(1894 -1927)

Фыццаг ирон балеринæ

Райгуырдис Дзæуджыхъæуы 1894 азы. Чысылæй йæ фырбуцæн Алоккæ хуыдтой.

Бинонтæ йæ бирæ уарзтой, уыдис зæрдæргъæвд сывæллон. Куы рахъомыл ис, уæд æй арвыстой Мæскуымæ гимназы ахуыр кæнынмæ. Фæлæ Алоккæ фыццаг хатт балет куы федта, уæд йæ зæрдæйы баззад. Сусæгæй йæ гимназы ахуыр ныууагъта æмæ бацыдис ба-леты скъоламæ. 

Фыццаг хатт куы ‘рцыд йæ райгуырæн Дзæуджыхъæумæ, уæд концертмæ æрхуыдта йæ бинонты дæр. Фæлæ йæ уыдон куы федтой, уæд сæм ахæм аивад фæкастис худинаг æмæ æгад. Гæздæнтæ иуылдæр сыстадысты æмæ рацыдысты концертæй. Уыцы цау асаста Аврорæйы зæрдæ. 

Ныууагъта йæ райгуырæн хæдзар æмæ йæм уæдæй фæстæмæ никуыуал æрыз-дæхтис фæстæмæ.

Афтыдис фæсарæнтæм. Фæкуыста ма цалдæр азы ба-леты кафæгæй. Фæлæ йæ дарддæры хъысмæт рауадис мæгуыр.

Фæстагмæ, 34-аздзыдæй, йæ бинонтæй хъодыгонд, йæ райгуырæн бæстæйæ – иппæрд, рынчынæй Парижы амардис. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.