Куыд зонæм, афтæмæй ныр дæсгай азты Уæрæсейы карзæй лæууы демографион проблемæ. 2007 азы райгуырд 1, 26 миллуан æмæ амард 2, 22 миллуан адæймаджы. Афтæмæй цæрджыты нымæц фæкъаддæр 958 мин адæймадджы бæрц. Ацы бæрæггæнæтæ 2018 азы январы та уыдысты ахæм: чи райгуырд, уыдон нымæц фæкъаддæр 5,2 проценты бæрц, ивгъуыд азы ацы æмгъуыдимæ абаргæйæ. Чи амард, уыдон нымæц та фæфылдæр 0,4 проценты бæрц.

Æппæт ацы уавæрты тыххæй Уæрæсейы хицауад æппæт амæлттæй дæр архайы, цæмæй йе ‘мбæстæгты дæргъвæтиндзинад рæза, гуыра фылдæр сывæллæттæ, хъахъхъæд цæуа адæмы æнæниздзинад. Ацы фарсты æппæты ахсджиагдæр амалыл нымад цæуы гуырынады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын. Уый сæраппонд Уæрæсейы федералон закъонмæ гæсгæ йæ рæстæджы сывæллонджын ныййарджытæн нысангонд æрцыд материалон æххуыс ныйарæджы капиталы хуызы. Уымæн сæрысуангæй йæ бæрц уыд 250 мин сомы. Фæстæдæр азты ацы æххуысы бæрц цыд индексацигонд æмæ 2019 азы ссис 453026 сомы. Официалон зонæнтæм гæсгæ 2019 азы ныййарæджы капитал индексацигонд нæ цæудзæн 2020 азы онг. Уыцы аз схиздзæн 470241 сомы, 2021 азы та – 489051 сомы.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы æххуысы фæрæзтæ хардз кæныны бар ис цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнын, сывæллонæн йæ ахуыры фæдыл инвалид сывæллæттæн æх-хуыс æмæ адаптацийы тыххæй æмæ а.д. Бахардз кæныны бар сын нæй, Уæрæсейы банг бар цы организацитæм нæ дары, уыдон хæстæ сæхгæнынæн.

Ахсджиаг ма у уый, æмæ ацы æххуысы программæ кæй хъуамæ æххæссыдаид 2016 азы декабры онг, фæлæ 2017 азы дарддæргонд æрцыди 2021 азы онг. Ныртæккæ Уæрæсейы хицауады æмвæзадыл уынаффæ цæуы ныййарæджы капиталы  æмгъуыд ноджыдæр адарддæр кæныныл.

Уымæй уæлдай ма ацы хъуыддаджы, гæнæн ис, æмæ фæзына ногдзинад. Кæд нырмæ ныййарæджы æх-хуысы фæрæзтæ дыккаг сывæллонæн лæвæрд цыдысты, уæд ныр гæнæн ис, æмæ йæ фидой фыццаг сывæллоны райгуырды тыххæй дæр. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы вице-премьер Татьяна Голикова. Йæ ны-хæстæм гæсгæ бæстæйы хъæудзæн, бинонты фылдæр сывæллæттæ рауадзынмæ чи разæнгард кæна, ахæм ног мадзæлттæ райсын. Уый, зæгъгæ баст у уæрæсейаг наци бахъахъхъæныны ахсджиагдзинадимæ.

Бæстæйы фыст кæй цæуы æртæ гъуызы æххуысы фæрæзтæ: фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг сывæллоны райгуырды тыххæй.

Фыццаг сывæллоны тыххæй ныййарæджы капитал снысан кæныны фарст-мæ сæ хъус дарынц Цæгат Ирыстоны дæр. Ацы фарсты фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутат, Социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Кавказы Федералон зылды субъекттæй æппæты зындæр уавæр Цæгат Ирыстоны ис, æмæ ахæм ног хъæппæрис хорз ахъаз уыдзæн нæ адæмы нымæц фæфылдæр кæнынæн.

Хуссар Ирыстоны демографион уавæр дæр нæу иттæг раппæлинаг. Æниу, æцæгæй уавæр куыд у, уый зын базонæн у, уымæн æмæ хуссарирыстойнаг ноггуырдтæн сæ фылдæр райгуыры республикæйæн æттейæ. Куыдфæнды ма уа, уæддæр Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ 90 проценты Уæрæсейы æмбæстæгтæ кæй сты, уымæ гæсгæ уыцы ногдзинад ахъаз уыдзæн нæ демографион уавæр фæхуыздæр кæнынæн дæр.                        ГОДЖЫЦАТЫ Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.