Æфсымæрон Абхазы Президент Рауль Хаджимба Хуссар Ирыстонмæ йæ официалон балцы рæстæджы фыццаджы-фыццаг дидинджытæ сæвæрдта нæ горæты 5-æм скъолайы кæрты гуырдзиаг агрессийы амæттæгты номыл Мемориалон кувæндоны раз. Абхазаг бæрзонд уазæгимæ уыд Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Дарддæр Рауль Хаджимбайыл цытджын уавæры Хицауады хæдзары раз фембæлд Паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатоли æмæ министрты иу къорд.

 

ДЫУУÆ ПРЕЗИДЕНТЫ ФЕМБÆЛД

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли арфæ ракодта Рауль Хаджимбайæн Республикæ Абхазы бæстæйы Конституцийы боны цытæн.

«Фыццаджыдæр мæ фæнды Абхазы республикæйæн рæзты фæндиæгтæ,  уæ зæрдæ цахæмдæриддæр зæгъы ахæм фæндиæгтæ, дæуæн æмæ куыстуарзаг абхазаг адæмæн», – загъта Президент. Уый стыр аргъ скодта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æмахастыты æмвæзадæн, зæгъгæ, нæ бæстæты политикон райрæзт ныртæккæ ис бæрзонд æмвæзадыл. Уый нысан кæны Хуссар Ирыстоны Президенты официалон балц Абхазмæ æмæ ныр Абхазы Президенты официалон балц Хуссар Ирыстонмæ. Эффективоныл банымадта минæварадты куыст, зæгъгæ, уый фæстиуæгæн хъомысджындæр кæндзæн экономикон æгъдауæй æмгуыстад дæр. Ныфс бавæрдта, дыууæфарсон ахастыты рæзт ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ кæй схиздзæн  нæ адæмты куыд фæнды, ахæм æмвæзадмæ.

Рауль Хаджимба, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгонæй банысан кодта Ирыстоны зæххыл кæй ис, уый.

«Æз ныр æртыккаг хатт дæн Ирыстоны æмæ фыццаг хатт та, куыд паддзахады сæргълæууæг, афтæ æрцыдтæн официалон балцы. Мæнæн æхсызгон у, нæ адæмты ‘хсæн цы ахастытæ ис, уый банысан кæнын. Бæтты нæ дæргъвæтин, бирææнусон хæлардзинад. Ис нын æмхуызон уæззау истори. Кæй зæгъын æй хъæуы, рамбылдтам хæст æмæ ныр та хъуамæ рамбулæм сабырдзинад», – дзырдта Хаджимба.

Абхазы Президент дæр банысан кодта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æндидзынады хъуыддаджы Уæрæсейы Федерацийы стыр архайд. Уыцы æххуысы руаджы, зæгъгæ, нæ паддзахадтæ цадæггай æндидзынц.

 

ФЕМБÆЛД РАУÆРÆХГОНД ФОРМАТЫ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимба фембæлдысты дыууæ бæстæйы делегациимæ. Официалон хайы фæстæ дыууæ президенты кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр. Дыууæ бæстæйы Ахуырад æмæ зонады æмæ хъæууон хæдзарады министртæ сæ къухтæ æрфыстой сразыдзинадыл.

Къухтæ æрфыссыны церемонийы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Абхазы Президент Рауль Хаджимба.

Ахуырад æмæ зонады фадыджы æм-гуыстады фæдыл сразыдзинадыл сæ къухтæ æрфыстой РХИ-йы ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ Абхазы ахуырад æмæ зонады министр Адгур Какоба.

Хъæууон хæдзарады фадыджы сразыдзинадыл та сæ къухтæ æрфыстой РХИ-йы хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев æмæ Абхазы хъæууон хæдзарады министр Даур Тарба.

ФЕМБÆЛДÆН ХАТДЗÆГ АРАЗГÆЙÆ

Дыууæ республикæты æмахастытæм хауæг фарстытыл дзырд цыд Абхазы Президент Рауль Хаджимбаимæ фембæлды рæстæджы. Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли брифинджы рæстæджы куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæ фæнд у æмæ дарддæр дæр хъомысджын кæной уæвæг политикон æмæ экономикон æмахастытæ. Абон, зæгъгæ, Ахуырад æмæ Хъæууон хæдзарадты министрадты æхсæн цы сразыдзинæдтæ арæзт æрцыд, уыдон сæххæст кæндзыстæм, уымæн æмæ сæ домынц дыууæ республикæты адæм æмæ сæ къухдариуæггæнджытæ.

«Хуссар Ирыстоны кæддæриддæр æхсызгонæй æмбæлдзысты абхазаг уазджытыл. Ныфс мæ ис, æмæ ахæм балцытæ фæахъаз уыдзысты ноджыдæр министрадтæ æмæ уагдæтты активон архайдæн», – банысан кодта Президент Бибылты Анатоли. Дарддæр æрдзырдта дыууæ æвзонг республикæйы паддзахадон хæдбардзинады дунеон банымайыны фадыджы иумиаг бакусинаг хъуыддæгтыл.

«Абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг фæрстæ домынц, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы меморандумыл къухтæ æрфыссын. Фæлæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй нырма ницы фæндондзинад ис. Уыцы рæстæджы процесстæ цæуынц æмæ нæ республикæты банымайыны хъуыддаг дæр дарддæр кæндзæн. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн сæйраг уыд Уæрæсейы ‘рдыгæй паддзахадон хæдбардзинад банымайын», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Рауль Хаджимбайы ныхæс-тæм гæсгæ, ныртæккæ нæ бæстæты хæдбардзинад банымайыны фæдыл куыст цæуы. Ахсджиагыл банымадта Женевæйы фембæлдтыты фæзуат цæмæй нæ къухты бафта, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уый фæдыл сразыдзинад æмæ нæ бæстæты банымайыны гæнæнтæ, уымæн æмæ нæ иумиаг знагæй нырма дæр у тæссаг. Хаджимба банысан кодта, зæгъгæ, нын нæ адæмты тыххæй куыст нын фадæттæ араздзæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы райрæзтæн.

«Нæ бæстæты æмахастытæн ис арф, историон нысаниуæг. Æмæ æрмæст мах нæ, фæлæ нæ фидæны фæлтæртæ дæр хъуамæ дарддæр кæной уыцы хъуыддаг, цæмæй уыцы ахастытæ ноджыдæр фидар кæной æмæ нæ бæстæтæ рæзой», – дзырдта Хаджимба.

Банысан кодта нæ æмцæдисон, стратегион партнер Уæрæсеимæ ахастыты ахсджиагдзинад дæр.

«Мах æргомæй дзурæм  махæн æххуыс кæнынц, фæлæ нæхæдæг дæр хъуамæ архайæм нæ къæхтыл слæууыны тыххæй. Аразæм уавæртæ, цæмæй рæзой нæ хæдбар паддзахадтæ», – банысан кодта уый.

Хуссар Ирыстонмæ балцы рæстæджы цы документтыл  æрфыстæуыд къухтæ, уыдон, йæ хъуыдымæ гæсгæ, ноджыдæр фидар кæнынц дыууæ бæстæты æнгом ахастытæ.

Куыд зонæм, афтæмæй æрæджы Бибылты Анатоли дæр уыд Абхазы. Ахæм фембæлдтытæ, йæ хъуыдымæ гæсгæ уыдзысты дарддæр дæр.

Рауль Хаджимба куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ нæ ахастытæ æрмæст мидисджын нæ уыдзысты. «Истори бæлвырд кæны уый, æмæ ирæттæ æмæ абхазæгтæ æнгом æмархайд кæй кодтой. Бирæ радзырдтæ æмæ легендæтæ ис абахазæгтæ сæ сывæллæтты ирæттæн куыд лæвæрдтой, афтæ ирæттæ та абхазæгтæн.

Ныртæккæ нæ æмахастыты процесс рæзы. Уыд рæстæг, æмæ нæ бастдзинæдты æмвæзад æрныллæг, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, мах кæрæдзийы никуы рох кодтам. Уый нæ, фæлæ фæстаг рæстæджы цы процесстæ цæуынц, уыдон дзурæг сты ууыл, æмæ хъæуы нæ ахастытæ рæзын кæнын», – дзырдта Хаджимба.

Бибылты Анатоли банысан кодта, хæлардзинад кæй нæ зоны арæнтæ. Æфсымæрон ахастытæн кæрæдзийы ‘хсæн дæрддзаг ницы нысан кæны.

«Мах нæ ферох уыдзæн æфсымæрон Абхазы зæххыл ирон туг куы ныккалд, уæхски-уæхск иумиаг знаджы ныхмæ куы слæууыдыстæм, уый.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ адæм æхсæнгарзимæ слæууыдысты æмæ бахъахъхъæдтой сæ бæстæтæ. Уыцы мысынады охыл мах дарддæр хъуамæ рæзын кæнæм нæ хæларадон ахастытæ. Потенциал ам егъау у, æмæ уыцы потенциалæй æрмæст паддзахады сæргълæуджытæ ма хъуамæ пайда кæной, фæлæ æппæт министрадтæ æмæ уагдæттæ, æхсæнадон организацитæ», – дзырдта Президент.

Уый ма банысан кодта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны фыды-бæстæйон хæсты ветеранты æнгом архайд, уый кæй хъæуы фидардæр кæнын æмæ ног, бæрзонддæр æмвæзадмæ ракæнын. Махæн, зæгъгæ, уый нæ бон у, фæнды нæ æмæ йæ аразгæ дæр скæндзыстæм.

Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы бæстæты лидертæ ноджыдæр ныфс бавæрдтой, æмгуыстад дарддæр дæр кæй фидар кæндзæн, бафысгæ бадзырдтæ та практикон æгъдауæй æххæст кæй цæудзысты.

 

РАУЛЬ ХАДЖИМБА  БАБÆРÆГ КОДТА АБХАЗАГ МИНÆВАРАДЫ

Абхазы Президент Рауль Хаджимба йæ балцы фæлгæтты бабæрæг кодта Хуссар Ирыстоны абхазаг минæварады. Дипломатон минæварады кусджытæн йæ цæст бауарзта æнтыстытæ æмæ ныфс бавæрдта, минæварад дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзæн дыууæ бæстæты æмахастытæ фидар æмæ рæзын кæнынæн.

«Фадæттæм гæсгæ араздзыстæм æппæтдæр, цæмæй минæварад сифтонг кæнæм æнæмæнгхъæуæг куысты уавæртæй», – загъта Хаджимба.

Хуссар Ирыстоны минæвар Абхазы Елбачиты Алан банысан кодта, зæгъгæ, минæварад активон куыст кæны дыууæ бæстæйы паддзахадон органтимæ æмархайдыл. Ныфс бавæрдта, Абхазы интерестæ ам,  Хуссар Ирыстоны æмбæлон æгъдауæй кæй сты æвдыст. Хорз контакттæ нын, зæгъгæ, ис Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадимæ, æппæт паддзахадон структурæтимæ, хайад  исæм æппæт æхсæнадон  политикон мадзæлтты.

 

ОФИЦИАЛОН ВИЗИТЫ КÆРОЙНАГ ХАЙ

Хуссар Ирыстоны столицæйы знон уагъд æрцыд Абхазы Президент Рауль Хаджимбайы ацыды официалон церемони.

Хуссар Ирыстонæй церемонийы хайад райстой РХИ-йы Президенты Администрацийы сæргълæууæг Козаты Игорь, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, ахуырад æмæ хъæууон хæдзарады министртæ Гасситы Натали æмæ Пухаты Лев.

Абхазаг фарсæрдыгæй та дзы хайад истой Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг  Даур   Аршба,   фæсарæйнаг   хъуыддæгты æмæ хъæууон хæдзарады министртæ Даур Кове æмæ Даур Тарба. Афтæ ахуырады министр Адгур Какоба.

Абхазы Президент Рауль Хаджимбайы официалон балцы рæстæджы дыууæ бæстæйы лидер-тæ ноджыдæр æрдзырдтой æмгуыстады дарддæры фарстытыл, уыцы нымæцы æддагон политикæ æмæ дунеон банымады хъуыддаг райтынг кæнын. Бибылты Анатоли æмæ Рауль Хаджимба ноджыдæр банысан кодтой æмархайд æппæт здæхтыты дæр.

 

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.