Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Фæсивæды боны цытæн!

Æвзонгад у алы адæймаджы царды дæр иууыл хуыздæр рæстæг. Уый у тых, энерги, егъау потенциал – егъау æнтыстытæ æмæ ногдзинæдты рæстæг.

Ахуыр кæнут, рæзут, уæхиуыл кусут, тырнут профессионалон, сфæлдыстадон æмæ монон рæзтмæ. Уæ зæрдыл дарут, цыфæнды ма аразат, уæддæр æй аразут зæрдæйæ. Архайут æмæ уæ тыхтыл æууæндут. Куыд фæзæгъынц, афтæмæй уæлахиздзаутæ сæ тыхтыл феууæндынц, æмæ йæхиуыл чи не ‘ууæнды, уыдон та никуы фæуæлахиз вæййынц.

Гаглойты Алан: «Ирыстон кæддæриддæр сæрыстыр уыд йæ ирд, курдиатджын æмæ инициативон фæсивæдæй»

Ирыстон кæддæридæр сæрыстыр уыд йæ ирд, курдиатджын æмæ инициативон фæсивæдæй. Нæ фæсивæдæн студентон æмæ фæсивæдон конкурсты, фестивалты, зонадон конференциты сæ къухты æфтынц стыр фæстиуджытæ, рамбулынц хорзæхтæ æхсæнадæмон спортивон ерысты.

Нæ фæсивæды аккаг минæвæрттæ службæ кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы, хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинад æвдисгæйæ. Мах сæрыстыр стæм уыцы патриоттæй, кæцытæ цæттæ сты сæ Фыдыбæстæйы интерестæ хъахъхъæнынмæ.

Хæлæрттæ, уæ къухты ис нæ республикæйы фидæн. Сымахæй алкæйы æнтыстытæ дæр, уæ уæлахизтæ сты нæ иумæйаг æнтыстытæ. Уырны мæ, сымахæн алцыдæр кæй бантыстдзæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы уæлахизтæ, ут æнæниз æмæ амондджын!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.