Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстӕй дзӕвгар рӕстӕг рацыд, фӕлӕ рӕстагон, сабыруарзаг адӕмтӕй нӕ рох кӕнынц, сӕрибардзинадыл чи тох кодта, не стыр Уӕлахиз кӕй фӕрцы бафтыд, советон адӕмы уыцы хъайтардзинад. Цӕудзысты азтӕ, ивдзӕн рӕстӕг, фӕлӕ тохы быдыры ӕхсардзинады цӕвиттон чи ӕвдыста, Райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд йӕ цард чи рауӕлдай кодта, уыдон нӕмттӕ цӕргӕйӕ баззайдзысты ӕнустӕм.

Фыдыбӕстӕйон хӕстӕй сӕрӕгасӕй чи ӕрыздӕхт, дарддӕр та сабырадон царды хӕрзиуджытӕ чи парахат кодта, уыдонӕй ма абоны бон не ‘хсӕн цы иугай хӕстонтӕ ис, уыдон кӕддӕриддӕр ӕййафынц фаг аудындзинад ӕмбӕлон органтӕй. Уый тынгдӕр банкъарынц, не Стыр Уӕлахиз куыд ӕввахсдӕр кӕны, уыцы бонты.

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы 73 азы боны цытӕн ныр дӕр нӕ республикӕйы ветеранты зӕрдӕйы уагыл ноджы хуыздӕрӕрдӕм бандӕвта, сабыр цард зынаргъ кӕмӕн у, уыцы фӕлтӕрӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕстӕг йӕхион кӕны ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ скадавар сӕ нымӕц, абон ма нӕ Республикӕйы ӕдӕппӕт сты 24 хӕстоны. Уыдонмӕ Уӕлахизы 73 азы цытӕн арфӕйы фыстӕджытӕ ӕрӕрвыста Уӕрӕсейы Федерацийы Президент Владимир Путин ӕмӕ сын зӕгъы иууыл хуыздӕр фӕндиӕгтӕ. Ветерантӕм хӕдзӕрттӕм бацыдысты ӕмӕ сын сӕ цытджын ӕгъдауӕй радтой РХИ-йы УФ-йы минӕварады кусджытӕ, арæнхъахъхъæнæг управленийы минæвæрттæ, ӕмӕ РХИ-йы Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав, йӕ хӕдивӕг Уалыты Гайоз, Цхинвалы горӕты Ветеранты советы сӕрдар Гобозты Ӕхсар æмӕ йӕ хӕдивӕг Козаты Павел. Арфӕйы фыстӕджытӕй дарддӕр ма сын бакодтой лӕвӕрттӕ дӕр.

Ӕрӕджы, нӕ республикӕмӕ фӕуазӕг Луганскы Адӕмон Республикӕйы спортивон фонды Президент Исмаилов Рауф. Уымӕн йӕ бӕллиц уыд, цӕмӕй хӕсты хайадисджытӕй алчи дӕр хорзӕхджын ӕрцӕуа ӕхцайы фӕрӕзтӕй фӕйнӕ 5 мин сомæй. Уыцы æххуыс дæр райстой æмæ сæ байуæрстой  республикӕйы Ветеранты советы кусджытӕ. Хӕсты ветерантӕ арфӕйы фыстӕджытӕ ӕмӕ зынаргъ лӕвӕрттӕй баззадысты райгондӕй ӕмӕ зӕрдӕбын арфӕтӕ ракодтой, чи сæ ӕрхъуыды кодта, стӕй сӕм сӕ чи фӕхӕццӕ кодта, уыдонӕй.

 

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.