Иу цалдæр азы размæ уыдаид… Советон цардарæзтад нæм куы ныппырх, ног цардарæзтад та цахæм уыдзæн, цæимæ хæргæ æмæ нуазгæ уыдзæн, уый дæр куынæма зыдтам, уыцы рæстæджы. Джиуæргуыбамæ æввахсбонты дыууæ лæджы горæты базарæй рацæйцæугæйæ, ныхас кæнынц дугивæны зæрдæриссæн хабæрттыл. Иу дзы иннæйы фæрсы:

– Знон базары сæгъ цасы аргъ уыд, уый зоныс?

– Æмæ йын ды йæ аргъыл цы дис кæныс?.. Ацы фыдбоны рæстæг ма бирæ куы ахæсса, уæд адæм базармæ сæгъы аргъ цас у, уый базонынмæ нæ цæудзысты, фæлæ цыхуызæн у, уый фенынмæ, – дзуапп ын радта йе ‘мныхасгæнæг.

Ахæм уавæры цардис Ирыстон. Хæст æмæ блокадæ кæй хурхыл ныл-лæууыдысты, уыцы Ирыстон. Тынг кæй фæндыд, уыдоны дæр сæ къух нал амыдта бæрæгбонтæ нысан кæнын, дзуарыбонтæ аразын, кусæрттæ кæнын. Стæй ахæмтæ æндавгæ дæр алкæй нал кодтой. Дæ сывæллæттæн райсом та цы бахæрын кæндзынæ, ууыл цы ныййарджытæ сагъæс кодтой, уыдоны традицитæ æмæ æгъдæуттæ æххæст кæнын нал æндæвта. Уымæн æмæ нæ разы лæууыд æр-мæстдæр иу фарст: уыдзыстæм ма æви фесæфдзыстæм.

Фæлæ нæ фесæфтыстæм. Нæ адæмы фæразондзинад æмæ æппынфæстаг стыр Уæрæсейы сæргъ рæстдзинад æмæ рæстаг адæмты сæрыл сдзурæг къухдари-уæггæнæг кæй фæзынд, уый фæрцы.

Æниу æвзаг «нæ фесæфтыстæм» зæгъынмæ тасгæ дæр нæ кæны. Зын у афтæ дзурын, уымæн æмæ кæй нæ фесæфтыстæм, уый тыххæй нæ хъæбул-ты хуыздæртæ сæ цард радтой æмæ фарсыл нæ хæцы…

Адæм сæфты къахыл куы ныллæуынц, уæд тæссаг вæййы адæмæн сæ цардæн. Дзырд нацийы сæфтыл куы цæуа, уæд та тас вæййы æвзаг, культурæ æмæ национ традицитæн. Æмæ табу, дунесфæлдисæг иунæг кадджын Хуыцауæн. Нæ традицитæ сæфгæ нæ, ноджы тыхджындæр æмæ уарзондæр кæй кæнынц нæ адæмæн, уый тыххæй. Советон дуджы мæгуырты дуг хонæм, цард, дам, дзы уæлгоммæ уыд… Фæлæ уыцы дугимæ абаргæйæ нæ рагфыдæлты æгъдæуттæ æмæ традицитæ абон зæрдиагдæрæй райдыд-там æххæст кæнын. Кæд нæм раздæр адæм бирæ фылдæр цардис, уæддæр нæ дзуæрттæ, нæ кувæндæттæм ныры хуызæн нæ цыдысты куывддзау адæм. Æмæ нæм кæд исты амонд кæсы, уæд хъуамæ дарддæр дæр афтæ ахæсса. Ууыл та хъæуы удуæлдайæ кусын. Кусын хъæуы рæзгæ фæлтæримæ. Æмбарын кæнын сын æй хъæуы, ирон лæг йæ фыдæлты традицитæ æмæ æгъдæуттæ куынæ æххæст кæна, уæд ирон лæг кæй нæу. Цæйнæфæлтау уынгты дзæгъæл рæстæг сафой, кæнæ алыгъуызон æнæсæрфат сектæтæм цæуой æмæ фыдбылызхæссæг митæ кæной, фæлтау цæуæд сæ фы-дæлты дзуæртты бынмæ, фæлтау бадæд æртæ кæрдзыны уæлхъус.

Нæ рагфыдæлтæй нын цы бирæ тæху-диаджы æгъдæуттæ баззад, уыдон нын се ‘ппæт дæр рæсугъдæй æххæстгæнгæ сты. Уæлдайдæр Уастырджимæ кувын, уымæн табу кæнын. Уый тыххæй æмæ Хуыцауы фæстæ Уастырджимæ кувæм, уыимæ сты баст нæ миддунейы, нæ национ хиæмбарынады сæйраг æргъадтæ. Хуымæтæджы нæм не ‘рхæццæ ахæм ныхас нæ рагфыдæлтæй, Хуыцаумæ Уастырджийы йедтæ-мæ комкоммæ бацæ-уыны бар никæмæн ис, зæгъгæ.

Æмæ та мæнæ ацы аз дæр, Уастырджимæ ку-вæн къуырийы æрба-лæуд нæ адæмы куыд базмæлын кодта, куыд зæрдиагæй йæм цæттæ кодтой сæхи, уый нын дæтты сомбоны ныфс. Иустæм хæдзæртты йедтæмæ, алчи дæр скуывта Хуыцаумæ, сæхи бафæдзæхстой сыгъзæринбазыр Уастырджийыл. Уæдæ раз-дæры азтæм абаргæ-йæ, нæ кадджын, нæ традицион бæрæгбон-тæ «фылдæр бахæрын æмæ баназынæн» чи нысан кодта, ахæмты нымæц дæр нæм дзæвгар кæй фæкъаддæр, уый та нын уæлдай амонд у. Нæ ирон бæрæгбонтæ ирон уаг æмæ æгъдауыл нысан кæныны фæрцы схъæздыг кæндзыстæм æр-мæстдæр нæ удварн. Гъемæ нын Хуыцауы цæст бауарзæд ахæм арфæ, Иры тæхгæ-нæргæ Уастырджи, нæм йæ рахис базыр дарæд!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.