Æрæджы йæ дуæрттæ байгом кодта Хуссар Ирыстоны иунæг уæлдæр ахуыргæнæн-дон – паддзахадон университет. Ардæм фыццаг цы цытджын уазджытæ æрбацыд, уыдон уыдысты Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат, Олимпион хъæзтыты æртæ хатты чемпион Таймæзты Артур æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутат, Олимпион чемпион Хуыгаты Алан. Уазджытыл уæрæх æмæ райдзаст æмбырдгæнæн залы цины æнкъарæнтимæ фембæлдысты университеты ахуыргæнджытæ-профессорты сконд æмæ студенттæ.

Фембæлд бацæуæн ныхасæй байгом кодта университеты ректор Тедеты Вадим. Уый университет байгом кæныны сæраппонд раарфæ кодта ахуыргæнджытæ æмæ студенттæн, Ирыстоны æппæт цæрджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, нæ ахуыргæнæндон æвдисæн уыд бирæ цымыдисон цаутæ æмæ фембæлдтытæн.  Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстон цы бирæ зындзинæдтæ æвзæрста, уыдоны рæстæджы æрвылхатт дæр нæ фарсмæ уыдысты стыр æмæ хъомысджын Уæрæсе æмæ бахатыд залы уæвæг хуссарирыстойнаг уæрæсейаг æмбæстæгтæм, цæмæй активон хайад райсой 18 марты рæстæджы Уæрæсейы президентон æвзæрстыты.

Студентты раз ныхасгæнгæйæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, нæ адæм хæсджын сты, цæмæй хъуыды кæной, æнусты дæргъы цы стыр фыдбылызтæ æмæ æнамонддзинæдтæ æвзæрстой, уыдон. Уыимæ, зæгъгæ, хъуамæ зонæм, фыдбылызтæй кæй фæрцы фервæзтыстæм, уыцы бæстæ æмæ адæмы, æмæ сæ исты æххуыс куы бахъæуа, уæд сыл мах дæр нæхи ма хъуамæ атигъ кæнæм. Стæй уый дæр залы уæвæг Уæрæсейы æмбæстæгтæм бахатыд, цæмæй хайад райсой 18 марты Уæрæсейы президентон æвзæрстыты.

Таймæзты Артур йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, абон уе ‘хсæн кæй дæн, уый тыххæй æнкъарын стыр циндзинад. «Ам дæн Бибылты Анатолийы фæрцы, æмæ йын зæгъын стыр бузныг. Æз æрмæст Цæгат Ирыстонæй нæ, фæлæ ма мæхи нымайын Хуссар Ирыстонæй депутатыл дæр. Уымæн æмæ стæм иу адæм. Нæ зондахаст æмæ удыхъæд иу кæй у, нæ аразинаг хъуыддæгтæ иу кæй сты, уый тыххæй æз, Цæгаты хæрзиуæгæн куыд архайын, афтæ архайын Хуссары хæрзиуæгæн дæр». Раныхасгæнæг ма банысан кодта, зæгъгæ, æппæт ирон адæмы хъуыддæгты Уæрæсе исы стыр хайад, æмæ æрсидт, цæмæй залы уæвджытæй Уæрæсейы æмбæстаг чи у, уыдон 18 марты бацæуой æвзарæн фадгуытæм æмæ хъæлæс радтой, аккагдæрыл кæй нымайынц, уыцы кандидатæн.

Фембæлды раныхас кодта Хуыгаты Алан дæр.

Залы уæвджытæм сæвзæрд къорд фарсты æмæ сын æмбæлон æмæ бæстон дзуаппытæ лæвæрдта Таймæзты Артур. Уыдон фылдæр хаудысты йе спортивон æмæ депутатон архайдмæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.