Фыдæлтæй фæстæмæ ирон адæм зæхкуысты æмрæнхъ кодтой  фосдарды куыст дæр. Дардтой æмæ абон дæр дарынц куыд ставдкъах, афтæ лыстæгкъах фос – фыстæ æмæ сæгътæ дæр. Фыстæ фылдæр дардтой æмæ уый æмбæрстгонд дæр уыдис, уыдон лæвæрдтой къуымбил æмæ уый та баст  уыдис фæсмынгуыстимæ, кæцыйы кодтой алы ирон хæдзары дæр. Сæгътæ кæд къаддæр дардтой, уæддæр ын къаддæр нысаниуæг нæ уыдис адæймаджы царды, уæлдайдæр та йе ‘нæниздзинад банывыл кæнын æмæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы.

Сæгъ фысау кæд къуымбил нæ лæвæрдта, уæддæр лæвæрдта фысы хъуынæй бирæ фæлмæндæр, лыстæг æмæ хъарм-дæр чи уыдис, уый – тинтычъи. Афтæ йæ хуыдтой. Сæрмагонд сæрвасæнæй-иу ын фастой йæ хъуынтæ æмæ дзы буармæ хæстæгдæр чи уыдысты, уыдон æмбырд кодтой. Æлвынгæ дæр-иу сæ акодтой. Тинтычъийæ быдтой, сæйраджыдæр, кæлмæрзæнтæ, свитртæ, æрмкъухтæ æмæ æндæр дзаумæттæ дæр. Уыдон уыдысты бирæ хъармдæр æмæ фæлмæндæр.

Рагон ирон хæдзары сынтæджы раз цæст æнæсхæцгæ нæ фæуыдаид сæгъдзармыл. Растадтæ дæ сынтæгæй æмæ йыл дæ гом къæхтæ авæрдтай уазал астæрды бæсты…

Уыдæттæ дæр – хорз, фæлæ рахизæм йæ фыдмæ. Сæгъы фыдæн стыр аргъ кодтой нæ фыдæлтæ. Уымæн æй æргæвстой дзуарыбонты дæр. Йæ фыд хицæн кæны æндæр фосы фыдæй, фыццаджыдæр та, тагъд кæй сæлы, уымæй, стæй пайдадæр у адæймаджы организмæн. Уый уымæн æмæ æндæр фосау æрмæст кæрдæгæй нæ цæры. Йæ уд, йæ дзæцц у хъæдмæ баирвæзын, æрыгон бæласы цъæрттæ ахсынын, къутæрты къалиуты ногдзыд цъуппытæ, алыгъуызон зайæгойтæ ахæрын. Йæ хæлц æндавы куыд йæ дзидзайыл, афтæ – йæ сой æмæ æхсырыл дæр. Йæ сойы йын раздæр агуырдтой æндæр æмæ æндæр низтæй хос кæнынæн, уæлдайдæр та-иу, адæймаджы уазал куы бацыд, уæд.

Фæлæ сæгъæн уæддæр, иууыл стырдæр «кад» скодта йе ‘хсыр. Рагзамантæй фæстæмæ пайда кæнынц адæм сæгъы æхсырæй. Хонгæ та йæ кодтой «урс туг». Фыццаджыдæр, зæгъын хъæуы уый, æмæ йе скондмæ гæсгæ тынг æввахс кæй лæууы мады æхсырмæ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ йæ дарынц ноггуырд сывæллонæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллонæн иууыл хуыздæр у мады æхсыр æмæ йæ гæнæнуæвгæйæ, хъуамæ дæйа æпынкъаддæр 6 мæйы бæрц, фæлæ, зæгъгæ, уый нæй, гъе та нæ фаг кæны, уæд æй баивы сæгъы æхсыр. Бирæтæ сæ ноггуырд сабитæн дарынц хъуджы æхсыр, фæлæ уымæй бирæ æнцондæр тайæн у сæгъы æхсыр, стæй йæ гъæд дæр у хуыздæр. Уыимæ сæгъ нæ рынчын кæны туберкулезæй æмæ æндæр низтæй, кæцытæй рынчын кæны хъуг æмæ уымæ гæсгæ сывæллонæн тас нæу ахæм низтæй фæрынчынæн. Бирæтæ дызæрдыг кæнынц, сæгъы æхсыры фыцын хъæуы æви нæ. Куы зонай сæгъ æнæниз у, уæд ын йе ‘хсыр фыцын нæ хъæуы.

Ахуыргæнинæгтæн æххуыс кæны сæ хъуыдыкæнынады рæзт активондæр кæнынæн, уæлдайдæр та – фæлварæнты рæстæджы. Йæ пайда йын хорз æнкъарынц, спортивон секцитæм чи цæуынц, спорты архайын йæ царды нысан кæмæн у, уыдон. Уымæн æмæ уый бæрзонддæр кæны фæразондзинады æмвæзад, дæтты тыхтæ. Ацы продукт регуляронæй нуазгæйæ, сывæллæттæ къаддæр рынчын кæнынц карз респираторон низтæй, экземæйæ, иммунитеты ныллæг æмвæзадæй, хъусты инфекцийæ.

Бирæ сты йæ пайдайы миниуджытæ сæгъы æхсырæн. Цæвиттон, адæймагæн фидардæр кæны йе стджыты, сæрыхъуынты, ныхты, нормалон уагмæ кæны зæрдæйы куыст, бæрзонддæр кæны туджы æмæ  иммунитеты гъæд, хуыздæр кæны цармы уавæр, ахъаз кæны ахсæн-тъæнгты нормалон куыстæн. Йæ калориондзинад бæр-зонд кæй нæу, уымæ гæсгæ йæ нымайынц диетикон хæринагыл. Организмæй рахицæн кæны токсинты æмæ туджы къаддæр кæны холестерины æмвæзад. Регуляронæй йæ нуазгæйæ, сындæгдæр кæны туджы тромбты рæзт, нормалон кæны мидæггаг органты архайд. Дохтыртæ сæгъы æхсыр амонынц туберкулезæй, бронхалон астмæйæ, ахсæны низтæй (колит, хъæдгом, гастрит), остеопороз æмæ æрхджыты æндæр низтæй рынчынтæн. Афтæ ма ахъаз кæны хуыздæр фынæй кæнынæн дæр.

Сæгъы æхсыр стыр пайда хæссы зæронд кары адæймæгтæн æмæ уæззау операци кæмæн сарæзтой, ахæм рынчынтæн дæр. У æнцонтайæн æмæ ахъаз кæны хæлц тайын кæнынæн дæр, нæ уадзы гуыбын сур кæнын. Уыимæ ахъаз кæны низæй схос кæныны æмæ операцийы фæстæ организмы тагъддæр сæндидзын кæнынæн. Афтæ ма ахъаз кæны стресстæ сисынæн æмæ зæрдæйы равг фæхуыздæр кæнынæн.

Сылгоймаг æнхъæлцау куы вæййы, уæд ацы продукт тох кæны йæ организмы кальций æмæ В12 витамины цухдзинады ныхмæ æмæ рæзгæ сабийы ифтонг кæны хъæуæг буарадтæй. Сылгоймæгтæ ма дзы арæх пайда кæнынц, куыд рæсугъдгæнæн фæрæз, афтæ дæр.

Адæмы ‘хсæн ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, сæгъы æхсыр хæрздæф нæ кæны. Фæлæ уый раст нæу. Цæмæй æхцон чи нæу, ахæм тæф ма кæна, уый тыххæй хъæуы хуымæтæджы домæнтæ æххæст кæнын: сæгъты дарын хъæуы сыгъдæг ран, æрвылбон сын сæ бын хъæуы мæрзын, сæ фæздæтты дуцыны агъоммæ – æхсын, цы мигæнæнтæй пайда кæной, уыдоны хæрзæхсад кæнын.

Нæй ахæм продукт, кæцы цавæрдæр низы ныхмæ тох кæныны пайда нæ, фæлæ хæссы зиан дæр. Сæгъы æхсыр не ‘мбæлы нуазын, панкреатитæй рынчын чи у, нард кæнынмæ æмхиц чи у, урсагмæ (белок) аллерги кæмæн ис, уыдонæн. Бирæбæрцæй йæ нуазæн нæй сæкæры диабетæй рынчынтæн дæр, сойæгтæ дзы кæй ис, уый тыххæй, фæлæ йæ чысыл бæрц туджы мидæг холестерины æмвæзад къаддæр кæны.

Сæгъы æхсыр, тагъд чи сæфы, ахæм продукт нæу. Хатæны температурæйы ногдыгъд æхсыр фæлæууы æртæ суткæйы бæрц, уазалгæнæны та – авд суткæйы бæрц. Йæ пайдайы хиæдтæ нæ сафы, æгæрыстæмæй йæ сæлæн камерæйы куы бавæрай, уæд дæр. Уым та æфснайдæй гæнæн ис фæлæууа афæдзы бæрц. Æрмæст æй сæлын кæнын хъæуы æрдуцыны хæдфæстæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, сæгъы æхсыр нæу уæлдæр ранымад низты ныхмæ фыццаг хос, фæлæ æххуыс кæны  медицинон хос кæнынæн, куыд организм хъахъхъæныны уæлæмхас фæрæз, афтæ. Ахсджиаг у зæрдыл бадарын: 40-50 азы кары онг æрвылбон дæр гæнæн ис иу агуывзæ сæгъы æхсыр нуазын, уый фæстæ хуыздæр у йæ фæкъаддæр кæныны æрдæг агуывзæйы онг.

Куыд ма загътам, афтæмæй сæгъ æнæзындгонд нæу нæ республикæйы хъæууон цæрджытæн дæр. Хорз зонынц, цас пайда хæссы, уый дæр. Фæлæ, хъыгагæн, чи сæ дары, уыдоны нымæц фæстаг рæстæджы тынг фæкъаддæр ис. Уый баст у, фыцца-джыдæр, хъæууон цæрджыты нымæц кæй къаддæр кæны, уыимæ. Ис ма, нæ хъæдты бирæгътæ кæй сарæх сты, уыцы аххосаг дæр. Сæгъ йæ хъус хъæды ‘рдæм дары, уым та бирæгътæ сарæх сты. Сæгъ æмæ бирæгъæн цы ахастытæ ис, уый та алчи дæр зоны. Фæлæ уæддæр рох кæнын нæ хъæуы ацы цæрæгойты. Куыд зонæм, афтæмæй у æнцондарæн, бирæ хæрдзтæ нæ домы, афтæмæй йæ пайда та стыр у.

 

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.