Фæскавказы æдасдзинад æрбæстон кæныны фæдыл Женевæйы дискусситæм бацæттæ кæныны нысанæн ацы бонты Хуссар Ирыстонмæ æрцæуæг дискусситы дунеон организациты æмсæрдæртты делегацийы минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы Хуссар Ирыстонæй  делегацийы сæргълæууæг, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат ноджы æмæ ноджыдæр банысан кодта дискусситы ахсджиагдзинад.

Хуссар Ирыстоны Джиуæргуыбайы къуыри кæй нысан кæнынц, уый фæдыл уый раарфæ кодта фæсарæйнаг организациты минæвæрттæн.

Женевæйы дискусситы сæйраг хæс – тыхæй ма спайда кæныны тыххæй юридикон бæрнджын документыл бакусын фæстаг рæстæджы у актуалон.  Уымæ гæсгæ нæ разы лæууы бæрнон хæс – саразын хъæуы æппæт дæр, цæмæй уавæр æмбæлон уагмæ æркæнæм, æмæ фæстаг рæстæджы цы æндыгъдад сæвзæрд, уый иуварс æрцæуа .

Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ Женевæйы дискусситы раз цы хæстæ ис, уыдон тынг ахсджиаг сты, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны бæрзонд аргъ кæнынц женевæйаг баныхæсты процессæн, нымайынц æй регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад ифтонг кæныны ахсджиаг механизмыл. Уый ныфс бавæрдта, дискусситы радон 50-æм раунд уыдзæн æнтыстджын æмæ ныфс бавæрдта фæстиуæгджын куыстмæ цæттæдзинадæй.

«50-æм раунд кæд юбилейон у, уæддæр уадиссаг цæуыл бацин кæнæм, уый нын нæй. Фæлæ нæ разы цы хæстæ ис – регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад, уыдон  домынц стыр хъарутæ, цæмæй царды биноныг æрцæуой», – дзырдта Æххæстбарджын минæвар.

Евроцæдисæй минæвар Тойво Клаар банысан кодта, бирæ ахсджиаг фарстатыл сæ кæй хъæуы æруынаффæ кæнын. Нæ фæстаг фембæлдæй фæстæмæ, зæгъгæ, æрцыд ахæм цаутæ, кæцытæ не сты бынтон раппæлинаг, уыимæ алчидæр сразы уыдзæн. Уый ахсджиаг проблемæйыл банымадта, арæнтыл уадзæн пункттæ æхгæд кæй сты, уыцы фарст, зæгъгæ, йæ хъæуы æрбæстон кæнын.

ИНО-йæ æмсæрдар Джихан Султаноглу дæр тыхстдзинад æвдыста, уадзæн пункт-тæ æхгæд кæй сты, уый фæдыл, ома, ацы аз Абхазы арæнтыл пункттæ дæр фылдæр уыдысты æхгæд. Уый, зæгъгæ, мах тыхсын кæны, æмæ йæм аздахын хъæуы сæрмагонд хъусдард.

ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Рудольф Михалка дæр банысан кодта, Женевæйы уагъдцæуæг дискусситæн æвæрццаг аргъ скæнынæн ныртæккæ стыр нысаниуæг ис, уымæн æмæ æндыгъдад хынцыд цæуы æмæ нæ, зæгъгæ, хъæуы уыцы уавæр æрбæстон кæнынмæ  тырнындзинад. Уый ма бæрзонд аргъ скодта Механизмты фæлгæтты техникон фембæлдтыты рæстæджы æдасдзинады фарстатæ æрбæстон кæныныл иузæрдиондзинад кæй æвдисы хуссарирыстойнаг фарс.

Джиоты Мурат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæвзæргæ уавæрæй рахизыны фæндон алкæмæ дæр ис. Механизмты фæлгæтты техникон фембæлдтыты ахс-джиагдзинадæн дæр стæм æвдисæн, уæлдайдæр «тæвд хаххы» руаджы, кæцы ацы мæй ссис æцæг тæвд хахх. Мах, зæгъгæ, ацы ахсджиаг фембæлдтыты фæлгæтты кусдзыстæм дарддæр.

Дарддæр фембæлд уагъд цыд æнæ информацион фæрæзты минæвæртты хайадистæй.

Фембæлды фæстиуджытыл дзургæйæ

Евроцæдисæй минæвар Тойво Клаары ныхæстæм гæсгæ фембæлд уыд мидисджын, уынаффæ цыд Женевæйы дискусситы боны фæткыл. Сæйраг хъусдард здæхт æрцыд Уистæ – Чорчонайы сæвзæргæ проблемæмæ æмæ уадзæн пункттæ æхгæд кæй сты, уыцы хъуыддагмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ма дзырд цыд уыцы проблемæтæ æрбæстон кæныныл, гуманитарон фарс-татыл, уымæн æмæ уым дзырд цæуы, хуымæтæг адæмы чи тыхсын кæны, уыцы проблемæтыл. Ныфс бавæрдта, уыцы хъуыддæгтæ æрбæстон кæнынæй, тагъд рæстæджы кæй байгом уыдзысты арæнтыл хизыны уадзæн пункттæ.

Дунеон организациты минæвæрттæ Гуырдзыстоныл æндавынц, цæмæй æввахс рæстæджы Уисты сæвзæргæ уавæр бæстон æрцæуа, æмæ уый фæстæ байгом уой арæнтыл уадзæн пункттæ, уый фæдыл ЕÆÆО-йы минæвар Рудольф Михалка ныфс бавæрдта, зæгъгæ, уыдоныл уынаф-фæ цæуы. Уый нæ, фæлæ йæ банымадта размæ стыр позитивон къах-дзæфыл. Мах, зæгъгæ, Эргнеты куы æмбæлæм, уæд уый тыххæй нæ æрбацæуæм æмæ дзы æрмæст хайад райсæм, фæлæ иумиаг хъарутæй исты уынаффæ райсæм.

«Нæ архайд дæр у ацы процессы фæрс-тæн æхсæнахаст кæнын. Фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ бадзырдон процессмæ нæ хæссæм нæ хъуыдытæ æмæ не ‘вдисæм проблемæ æрбæстон кæнынмæ нæ цæстæнгас. Фыццаджыдæр, фæрстæн сæхи хъуыдытæ хъуамæ уа проблемæ æрбæстон кæнынæн, æмæ сын уый фæстæ мах дæр æххуыс кæнæм», – банысан кодта минæвар.

Цæмæн тыхсынц уадзæн пунктты байгом кæныныл

Информацион фæрæзтæ цымыдис кодтой, æмсæрдæртты афтæ тынг цæмæн тыхсын кæны, уадзæн пункттæ æхгæд кæй сты, уыцы хъуыддаг. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстон нæу æвдисæн, Гуырдзыстон æнæзакъонæй нæ зæххыл йæ полициаг блокпост кæй сæвæрдта, уый фæдыл сæ карз позицийæн.

Уый фæдыл Евроцæдисы минæвар Тойво Клаар афтæ сдзуапп кодта, зæгъгæ, уый вазыгджын фарст у. Фæлæ уыцы процессы æмсæрдæрттæ дæр кæй архайынц, уый æвдисæн у уымæн, æмæ цæттæ кæй стæм йе ‘рбæстон кæнынмæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ гуманитарон фарстатæ хъуамæ хицæн кæной постытæ сæвæрыны фарстатæй, цæмæй адæм ма тыхсой уыдæттæй.

Паддзахадон арæнтæ хæлд цæуынц барæй

Æрæджы паддзахадон арæнты фæтк фехалыны тыххæй гуырдзиаг дохтыр Важа Гаприндашвили урæд кæй æрцыд, уый тыххæй Евроцæдисы минæвар ныфс бавæрдта, æввахс рæстæджы сæрибар кæй æрцæудзæн, уымæн æмæ йæ æрцахсыны хъуыддаг иу фарсæн дæр æхцондзинадхæссæг нæу.

Ацы фарсты фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны минæвар барæй фехæлдта паддзахадон арæнтæ æмæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæс-гæ йæ ныхмæ ист цæудзæн мадзæлттæ.

«Нырма уый ахст у дыууæ мæйы æмгъуыдмæ, уый фæстæ йын тæрхондон æмбæлон уынаффæ рахæсдзæн.  Женевæйы дискусситы хайадисджытæн мах фехъусын кодтам, уыцы æмбæстаг барæй кæй фехæлдта арæнты фæтк.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.