Спортивон комплекс Олимпы уагъд æрцыд дунеон турнир комплексон æмбуархæстæй. Ерыстæ уагъд æрцыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боны цытæн. Турниры хайад райстой куыд Хуссар, афтæ Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Майдантыл тох кодтой 5 командæйы. Уыдон уыдысты Паддзахадон хъахъхъæныны службæ, Хъахъхъæнынады министрад, Мидхъуыддæгты министрад, Уæрæсейы тæрхондоны приставты федералон службæ æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады æмæ тæрхондоны приставты иумæйаг командæ. Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы йæ хайадисджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Ерыстæ стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодтой сæдæгай спортуарзджытæм. Алы фембæлды дæр цыд карз спортивон тох. Уымæн æмæ сæ фæстиуджытæм гæсгæ арæзт æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ, кæцы республикæйы спортивон кад хъахъхъæндзæн дунеон ерысты. Комплексон æм-буархæст республикæйы фæзынд 9 азы размæ. Уæдæй нырмæ нæ республикæйы минæвæрттæ хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой дунейон ерысты.

Турниры фæстиуджытæм гæсгæ йæ уæлахиздзаутæ систы Бестауты Азæмæт (60 кг, Хъахъхъæнынады министрад), Хаситы Зелим (65 кг, Мидхъуыддæгты министрад), Бибылты Марат (70 кг, Хъахъхъæнынады министрад), Лолоты Артур (75 кг, Паддзахадон хъахъхъæныны службæ), Коцты Алан (80 кг, Паддзахадон хъахъхъæныны службæ), Дзæгъиаты Аслан (85 кг, Мидхъуыддæгты министрад), Къадзты Михаил (90 кг, Мидхъуыддæгты министрад) æмæ Котолиты Бола (+90 кг, Мидхъуыддæгты министрад). 

Турниры уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ кубоктæй.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.