Алы наци дæр йе ‘взаг, йæ культурæ æмæ йе ‘гъдæуттæй дары бæрæг æндæр нациты ‘хсæн. Æмæ нацитæй тыхджындæр уыдзæн, æппæт уыдæттæ рох нæ, фæлæ фидардæр, цæрдхъомдæр чи кæны. Махмæ Нарты кадджытæ æрхæццæ сты дзыхæйдзургæ сфæлдыстады фæрцы. Фæлæ ма ахъуыды кæнæм: уыцы æнæмæлгæ кадджыты исчи куы фыстаид, чингуытæй куы цыдаиккой, архивты æфснайд куы æрцыдаиккой, уæд абон цас хъæздыгдæр уыдаид нæ æнæмæлгæ эпос!.. Махæн, ирон адæмæн, ис, цы зæгъæм, æндæр бæстæтæ, æндæр адæмтæн цы равдисæм. Æмæ нын æхсызгон куыднæ вæййы, махмæ дæр куы æрхауы алы æмæ алы æмвæзадтыл нæ проблемæтыл æрдзурын æмæ нæ национ удварн равдисыны фадат. Æрæджы горæт Санкт-Петербурджы цы æхсæндунеон культурон форум уыд, уыцы форумы куысты хайад райстой нæ минæвæрттæ дæр. Галаты Барисы номыл культурæйы фонды номæй дзы уæлдай активон хайад райста Гæбæраты Андрей. Нæ уацхæссæг бацымыдис кодта, ахæм бæрзонд æмвæзадыл уагъдцæуæг форумы нæ хайадисты нысаниуæгмæ. Æмæ бахатыд Гæбæраты Андреймæ, цæмæй нæ лæмбынæгдæр базонгæ кæна форумы нысаниуæг æмæ фæстиуджытимæ.

– Æрæджы уæ организацийы номæй хайад райстай, ахсджиг нысаниуæг кæмæн ис, ахæм культурон форумы мадзæлтты. Цы дæ сразæнгард кодта уыцы форумы хайад райсынмæ æмæ дæм цахæм тæлмæнтæ сæвзæрд йæ куыст æмæ йæ фæстиуджыты тыххæй?

– Галаты Барисы номыл культурæйы фонд рагæй у æнгом баст Санкт-Петербурджы культурон цардимæ. Уæлдай æнгомдæр ахастытæ нын ис уæрæсейаг зонад-иртасæн институтимæ. Махмæ ацы институтæй æрæрвыстой хонæн гæххæтт. Мах фæхуыдтой зонадон конференцимæ, кæцы уагъд æрцыд банысангонд форумы фæлгæтты. Мах зæрдиагæй райстам ацы хонæн. Хайад райс-там йæ куысты, фембæлдыстæм бирæ зындгонд адæмимæ.

Конференцийы мæнæн уыд сæрмагонд доклад ахæм темæйыл: «Хуссар Ирыстон куыд хъахъхъæны æмæ рæзгæ фæлтæры куыд зонгæ кæны сæ фыдæлты культурон бынтимæ». Конференцийы хайадисджыты лæмбынæг базонгæ кодтам, Галаты Барисы музейы экспонатты нымæц куыд рæзы, куыд сæ хъахъхъæнæм, хицауады ‘рдыгæй нæм цахæм хъусдард ис, æппæт уыдæтты тыххæй. Базонгæ сæ кодтам нæ куысты дарддæры плæнттимæ дæр, уыдон сæххæст кæнын та æнгом баст у уæрæсейаг зонад-иртасæн институты куыстимæ. Уымæй дарддæр ма хайад райстам ахæм ахсджиаг мадзалы дæр: «Тымбыл фынг «Культурæйы тыххæй» федералон закъоныл æруынаффæ кæныны фæдыл». Уый уагъд æрцыд Аристархов Владимиры хъæппæрисæй. Уый раздæр уыд Уæрæсейы Федерацийы Культурæйы министры хæдивæг, ныртæккæ та у Д. Лихачевы номыл Культурæ æмæ æрдзон хæрзиуджыты фæдыл зонад-иртасæн институты директор. Уый у ахæм уагдон, цыран æфснайд сты æнæхъæн дунейы адæмты рагон музыкалон фольклорон бынтæ. Уым ма уыд ноджы иу конференци: «Б. Путилов æмæ К. Чистовы райгуырдыл сæдæ азы сæххæсты цытæн бакас-тытæ». Уыдон уыдысты зындгонд фольклористтæ æмæ махæн æнæмæнгхъæ-уæг уыд ахæм мадзалы хайад райсын, уымæн æмæ Галаты Барисы номыл культурæйы фонды сæйраг хæс у фольклорон бынтæ хъахъхъæнын, уыцы хъуыддаджы æмгуыстады уæрæхдæр фæндæгтæ агурын. Ацы институты фольклорон секторы сæргълæууæг Власов Андрейæн балæвар кодтам Хетæгкаты Къоста æмæ Галаты Барисы юбилеймæ уагъдæрцæуæг чиныг «Борис Галаев. Песни и романсы на стихи Коста Хетагурова», Галаты Барисы симфонион музыкæ-йы диск æмæ кæй æрæмбырд кодта, уыцы рагон ирон фольклорон зарджытæ.

Цалдæр хъуыддагон фембæлд мын уыд Мариинаг театры дæр, кæцыйы аивадон къухдариуæггæнæг у Гергиты Валери. Куыд зонæм, афтæмæй Галаты Барис ныффыста фыццаг ирон музыкалон драмæ (мах æй оперæ хонæм) «Нарты Батрадз», фыццаг ирон музыкалон комеди «Усгур» æмæ æндæртæ. Уыдон æвæрд æрцыдысты нæхи театры симфонион оркестры, фæлæ се ‘ххæст кæныны хайад истой Мæскуы æмæ Тбилисы симфонион оркестрты музыканттæ. Уымæ гæсгæ сæ хъæуы ногæй фыссын, ногæй цæгъдын, цæмæй сæ абоны фæлтæр ма рох кæна. Ацы хъуыддаджы нын æвæджиауы æххуыс бакодта Гергиты Валери. Рахицæн нын кодта оркестр уæлдæр ранымадгонд уацмысты сног кæнынæн. Мæ фембæлдтытæ дæр уыдæтты фæдыл уыдысты.

– Ды скодтай «Культурæйы тыххæй» закъоны фæдыл тымбыл фынджы кой. Цахæм хъуыдытæ дзы æрцыд хаст рæгъмæ? Мах сæйраджы цымыдис кæны, уыцы тымбыл фынджы куысты хайад райста нæ Культурæйы министр дæр?

– Зассеты Жаннæйы фæндыд хайад райсын уыцы тымбыл фынджы куысты, фæлæ тагъд кодта Эрмитажмæ. Бирæ мадзæлттæ уыд форумы æмæ дзы алцæуыл аххæссæн нæ уыд. Æз мæхæдæг раныхас кодтон уыцы закъоны проекты фæдыл. Чи ма дзы раныхас кодта, уыдонæй иу иу дæр разы нæ уыд проектимæ, иууылдæр равдыстой се ‘нæразыдзинад.

– Куыд загътай, афтæмæй ды доклад скодтай зонад-иртасæн институты æмæ радзырдтай, Галаты Барисы номыл культурæйы фонд кæй кусы культурон бынтæ бахъахъхъæныныл, фæстагæттæм сæ адæттыны тыххæй цы куыст кæны æмæ цахæм методтæй пайда кæны. Дæ раныхасы исты ногдзинад уыдис, чи дæм хъуыста, уыдон æнхъæл цæмæн нæ уыдысты?

– Галаты Барис суанг 1928 азæй фæстæмæ Ирыстоны алы къуымты æмбырд кодта æмæ ныффыста бирæнымæц ирон адæмон, фольклорон зарджытæ. Фонд архайы уыдон бахъахъхъæныныл. Фæлæ нæ хъæуы, кæй кой нæм æрхауд, ахæм зонад-иртасæн институтты æххуыс, цæмæй ифтонг уæм нырыккон, фыссæн æмæ хъусæн фæрæзтæй. Цыдæриддæр нæм æнæматериалон культурон бынтыл нымад цæуы, уыдон хъуамæ æфснайд уой музейты, архивты, зонадон институтты, алыгъуызон коллекциты. Уæд сын нæ уыдзæн тас фесæфынæй æмæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ цæрдзысты адæмы ‘хсæн.

Нарты кадджытæ музейты, архивты нæ уыдысты æмæ нæм æрхæццæ сты  кадаварæй. Нæ фонды позици у ахæм: цас фылдæр рæтты цæуой æфснайд нæ культурон бынтæ, уый бæрц хуыздæр уыдзæн. Хорз у æмæ Барисы рагон фыст зарджытæ æмæ кадджытæ æфснайд æрцыдысты уæлдæрзагъдгонд институты. Уымæн æмæ фоноваликтæ æфснайын æмæ сæ оригиналондзинад бахъахъхъæнынæн сæрмагонд техникон фæрæзтæ хъæуы. Нæ фонд зæрдиагæй архайы уыцы уникалон сфæлдыстадон бынтæ ирон адæмы ‘хсæн парахат кæныныл. Цыбыр æмгъуыдмæ минæй фылдæр аудиодискы байуæрстам, скъолаты, музыкалон ахуыргæнæндæтты æмæ аивадон коллективты. Уымæй дæр æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Волгограды, Самарайы, Саратовы, Челябинскы, Екатеринбурджы, Турчы, Францы, Австри æмæ ноджы æндæр рæтты цы ирон диаспорæтæ æмæ æхсæнадтæ ис, уыдонæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, аивадиртасджытæн, музейтæ æмæ архивты къухдариуæггæнджытæн æхсызгон нæу ацы хъуыддаг, уыдоны фæндыд, цæмæй, уникалон чи сты, ахæм музыкалон бынтæ уой æрмæстдæр уыдонмæ, ома, алкæмæ куы уой, уæд ма махмæ цы ис, уыдонæн цы аргъ уыдзæн. Фæлæ мах та фæнды, цæмæй, цас гæнæн ис, уый бæрц фылдæр ирон адæм зонгæ уой сæ фыдæлты аивадимæ, сфæлдыстадон æмæ культурон бынтимæ. Галаты Барис уыцы зарджытæ æмæ кадджытæ цы амæлттæй фыста, уыдæттæ хынцгæйæ, хъуамæ зæгъæм уый, æмæ уыцы рæстæджы фыстæрцæуæг фонограммæтæ ног хуызмæ ракæнын бирæ фыдæбон æмæ фæрæзтæ кæй домдта. Æрмæст сæ рафыссыны аргъ нын слæууыдаид æртæ милуан сомы. Уымæ гæсгæ мах стыр бузныг зæгъæм институты куысджытæн, ахæм æвæджиауы лæггад нын кæй бакодтой, уый тыххæй. Махæн нæ – Ирыстонæн, ирон культурæйæн!

– Фонд ис, Цхинвалы Галайы фырт кæм цард, уыцы хæдзары. Уым ис йæ музей дæр. Уымæ гæсгæ æвзæры фарст: музей æмæ фонды архайд куыд иу кæнут, фаг уын ис бынат кусынæн?

– Бынат æгæр къуындæг у. Кæд нын дыккаг уæладзыг дæр сырæза, уæд нæ авналæнтæ фæуæрæхдæр уыдзысты. Уымæй нын ныфс æвæрынц. Абон махæн уый бæрц бынат нæй, цæмæй алы экспо-натимæ зонгæ кæнæм, чи сæм цымыдис кæны, уыдоны. Тæдзы хæдзары агъуыст, хæсты рæстæджы бахъыгдард. Агъуыс-тæн йæ иу хай раивтам нæхи фæрæзтæй, фæлæ йыл уый уадиссаг нæ фæзынд. Кæд нæ фæндтæ сæххæст уой, уæд нын фадат фæуыдзæн, цæмæй алкæцы экспонат дæр йæ бынат ссара. Стæй нæ тынг зæрдиагæй фæнды, цæмæй нæм сырæза стыр музыкалон культурон центр, цæмæй дзы бынат уа Галаты Барис стыр аивадмæ кæй ракодта, йæ уыцы ахуыр-гæнинæгтæ Гаглойты Зауыр, Гæбæраты Илья, Плиты Христофор, Хаханты Дудар, Æлборты Феликс æмæ æндæртæн дæр.

…Кæй кой нæм æрхауд, уыцы фо-румæн йæ бындурон фæзуат уыд Эр-митаж. Уым уыд форумæн йе штаб, уыдис дзы пленарон рабадтытæ, кон-церттæ, презентацитæ, равдыстытæ. Куыд æй зонут, афтæмæй мах фæстаг цалдæр азы æмархайд кæнæм Екатеринбурджы «Центр Содействие»-имæ. Культурон проекттыл кусгæйæ, æмгуыстад кæнæм Свердловскы областы хицауиуæгадон структурæтимæ. Рагон æмæ мын æнгом ахастытæ ис сæ филармониимæ. Эрмитажы уыд Свердловскы филармонийæн презентаци, цыран хайад райста Свердловскы областы губернатор Куй-вашев Евгений. Ацы филармониимæ бирæ иумæйаг проекттæ ис махæн культурон бынтæ бахъахъхъæнын, Ирыстонимæ адæмы зонгæ кæнын, ирон компо-зиторты, уыцы нымæцы Галаты Барисы аивадон, сфæлдыстадон бынтæ парахат кæныны фæдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.