Уæлладжыры – Уæллаг  Иры ком. Ирыстоны егъаудæр ком хæссы иры ном. Иры ном хæссы, ам абухгæ æмæ йæ къæй фæрстæ фæйнæрдæм тонгæ хæхтæй фервæзыны охыл сæрбихъуырæйттæ кæнгæ быдырмæ цы цæугæдон тындзы, уый Æрыдон – Иры дон дæр. Уæлладжыры комæй фæйнæрдæм Хурыскæсæнмæ, Хурныгуылæнмæ, стæй Хуссармæ дæр æфтыдысты бирæ ирон мыггæгтæ. Ирон адæм Тимуры – Тамерланы лæджыфыдхор æрдонгтæй хæхты цъассытæм куы лыгъдысты, уæд Уæлладжыры комы уыйбæрц адæм æрцард, æмæ дзы сабыргай бирæты лидзын бахъуыд Ирыстоны иннæ кæмттæм.

Уый уыд фыццаг фæлтæр. Дыккаг фæлтæры рад æрцыд, ацы комы цæрджытæ цот кæнынмæ куы фесты, уæд. Нал сын фаг кодтой хуымзæххытæ, хосгæрсты тъæпæнтæ, сæрвæттæ, цæрæнбынæттæ. Æмæ сæ сæрæндæртæ æд бинонтæ лыгъдысты дард рæттæм дæр. Æцæг быдырмæ нæ. Уырдæм, сæ фыдæлты зæхмæ сæ ракæсын дæр нæ  уагътой кæсæг. Уыдон сын схицау сты, стæй дзы æдасæй цæрæн нæ уыд, тыхгæнджытæ дзы æххормаг бирæгъты балтау зылдысты.

Уæлладжыры комы Уæллаг Холыстæй сты Гуылæртæ дæр. Сæ мыггаджы равзæрæн бынат дæр у ацы хъæу. Уæлладжырæй æндæр рæттæм цæрынмæ чи алыгъд, уыдонæй бирæтæ сæ фыдæлы ном райстой мыггагæн. Гуылæр дæр, чи зоны, кæцыдæр мыггагæй уыд æмæ йæхи йæ мыггагæн, адæмæн йæ ныхасæй, йæ уагæй, йæ удыкондæй, йæ зондахаст æмæ куырыхондзинадæй афтæ тынг бауарзын кодта æмæ йæ цот, цоты цот æмæ уыдон байзæддаг йæ номæй сæхи хонын райдыдтой. Гуылæр ирон æвзаджы амоны дидинæджы сæр, дидинæджы чъири æмæ йыл уыцы ном хуымæтæджы не сбадт. Гъемæ йæ байзæддаг сæ фыдыуæзæг ныууадзын куы сфæнд кодтой, уæд дидинæджы сæрыл-гуылæрыл цы дидинсыфтæ вæййы, уыдонау сæ фæйнæрдæм царды дымгæ ахаста.

Гуылæры байзæддагæй иутæ сæ ных сарæзтой Хурныгуылæны æрдæм æмæ æрцардысты Дыгургомы. Ам сæхицæн хъæу скодтой æмæ йæ рахуыдтой Гуылæр. Бынæттон цæрджытимæ иумæйаг æвзаг ссардтой, бахæлар сты семæ. Æмæ се ‘хсæн хæстæгдзинад фæзынд. Сæ чызджытæ амы лæппутæм чындзы фæцыдысты. Гуылæрты лæппутæ та устытæн дыгурон чызджыты æрхастой. Æмæ уыдоны цотæн сæ мадæлон æвзаг дыгурон ссис. Æрвадиуæг скодтой Елойтæ æмæ Сабетимæ. Æмæ абоны онг се ‘хсæн чызгкуырд нæма æрцыд. Иннæ Гуылæртимæ сæ хиондзинад  нæ ферох, иу туг, иу стæг кæй сты, уый сын бæлвырд у, æмæ йæ æвдисынц царды хъуыддагæй.

Иннæ Гуылæртæн сæ царды фæлварæн фæндаг даргъдæр рауад. Цæрæн бынат агургæйæ афтыдысты фæсхохмæ æмæ иу зылды æрцардсты цыппар раны: Гуырдзыстоны Душеты районы Астæуккаг комы, Хуссар Ирыстоны абоны Ленингоры районы Саперсеты, Сабартеты æмæ Уехеры комы. Тулгæ дурыл, дам, хъуына нæ хæцы. Цы уавæрты æмæ цы фадæтты æрбынат кодтой ацы рæтты, уый зын рахатæн нæу. Даргъ зын фæндæгтыл куыд фæфыдæбон кодтой, цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыдон сын уæддæр сæ ныфс æмæ цардмæ тырнындзинад нæ асастой. Сæхимæ нæ ныхъхъуыстой, мæгуыргур нæ ацыдысты, фæлæ цардæн амал кæнынмæ бавнæлдтой. Зынтыл фæлтæрд адæм бон-æхсæв кусгæйæ дæр нæ фæлладысты. Уыцы хорз миниуæг сын бафиппайдтой, кæй фарсмæ æрцардысты, уыдон æмæ сæ фарсмæ æрбалæууыдсты, чи цæмæ арæхст, чи цы хъом уыд, уымæй. Фæллойгæнæг фæллойгæнæджы рис æмæ цин зæрдæйæ æнкъары.

Хæдзарарæзæгæй, дам, калм дæр йæ хуынкъмæ лидзы, бæндæны æфсон мæм куы февнала æмæ мæ исты куы æрбæтта, зæгъгæ, зæгъы ирон æмбисонд. Уымæй æдас нæ уыдысты Уехеры комы кæлмытæ дæр. Ам дзы æрбынат кодтой æртæ æвзыгъд æфсымæры, Джызойты хæрæфырттæ, Глахайы байзæддаг. Уехеры ком ис Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны Душеты районы арæныл. Рæсугъд æмæ райдзаст ран: хъæдæмбæрзт рæгътæ æмæ къуылдымтæ, хæл-хæлгæнаг суадæттæ æмæ знæт цæугæдæттæ. Йæ уæлдæф – æвдадзы хос, йæ хъæддаг дыргътæ æмæ гагадыргътæ – æлутон. Фæлæ зын цæрæн, æвадат, æнæфæндаг. Уыдис дзы дыууæ хъæуы: Уæллаг Уехер æмæ Дæллаг Уехер. Цардысты дзы ирон мыггæгтæ Уæллаг хъæуы Дзебысатæ, Персатæ æмæ Хуритæ, Дæллаг хъæуы: Адзитæ, Голлотæ æмæ Чысиатæ. Гуылæртæ æрбынат кодтой Дæллаг Уехеры. Ам æртæ æфсымæры бакодтой хъуыддаг: хистæр Гиа баци Кокайты сиахс.  Мисо – Пагæты æмæ Къоте – Хъабанты сиахс, Гиайæн рацыд иунæг чызг. Гиа уыд хæдзары фарн, бирæ бинонтæн  сæ уынаффæгæнæг, хохы зынвадаты йæхæдæг дыууиссæдз бинойнагæн уыд сæ дарæг, ацыд-иу дард балцы, цардамал кодта. Стæй канд бинонты фидар æнцой нæ уыд, йæ уды фæллой уыд адæмæн лæггад кæнын. Фондз комбæсты – Дзимыргом, Ломисгом, Уехергом, Мудзухгом æмæ йæ каисты ком Хъудыкомы адæмы ‘хсæн уыд нымад, кæмæн къухылхæцæг уыд, кæмæн – чындзхæссæг, кæмæн – туджджынты фидауынгæнæг, кадджын лæджы зианы – бæхфæлдисæг. Йæ чызг Бабалейы чындзы радтой Закомæ,  уый акодтой фыццаг империалистон хæстмæ æмæ йæм Бабале куырдуаты фæбадт аст азы.  Хæстæй куы æрцыд, уæд скодтой нæргæ чындзæхсæв.

 Къоте уыд æнæзæнæг. Дыууæ метры бæрзæндн, саджы фисынтыл амад, архайдта дыууæ дунеон хæсты. Хохæй Дзæуджыхъæумæ ралыгъд 1937 азы. Хæхбæстæй цыдæриддæр адæм цыд, уыдонæн фысым уыдысты Къоте æмæ Сопо Хъобанон, се ‘рмттæ дардтой фынгæн, сæ цæхх æмæ кæрдзын лæвæрдтой рæдауæй. Кæд сæхицæн зæнæг нæ уыд, уæддæр се ‘фсымæр Мисойы цот уыдысты сæ цин æмæ сæ хурыскаст.

Цоты хъуыддагæй фесгуыхт астæуккаг æфсымæр Мисо: Пагиан ын ныййардта æхсæз фырты æмæ æртæ чызджы. Сывæллæтты мад Марта æрмæст уымæй зындгонд нæу сæ байзæддагæн. Уыд, дам, лæджыхъæдджын сылгоймаг, кусаг, хъæды æмæ хæххон фæндæгтыл цæугæйæ арсæй дæр нæ тарст. Лæгдзинад æмæ курдиатæй хъуаг нæ уыд йæ сæрыхицау Мисо дæр. Йæ уис хæсгæйæ йæ ничи æййæфта. Уæдæ кусарты уæны акæсгæйæ, йæ фæрскмæ æмæ судзгæ мыдадзын цырагъмæ кæсгæйæ йæ зонынджын ныхæстæ та абон дæр диссагæн дзурынц. Æцæг, дам-иу, рауадысты.

О куыд зын у, адæймагæн зынаргъ чи вæййы, йæ ныхас, йе сулæфт дæр хурыскастау æхсызгон кæмæн у, уыдоны тыххæй ивгъуыд афоны дзурын. Фæлæ хъысмæтимæ тохгæнæн нæй, уымæн йæхи уагæвæрд ис. Æваст æбуалгъы ивддзинæдтæ бахæссы адæймаджы цардмæ. Тæхудиаг фæуой, зæххыл цæрын кæмæн бантысты. Гуылæрты Иликъо, йæ мадызæнæг æфсымæртæ Ладо, Тисо, Буцки, Алексии. Мухарбег, хотæ Аннете, Адоткæ æмæ Маня уыдысты ирон адæмы ‘хсæн сыгъдæг намыс æмæ рæсугъд удыхъæды хицау. Иры дзыллйæн ном æмæ кадгæнæг æфсымæртæ æмæ хотæ æнæкæрон уарзтæй уарзтой Иры бæстæ, фыдызæхх. Мисо æмæ Мартайы хъæбултæ æвзонджы бонтæй сæхицæн райдыдтой цард æмæ кады мæсыг амайын æмæ йæ амад дæр фесты. Фæлæ хæст рауадзæг мæрдты бинаг дур фестæд. Хæсты агъоммæ Иликъо – Чъребайы, Ладо æмæ Тисо – Дзæуджыхъæуы рабфактæ каст фесты æмæ колхозты фæрныг адæмимæ хъазуатон куыст кодтой.

Æрвнæрæгау, хæсты фыдохы уац Иры арф кæмттæм бахæццæ. Хур æмæ урсбарц хæхтæ сау мигътæй кæрдæн æркодтой, мæнæуы æфсирæт æмæ дидинджыты хъуымбыл сæртæ зæхмæ æруагътой сæхи. Иликъо, Ладо æмæ Тисо хæдзары кусæнгæрзтæ раивтой хæцæнгарз æмæ джебогъæй. Тыхгæнæг тугхор знæгтимæ карз тохы бацыдысты. Фыдызæххæн ницы æвгъау кодтой, нæ тарстысты мæлæтæй, хъæбатырæй знаджы дæрæн кодтой. Ацыдысты уæззау цыдæй туджывдылд, арты сыгъд 1418 хæстон боны. Рæстдзинад фæуæлахиз, Советон гæрзифтонг Сырх æфсады раз гилерон æрдонгтæ æрзоныгыл кодтой. Дунейы рæстаг адæм фервæзтысты фашизмы цагъарадæй. Хæст, кæфхуындарау, Советон Цæдисы æрыгон хъæбулты удтæ аныхъуырдта. Аскъуыдысты цардбæллон фæсивæды бæллицтæ, рæсугъд фидæн. Уыдонимæ Ирыстоны сагсур фæсивæд æмæ Гуылæрты 37 уарийы хуызæн лæппуйы Мисойы фырт Ладоимæ. Иликъо æмæ Тисо хæсты цæхæрæй цæфтæ æмæ сахъатæй фыдыуæзæгыл сæмбæлдысты.

Тисо йе ‘мкъай Царахаты Бæбеджы чызг Нинæимæ схъомыл кодтой цыппар лæппуйы – Алик, Чермен, Вовæ, Славик, чызг – Ленæйы. Хуыцауæй арфæйаг ныййарджытæ Тисо æмæ Нинæйы мæлæты фæстæ сæ хорз хъуыддæгтæ царды цытимæ хæссынц сæ кæстæртæ. 

Буцки æмæ Гадион Женяйæн рантыст дыууæ лæппуйы – Хазби, Аслан, чызджытæ – Ирæ, Валя. Буцки уыд нæртон хъаруйы хицау. Арсмæ цыд лæгæтмæ лæгæй-лæгмæ. Стæй ма фесгуыхт Буцки фосдарынады куысты. Паддзахад æй йæ хорз куысты тыххæй схорзæхджын кодта дыууæ орденæй.

Алекси йæ удыхай Лалыты Зойæимæ схъомыл кодтой лæппæ Русланы æмæ чызг Людæйы. Алексии уыд аразæг, Дзæуджыхъæуы æмæ Ирыстоны бирæ уæладзыг хæдзæрттыл баззад йæ къухы æрмдзæф.

Æфсымæрты кæстæр Мухарбеджы йæ уды хъæздыг æвæрæнтæ æркодтой Хъæууонхæдзарадон институтмæ. Йæ фæллойадон фыццаг къахдзæфтæ райдыдтой Нартыхъæуы колхоз «Нарт»-æй æмæ йæ мæлæты бонмæ ам фæкуыста зоотехникæй. Йæ царды хурыскаст Дулаты Зинæимæ уыдысты хъæубæсты арфæйаг бинонтæ. Сæ дыууæ хъæбулы Таймураз æмæ Зæлинæ сæ ныййарджыты фарн рæсугъдæй фæхæссæнт.

Анетæ Хъороты Боцаимæ схъомыл кодтой хорз кæстæртæ – Солтан. Бало, Дзибус, чызджытæ – Дуня, Уæздинцæ, Заретæ, Азæ, Тимæ.

Адоткæ Пъолоты Ростъомимæ схъомыл кодтой дыууæ чызджы – Женя, Надæ, лæппу Амиран.

Маня Такаты Саркисимæ уыдысты дыууæ уарзон æмкъайы, фæлæ Маня йæ уæлион цардæй раджы ахицæн. Саркис идæдзæй схаста йæ дыууæ хъæбулы – зæлинæ æмæ Таймуразы.

Даргъ æмæ уæрæх ацыдысты Мисойы байзæддаджы цардфæндæгтæ. Хистæртæ куы слæгтæ сты, уæд райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Æфсымæртæй Ладо, Иликъо æмæ Тисойы тохы быдырмæ акодтой. Буцки, Алекси æмæ Мухарбег, сæ хотæ Анетъа, Адотка æмæ Маня та цардамал кодтой Уехеры сæ фыд æмæ мадимæ. Æрвылбон дæр æнхъæлмæ кастысты сæ хæстонтæй исты хорз хабар фехъусынмæ. Иликъо æмæ Тисо цæфтæ æмæ зæрдæрыстимæ ссардтой сæ фыдыуæзæг, Ладо фæцыд фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл.

Хæсты æмæ уый фæстæйы азты цæрын зын уыд алкæмæндæр, стæй алкуыдæр, фæлæ фæразын хъуыд. Дæ сынтæг куыд у, дæ къæхтæ афтæ адаргъ кæн, – зæгъы ирон æмбисонд. Æмæ уый мидис рох нæ уыд Гуылæрты стыр бинонтæй: йæхиуыл дзы ничи ауæрста, сау куыст, фыдæбонæй дзы ничи тарст. Иликъо кæд уæззау цæфтæй сыздæхт хæстæй, уæддæр куыстæй йæхи никуы аласта, æмæ йæ сæ колхозæн равзæрстой сæрдарæй, йе ‘нæниздзинад куы фæцудыдта, уæд та уыд фосы фермæйы сæргълæууæг.

Иликъо хæстæгдзинад бакодта Хъуды коймаг Самтимæ, йæхицæн цардæмбалæн равзæрта сæ чызг Никкойы. Хохаг зын цард æмæ зын куысты фæлтæрд дыууæ уды кæрæдзийæн адджын фесты, кæрæдзимæ сæ ноджы тынгдæр æрбангом кодтой сæ бирæ цот æхсæз чызджы æмæ дыууæ лæппуйы. О, фæлæ сын сæ зæрдæтæ тынг фæриссын кодта, сæ хъысмæты æнусмæ носæй чи баззад, уыцы цау – сæ цотæй æртæ чызджы æмæ иу лæппу гуырдзæй рацыдысты гобитæ. Хъусгæ кодтой, дзургæ – нæ. Уыцы уаг – сæ хъæбулты зындзинад мигъау бадт се уæны æмæ сæ циныл, куыд æмбæлы, афтæ бацин кæнын дæр нæ уагъта.

Мад æмæ фыдæн сæ зæрдæтæ барухс сты сæ дыккаг фырт Барисæй. Суанг сабийæ фæстæмæ сæ рæвдыдта йе сныхас æмæ йæ фезмæлдæй. Уымæ кæсгæйæ сæ уырныдта сæ амарды фæстæ сæ рынчын сывæллæттæ æгуыдзæджы бынаты, æнæфæкæсæг кæй нæ уыдзысты. Æмæ нæ фæрæдыдысты – Барисæй рауад нæртон гуырд, зындзинæдтæй, фыдæбонæй чи нæ тæрсы æмæ, адæмæн йæхи чи уарзын кæны, ахæм адæймаг.

Уехеры бахъомыл Барис æмæ йын ацы комы, стæй йæ алыварс Душеты, Ломисы, Дзимыры, Хъуды æмæ æндæр кæмтты ирон цæрджытæ базыдтой йе ‘взыгъддзинад, æнæзивæг уыд хохаг алы куыстмæ дæр. Йæ фыды, йæ мады хæстæджыты зыдта номæй-номмæ, Советон Æфсады рæнхъытæм æй куы акодтой, уæд сæм фыста фыстæджытæ. Ныр дæр сыл у иузæрдион. Æмæ æрмæст уыдоныл нæ, фæлæ йæ зонгæтыл дæр. Службæйæ куы сыздæхт, уæдмæ йæ хотæй Дуси,  Надя æмæ Женя сæ амонд ссардтой. Сæ хъæубæстæ та цæрынмæ Цæгат Ирыстонмæ ралыгъд. Баззадысты ма дзы йæ фыд æмæ мад сæ иннæ цотимæ. Барис скъоладзауы кары йæхæдæг дæр фылдæр Цæгат Ирыстоны уыд, йæ фыды æфсымæртæм цæргæйæ ахуыр кодта Тарскæйы æмæ Дæллаг Санибайы скъолаты, стæй та – техникумы. Уымæ гæсгæ уымæн дæр йæ зæрдæ рахсайдта Цæгат Ирыстонмæ,  æмæ æрбынат кодта Заводы поселочы. Ардæм æркодта йæ мад æмæ фыды дæр. Ам цардæй ахицæн сты 1981 азы. Ардæм æрласта йæ рынчын хотæ Къатуса, Венера, Фузæ æмæ æфсымæр Хетæджы дæр.

«Бæргæ сæ нæ фæндыд, кæм райгуырдысты, кæм бахъомыл сты, йæ алы къахвæндаг, бæлас, суадон, кæм цы зайы, уый дæр кæмæн зыдтой, уыцы фыдыуæзæгæй, – сагъæсгæнгæ дзуры Барис, фæлæ цард йæхионтæ домы. Адæймаг йæ кæстæрты хорз фидæны тыххæй цынæ бакæндзæн. Хæхбæстæ фæскъуым у, дунейæ – иппæрд. Кæстæртæн та царды уæрæх фæндæгтæ хъуамæ гом уой.

Кæстрæтæ Гуылæрты Барисæн йæ цардæмбал Хъаллæгаты Симæимæ ис фондз: æртæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы. Лæг æмæ, дам, ус фæрæты хъæ-дæй барст сты. Симæ зыдта, йæ амондагурæг цы бинонтæм цæуы, уый æмæ Барисы ныфсæй нæ фæтарст йæ рынчын мадызæнæг хотæ æмæ æфсымæры уавæрæй, йæ зæронд мад æмæ фыдæн лæггад  кæнынæй. Æмæ йæ фыд Бæдæ-го, йæ мад Мæдинæты адæмы раз ницæмæй фæкъæмдзæстыг кодта. Чызгау лæггад кодта йæ хицау æмæ йе ‘фсинæн, хойау рæвдыдта йæ гоби ходыгъдты æмæ тиуы. Абон ма рынчынтæй ис иунæг ходыгъд. Сæ алы хъуыддаг дæр сын æгъдауыл фæкодта. Йæхи никуы ницæуыл атигъ кодта, бафæлладтæн, бафæлмæцыдтæн, зæгъгæ. Хойы цард кæны, Барисæн æдзухдæр йæ фæдисон чи у, кæрæдзийы уындæй кæимæ не ‘фсæдынц, уыцы хо Женяимæ. Куырт-таты комы цæры Гуыриаты фæрныг хæдзары, Дзаххоттимæ сын ис фæзминаг кæстæртæ.

Гуылæрты Барис у газет «Рæстдзинад»-ы æхсæнадон уацхæссæг. Йæ фыст æрмæджытæ газеткæсджыты зæрдæмæ тынг цæуынц, вæййынц ирон нуар-джын, аив æвзагæй фыст. Барис иузæрдион у ирон æвзагыл, ирон культу-рæйыл, аивады кусджытыл, се сфæлдыстадыл. Дзыллæты æхсæн сæ пропагандæ кæны, архайы, цæмæй сæ кæстæр фæлтæртæ дæр зоной. Йæхи йын бирæ адæм зоны, зианы уа, цины алы ран дæр у æгъдаудæттæг, æгъдау-æвæрæг, марды уæлхъус дзургæйæ – дзырдарæхст. Уæлдайдæр та Заводы поселок æмæ Михайловскы хъæуы. Хъæу ахæмтæй фидауы æмæ йын аккаг аргъ кæнынц адæм дæр.

Гуылæры-фырт у йæ адæмы хъæбул, риссы сæ риссыл, цин кæны сæ циныл. Архайы, цæмæй уой æнгомдæр. Уымæн ын фадат дæр ис Стыр Ныха-сы номæй дзургæйæ, у Промышленнон районы Ныхасы активы уæнг. Йе ‘мбырдты йæхимæ æрыхъусын кæны дзыллæты. Йæ мыггаджы ном хæссы кадджынæй.

Алы ирон мыггагæн дæр йæ равзæрд ис кæцыдæр комы, кæцыдæр хъæуы. Гуылæртæй кæд Уæлладжыры ничиуал цæры, уæддæр нæ рох кæнынц сæ фыдыуæзæг. Кæд бирæ азты алы кæмтты цæрæг адæмимæ тугæй схæццæ сты, хæрæфырттæ æмæ мадæрвадæлтæ, æфсымæргæндтæ сын дзы ис, алы ныхас-здæхтыл, диалектыл дзурынц, алы динтæ кæнынц, уæддæр сæхи æнкъарынц иу мыггагыл: æфсымæртæ æмæ хотæй. Сæ цин, сæ зын у иу. Кæрæдзи зонынц. Вæййы сæм иумæйаг æмбырдтæ, мыггаджы куывдтæ. Уыдонæн сæ цырв, сæ амидингæнæг у Заводы поселочы цæрæг Гуылæрты Барис. Сæ мыг-гаджы хабæрттæ дæр мын уый ракодта.

Цалынмæ не ‘хсæн Барисы хуызæттæ уа, уæдмæ нæ ирон адæмы диалекттыл, динтыл чи дихтæ кæны, уыдонæн дзы ницы рауайдзæн, сæ фыдæбон дзыгъæлы у. Æмæ куыд хъуамæ сцæгæлон кæной иу фыдæлтæй равзæргæ æфсымæртæ æмæ хоты. Зæгъæм, Туатæ, Икъатæ, Биазыртæ æмæ æндæр стыр ирон мыггæгтæй Ирыстон къуымты, стæй уый æдде кæм нæ цæры, ахæм бынат нæй. Уæдæ Уæлладжыры æмæ Дыгургомы та цас иухуызон мыггæгтæ ис, Агънатæ, Мæрзойтæ, Цомайтæ, Цопанатæ, Баситæ… Æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад.

Гуылæрты мыггаг иузæрдион у йæ равзæрдыл æмæ ныфсджынæй кæсы йæ фидæнмæ, сæ фыдæлты цардвæндаджы тухитæ нæ рох кæнгæйæ. Йæ хъысмæт æнгом бæтты иннæ ирон мыггæгты хъысмæтимæ.

Гуылæртæн абон сæ фылдæр цæры Цæгат Ирыстоны: Дзæуджыхъæуы, Михайловскы, Заводы поселочы, Цыколайы, Елхоты, Беслæны, Октябры-хъæуы, Ногиры, Санибайы, Джызæлы æмæ æндæр хъæуты. Сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ тырнынц размæ, архайынц Ирыстоны хорздзинадыл, ирон адæмы хуыздæр фидæныл. Сæ разæнгардгæнджытæ, мыггагæн номгæнджытæ та сты Заводы поселокæй Барис, Нодар, йæ фырттæ Гамлет æмæ Илья, Михай-ловс-кæй Æхсары фырттæ Алан æмæ Эльбрус, Толик æмæ Валерæ,  Дæллаг Сани-байæ Тисойы фырттæ Славик æмæ Вовæ, Джызæлæй Дианозы фырт Тайму-раз, Дзæуджыхъæуæй Феликс æмæ йæ фырт Батрадз;сæ чызджытæ æмæ чындзытæ Дзæуджыхъæуы 14-æм скъолайы директор Гуыриаты-Гуылæрты Людæ, Тыджыты-Гуылæрты Женя, Маруся, Гулæр, Рая, Валя, Гуылæрты-Хоранты Явæ, Ногирæй Гуылæрты-Тыбылаты Рая йæ цотимæ, Гуылæрты-Хынцæгты Зинæ æмæ иннæтæ. Адон сты мыггаджы фæдисонтæ, кæстæртæн зондамонæг, царды фæндагамонæг.

                                             Цгъойты Хазби

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.