Гæбæраты Владислав, Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъолайы 8-æм къласы ахуыргæнинаг.

– Мæ мадæн йæ фыды дадайы æфсымæр, Уæлахизы салдаттæй иу – Дзæдзойты Иуанейы фырт Григори йæ хæстон фæндаг райдыдта Финляндийы, Фыдыбæстæйы стыр хæсты уæлахизы боныл та сæмбæлд Германы зæххыл. Райгуырæн Ирыстонмæ сыздæхт æрмæстдæр Японы хæсты фæстæ. Гри райгуырд 1917 азы Хуссар Ирыстоны Гудисы хъæуы. Бинонтæ куы æркодта, уæд æм æрсидтысты йе ‘фсæддон хæс æххæст кæнынмæ. Уæд райдыдта Финляндийы хæст дæр. Ам хъæбатырæй фæтох кодта знаджы ныхмæ. Куы æрыз-дæхт æмæ йæ фырты хъомыл кæнын куы райдыдта, уæд та нæ бæстæйыл æркодта уæззау рæстæг – Герман Советон Цæдисмæ æрбабырста. Бахъуыд æй Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны сæр. Немыцаг фашисттимæ йæ фыццаг карз тохы чи бацыд, уыцы хъайтарты ‘хсæн службæ кодта Гри дæр. Уый равдыста сæрæндзинад, йæ танчы рæстдзæвин æхстæй-иу знæгтæ бабын сты. Цалдæр хатты фæцæф ис, фæлæ уæддæр йæ риуы æмбæрц бырста размæ. Уæлахизы боныл Гри сæмбæлд Германы зæххыл. Йæ хъæбатырдзинады фæндаг ууыл нæ фæцис, 1946 азы барвæндонæй ацыд Японы хæстмæ. Йæ райгуырæн бæстæмæ куы æрыздæхт, уæд йæ фыртыл цыд авд азы. Ам дæр хъазуатонæй фæллой кодта, куыста колхозы быдырты æмæ йæ бинонты ницы цух уагъта. Хорзæхджын уыд Намысы орденæй, уыд Фыдыбæстæйы стыр хæсты l-аг æмæ ll-аг къæпхæны орденты хицау. Æппæт ацы хабæрттæ æз зонын мæ мады мысинæгтæй.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ ирон лæг фæстæмæ нæ каст, худинаг йæ сæрмæ никуы хаста. Æз сæрыстыр дæн нæ дадаты хъæбатырдзинадæй, лæгдзинад æмæ фæразондзинадæй. Мах, кæстæр фæлтæр, нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, Фыдыбæстæйы стыр хæсты нын нæ райгуырæн бæстæйы хæдбардзинад чи бахъахъхъæдта, уыцы хæстонты.

Хъæцмæзты Аланæ, 2-æм астæуккаг скъолайы 4-æм къласы ахуыргæнинаг.

– Скъоламæ куы бацыдтæн, уæдæй фæстæмæ мæ тынг цымыдис кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты темæ. Хистæркъласонтæй-иу хъуыстон, сæ фыдты, дадаты кой-иу куыд кодтой, æмæ-иу сæ куыд сæрыстыр уыдысты, уый. Уæд мæ бафæндыд фылдæр базонын. Дада мæ йæ фарсмæ æрбадын кодта æмæ мын сæ лæмбынæг радзырдта. Мæ цымыдисæн ма кæрон кæм уыд. Мæ дадайы фыды æфсымæр Хъæцмæзты Исидор райгуырд 1920 азы Знауыры районы Дзагъинайы хъæуы. Уыдис коммунистон партийы уæнг. 1939 азы йæм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уым, службæ кæнгæйæ, йæ æрæййæфта Стыр Фыдыбæстон хæст. Ам знаджы ныхмæ хъæбатырæй тох кодта. Уыдис сержант, æфсæддон хайады хистæр. Йæ бинонтæ йын йæ фæстаг фыстæг райстой 1942 азы Керчæй.

Бархионæй фæцыд хæстмæ мæ мады дада Цоциты Мушкел дæр. Æфсæддон-быдырон къæбицы уыд хæринагаразæг. Цы дивизийы службæ кодта, уый бахæццæ Берлины онг. Уæлахизы боныл дæр уым сæмбæлд. Йæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхт бирæнымæц хорзæхтимæ. Куыста Ортъеуы хъæуы колхозы сæрдарæй, схъомыл кодта æхсæз сывæллоны.

Махæн нæ хæс у, нæ дадатæн аргъ кæнын æмæ мысын.

Музаты Давид, Ленингоры районы Захъхъоры хъæуы астæуккаг скъолайы 9-æм къласы ахуыргæнинаг.

– Мæ нанаимæ куы фæныхас кæнæм ме ‘фсымæримæ, уæд нын арæх фæдзуры алыгъуызон цымыдисон цаутæ. Уыимæ хæсты тыххæй дæр. Мæ нанайы фыд Мæргъиты Алекси райгуырд 1912 азы. Хæст куыддæр райдыдта, афтæ Алекси дæр йе ‘мхъæуккæгтимæ фæраст йæ райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Тынг арæх-иу æрвыста фыстæджытæ йæ бинонтæм. Уыдонæй иуы фыста: «Мæ зынаргъ бинонтæ! Хъусын уын кæнын, уæззау цæфтæ кæй фæдæн знаджы нæмыгæй æмæ хуыссын Мæскуыйы госпиталы. Мæнмæ гæсгæ, хæцынæн нал сбæздзынæн æмæ уæд ацæудзынæн хæдзармæ». Бинонтæ бирæ рæстæг нал райстой фыстæг Алексийæ. Фæстаг фыстæджы ма фехъусын кодта, зæгъгæ, сдзæбæх дæн æмæ ногæй цæуын хæсты быдырмæ. «..зонут æй, ацы фыстæджы фæстæ ма мæ кæд ногæй райсат фыстæг, уæд удæгас дæн, науæд мæм мауал æнхъæлмæ кæсут, уымæн æмæ хæст дзæвгар фæкарздæр ис». Бирæ йæм фенхъæлмæ кастысты йæ бинонтæ, фæлæ абоны онг дæр нымад цæуы æбæрæгæй сæфтыл.

Джиголаты Арсен, нæ горæты 1-æм астæуккаг скъолайы 10-æм къласы ахуыргæнинаг.

– Скъолайæ нын уыд хæслæвæрд, цæмæй доклад ныффыссæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтартыл. Æз ныффыстон мæ фыды дада Джиголаты Владимир Георгийы фыртыл. Уый æфсадмæ ацыд 1939 азы. Дыууæ азы дæргъы уыд уацары. Æхсæз хатты бахъавыд алидзынмæ дæр. Æппынфæстаг ын бантыст ралидзын, кæд ын йæ хъуыр æмæ  йæ цонг фехстой, уæддæр уæззау цæфтæй фæхæццæ йæ хиуæттæм. Хъæбатырæй тох кæнгæйæ, уый йе ‘фсæддон къордимæ бахæццæ ис Берлинмæ. Уыдис ротæйы командир, сæрыстырæй хаста капитаны ном. Йæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхт æцæг хъайтарæй.

Козаты Миланæ, Ленингоры районы астæуккаг скъолайы 6-æм къласы ахуыргæнинаг.

– Мæ нанайы фыд Къудухты Ильяйы хъæбатырдзинады тыххæй мын арæх фæдзуры мæ мад. Райгуырд 1923 азы Ленингоры районы Нахиды хъæуы. Хæст куы райдыдта, уæд 1941 азы Ильямæ æрсидтысты йæ хæстон хæс сæххæст кæнынмæ. Уыд рæнхъон, хæцыд Воронежмæ æввахс. 1943 азы уæззау цæф фæцис хъазуатон хæсты æмæ уæд æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Хорзæхджын æрцыд «За боевые заслуги», «За отвагу», «За победу над Германией в Великой Отечественной войне 1941-1945»-йы майдантæй. Æз сæрыстыр дæн мæ нанайы фыдæй. Уый, мæлæтæй нæ тæрсгæйæ, хъæбатырæй тох кодта йæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ бинонты бахъахъхъæныны тыххæй дæр.

Кокайты Зæринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.