уæд та хорзæрдæм фæивдзæнис 150 бинонты цард.

Хæдзæрттæ сæ аив арæзтæй цæс-тæнгас здахынц сæхимæ. Арæзт та цæуынц цæрынæн æмбæлон уавæр-тæ æмæ фадæттæ кæм уа, ахæм проектмæ гæсгæ.

Дыууæ бирæуæладзыгон хæдзары дæр арæзт цæуынц Инвестпрограм-мæйы фæлгæтты. Аразгæ та сæ кæны арæзтадон фирмæ «СТМ-Юг».

Хæдзæртты, иумæйагæй, уыдзæнис 50 иухатæнон, 50 дыууæхатæнон æмæ 50 æртæхатæнон фатертæ.

Фыццаг хæдзар фæцис æмбæрзты бын, бакодтой дзы сантехникон куыстытæ, бауагътой йæм дон, газ, электроэнерги, байсæрстой къултæ, сарæзтой сын сæ пъолтæ æмæ ма кусджытæ æрæвналдзысты фæстаг куыст  – фатерты цæрттæ сæрдынмæ.

Дыккаг   хæдзары  дæр  кæнынц  агъуындæн куыстытæ. Уырдæм дæр уагъд æрцыдысты коммуникацион хæххытæ, дон, газ, электроэнерги. Кусджытæй иутæ кæнынц къулсæрдæн куыстытæ, иннæтæ та æрæвнæлдтой кафель æвæрынмæ æмæ пъолты аразынмæ.

Арæзтадон фадыджы хистæр Коцты Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй рæстæгыл ифтонг цæуынц арæзтадон æрмæджытæй. Кусджытæн сæ зынгæ хай сты бынæттон цæрджытæ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ кусджытæ кæд сихоркæнгæйæ æр-бадынц, аулæфынц, æндæр сæ рæстæг дзæгъæлы нæ сафынц. Сæ-хæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй тынг тагъд кæнынц сæ куыстæгтыл, уымæн æмæ сæ зæрдæ райы сæ куыстмыздæй, стæй йæ рæстæгыл  кæй райсынц, уымæй дæр. Афтæ, æмæ аразджыты  ныфс  ис,  ацы дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары дæр æмгъуыдæй раздæр кæй фæуыдзысты арæзт, уымæй.

Цæрæн хæдзæртты арæзтадон куыстытæ куы бакæной, уæд æрæв-налдзысты хæдзæртты раз кæрты хæрзарæзтадмæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.