ЦИНЫ ФЫНГЫЛ РУХСАГ ЗÆГЪЫН НÆ ФÆТЧЫ

Ирон адæммæ ис дыууæ дзырды: фынгæвæрд æмæ фынджыдзаг. Фынгæвæрд вæййы цины хъуыддаджы, Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм скувын, хи сыл бафæдзæхсыны тыххæй, фынджыдзаг та – мæрдтæн рухсаг зæгъыны, æрымысыны тыххæй. Фынгæвæрд æмæ фынджыдзаг хицæн кæнынц, цы бæркад сыл вæййы, уы-мæй дæр. Фынджыдзаг æрцæттæ кæнынц сабатмæ, фынгæвæрд та – къуырийы иннæ бонтæй кæцыфæндыйы дæр. Цины фынгыл: куывды уа, чындзæхсæвы, чызгæрвысты ссарынц, бинонтæй чи фæхъуыд, уыдоны нæмттæ дæр. Цæмæй хæдзарыл цы хорз хъуыддаг æрцыд, ууыл уыдон дæр фæцин кæной, сæ фарн мæрдтæм ма ацæуа, фæлæ уæлæуыл баззайа, удæгæстæн æххуысæн, аудой сыл. Марды аудындзинад, дам, зæды аудындзинадæй къаддæр нæу, куы фæ-зæгъынц. Фæлæ сын цины фынджы бæркадæй рухсаг зæгъын нæ фæтчы! Уымæн æмæ фынг Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты номыл у. Уыдон сбуц кæнынæн сты, фынгыл цыдæриддæр æвæрд ис, уыцы хойраг, фыдызгъæл, нозт æмæ иннæтæ. Дæ мардмæ рухсаг зæгъынæй кæд дæ зæрдæ æхсайы, уæд ын хæстæгдæр мæрдты бон сабатмæ фынджыдзаг æрцæттæ кæн æмæ йын æй ныххæлар кæн. Зæдты æмæ дауджыты дæхимæ ма мæсты кæн, сæ фыдæхæй дæхи хъахъхъæн. Ацы хъуыддаг арæх фынгыл дзырддаг свæййы. Чидæртæ ныццæх-гæр вæййынц, мæнæн мæ фыд афтæ кодта, зæгъгæ. Омæ, гормон, кæд дæ фыд рæдыд, уæд ды дæр хъуамæ рæдийай? Цы æгъдауимæ баст у, цы æвдисы, хæццæ-мæццæ кæнын йеддæмæ цы дæтты? Ницы. Табутæ цы хойрагимæ кæнæм, уый фарн цæмæн сафыс?!

АФÆДЗЫ КÆНДЫ ÆРТÆ ЧЪИРИЙЫ

 Афæдзы кæнды фæстагмæ цы æртæ чъирийы рахæссынц, уыдоны æгъдау дæр та чидæртæ иннæрдæм здахынц. Уый фæдыл дæр нæ фæрсæг арæх вæййы. Зонæм æй: ирон адæймаг Стыр Хуыцауы ном ары æртæ уæливыхæй, стæй дыууæ уæливыхæй дæр. Цины æртæ хæбизджынæй, зианы – дыууæйæ. Æмæ йæм уымæн фæкувæм, фæкурæм дзы “Хуыцау, Стыр Хуыцау! Цытджын нын дæ æмæ дын дæ ном фылдæр æртыгай уæливыхтæй куыд арæм, уыцы ахъаз бакæн”. Æртæ хæбизджынæй куы фæкувæм, уæд сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнæм, уæлæмæ æртæйæ куыд зыной. Ома, Хуыцау, дунемæ нæ радтай æмæ дзы цæрæм зæххыл – бинаг уæливых, дон – астæуккаг æмæ хуры – уæллаг уæливыхы фæрцы. Чи амæлы, ууыл йæ хур аныгуылы æмæ зианы фынгтыл уæллаг уæливых нал æвæрæм. Дыууæ кæрдзынæй дзы арæм Хуыцауы ном, кæнæм рухсаджы æмæ цæрæнбоны рæгъытæ. Æрмæст хыссæйы, цыхты змæсты сæртæй æфсинтæ æртæ уæливыхы ракæнынц, сыхы æмæ мыггаджы хистæртæй дыууæмæ фæдзурынц. Уыдон сæ скувынц, бинонты Хуыцауы уазæг бакæнынц, цæмæй сыл нырæй фæстæмæ хорз хабæрттæ цæуа. Саходынц дзы, иннæ хойраг, нозт æфсинтæн баззайы. Фынгыл та æрæвæрынц дыууæ кæрдзыны. Зианы кæрдзынгæнджытæ афæ-дзы кæнды фынгмæ дæр æрцæттæ кæнынц æртæ уæливыхы. Æрмæст сæ уырдыглæууæг хистæрты фынгмæ æфсинты разæй арахъы æндæр дурын æмæ агуывзæимæ рахæссы, марды мæрдты бæсты æмæ йæ бинонты дæр Мыкалгабырыл хистæр куы бафæдзæхсы, уæд. Мыкалгабыр та у фыдбылызсафæг, бæркадæфтауæг æмæ йæ хъомыс Мæрдты бæстæм дæр æххæссы. Уырдыглæууæг рагацау хистæрты раз сæр æмæ бæрзæйæ уæлæмæ айафтид кæны, стæй дзы æртæ хæбизджыны æрæвæры. Агуывзæ арахъæй байдзаг кæны æмæ йæ хистæрмæ радты. Уый, бæркады рæгъ кæронмæ куы ахæццæ вæййы, уæд сысты. Сыстынц иууылдæр. Æмæ фынджы хистæр бинонтæн скувы Стыр Хуыцаумæ, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæм. Фæзæгъы, бинонтæ сæ мардæн афæдзæй-афæдзмæ æмбæлгæ æгъдæуттæ кæй фæкодтой. Æмæ сыл хæрзмæ аудæд. Нырæй фæстæмæ сæ кæстæртæн цины хъуыддæгтæм цæуыны, хъæлдзæг хабæрттæ кæныны бар ис. Сæ лæппутæн устытæ курынæн, сæ чызджы-тæн – чындзы цæуынæн. Хуыцау сæ хорздзинæдты бафтауæд. Уый фæстæ кувæггаг авæры сæ уæлхъус бинонты нæлгоймæгтæй чи æрбалæууы, кæнæ уырдыглæууæгмæ. Уый дзы ацаходы, уæливыхтæй саходы. Æмæ ууыл бадт ахицæн вæййы. Æртæ уæливыхы æмæ дурыны арахъ агуывзæимæ уырдыглæууæг бахæссы, кæцæй сæ рахаста, уырдæм хæдзармæ. Ацы æгъдау сын сæ дыууæ кæрдзыны аивын кæны æртæйæ. Алы хистæр афтæ кæй нæ кæны, хæрнæджы фынгыл ма адæмы ногæй чи æрбадын кæны æмæ дзы рæгъыты бæсты сидтытæ – æртæ кæнæ фондз чи рауадзы, ахæмтæ дæр кæй вæййы, уый адæмы зæрдæмæ нæ цæуы, тыхсын сæ кæны. Ногæй æрбадын – иуæй æгъдауы не ‘мбæлы, иннæмæй ма уымæй фыдуынддæр цы уа, марды раз та – тæригъæд. Мардæн цы фынджы бæркад ныххæлар кодтой, ууыл сидтытæ уа-дзын нæ фæтчы. Ахæм хистæры дæле зын бадæн у. Æмæ кæд бæркады рæгъы фæстæ сыстадтæ, уæд мауал сбад. Уым æнæгъдау мийæ мур дæр ницы ис, хистæр у йæхæдæг æнæгъдау?

   ЦГЪОЙТЫ Хазби

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.