РХИ-йы Президенты пресс-секретарь Гана Яновская куыд фехъусын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Мæскуыйы уæвгæйæ фембæлд ирон фæсивæдимæ – Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттимæ, афтæ ма ирон диаспорæйы минæвæрттæ æмæ ирон æхсæнадимæ. Тыбылты Леонидимæ уыд Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

Фембæлд уагъта Мæскуыйы ирон æхсæнады сæрдар Уртаты Бексолтан.

Яновскаяйы ныхæстæм гæсгæ, кæд кусгæ боны кæрон уыд, уæддæр Президент Тыбылты Леонидимæ фембæлдмæ æрбацыдысты, Ирыстоны стыр кад кæмæн кæнынц, бирæ ахæм адæймæгтæ. Залы уыд бирæ адæм, нæ дзы уыд афтид бынæттæ. Студенттæ стыр цымыдисимæ хъуыстой, сæ Райгуырæн бæстæйы цы процесстæ цæуы, уыдонмæ. Фембæлд цыд æртæ сахатæй фылдæр, фæсивæд сæ хъуыдытæ æмæ сæ фидæны плантæ радзырдтой Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидæн.

«Æз æппæт дæр сараздзынæн мæ адæмы хæрзиуæгæн. Уый у, Президенты къухы цы бафта, уыдонæй иууыл хуыздæр. Æмæ мах иумæ кусдзыстæм нæ уарзон бæстæйы дидинæфтыды тыххæй», – загъта Президент æрæмбырдуæвджытæн.

Тыбылты Леонид радзырдта, республикæйы арæзт цы æрцыд, уыдоны тыххæй, лæмбы-нæг радзырдта фидæны планты тыххæй æмæ бæстонæй æрныхас кодта йæ æвзæрстыты размæйы программæ «Алания, размæ!»-йы тыххæй.

Тыбылты Леониды æвзæрстыты размæйы программæ «Алани, размæ!»-йы ис стыр номхыгъд, кæцы дихгонд у рубрикæтыл. Тыбылты Леонид дыккаг хатт æвзæрст куы æрцæуа паддзахады сæргълæууæгæй, уæд фæнд кæны кусын бæстæйы экономикæйы райрæзтыл æмæ йæ сфидар кæныныл, инвестицитæ æмæ инновациты стимулыл. Паддзахадон политикæйы приоритет у бæстæйы æдасдзинад сæндидзын æмæ сфидар  кæнын, паддзахадон управлени сног кæнын æмæ адæмы царды  гъæд бæрæггæнæн фадгуыты рæзт фæцырддæр кæнын, фыццаджы фыццаг – ахуырад, æнæниздзинад            хъахъхъæнын, цардуагон-коммуналон хæдзарад, социалон ифтонгад, æвзонг бинонтæн æххуыс кæнын æмæ бирæ æндæртæ.

Уыимæ иумæ, Тыбылты Леонид фæнд кæны пенситæ æмæ социалон пособитæ фæфыл-дæр кæныны тыххæй куыст адарддæр кæнын.

Программæйы проекты стыр хъусдард здæхт цæуы Гарзджын тыхты дарддæры модернизацимæ.

«Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырдзинад  ифтонг æрцыд, Уæрæсейы Федерациимæ æдасдзинады тыгъдад кæй  баиу, уый фæрцы. Фæлæ ма хъахъхъæнынадон æдасдзинадæй дарддæр гæнæн ис фæзына æндæр сидтытæ æмæ æртхъирæнтæ, кæцытæн лæвæрд хъуамæ цæуа дзуапп нæхи сæрмагонд фадæттæй спайда кæнгæйæ», – фехъусын кодта Тыбылты Леонид.

Ирыстонимæ баст æппæт фарстатæм сæ ахасты тыххæй сæ хъуыдытæ загътой ирон интеллигенцийы зындгонд минæвæрттæ дæр. Мæскуыйаг ирон æхсæнады культурон центры директор  Бедойты Тамарæ йæ раныхасы æрымысыд 2016 азы сентябры Хуссар Ирыстонмæ йæ балц.

«Æз-иу Хуссар Ирыстоны арæх уыдтæн. Мæ зæрдыл лæууы Цхинвал, хъуыды кæнын 2008 азы хæсты размæ адæймæгты цæсгæмттæ, афтæ фæсхæст рæстæг дæр. Æз Хуссар Ирыстонмæ æрцыдтæн 2008 азы августы хæсты хæдфæстæ. Фæлæ ныр уæззау хъуыддæгты тыххæй нæ дзурдзынæн. Мæн фæнды сæрыстырæй радзурын, ивгъуыд аз сентябры республикæйы цы федтон, уый тыххæй. Хуссар Ирыстон йæ хуыз скалдта, æмæ уыцы процесс у фæд-фæдылон. Æндидзынад æмæ райрæзты фарстатæ скъуыддзаг цæуынц этапгай, æмæ мын уый тынг æхсызгон у. Республикæйы горæтты, районты уынгтыл цы адæймæгтыл æмбæлдтæн, уыдоны цæсгæмттæ уыдысты сабыр, райдзаст. Республикæмæ æрцыд стабилондзинад», – загъта уый.

Фæсивæд æмæ Президент Тыбылты Леонидæн арфæйы ныхæстæ загъта ирон æхсæнады куырыхæтты сæрдар Торчинты Амырхан.

«Ныртæккæ Ирыстонæн иууыл ахсджиагдæр у стабилондзинады сабырадон рельсытæй ма фæиппæрд уæвын. Æппæт тыхтæ æмæ фæрæзтæ дæр аздахын хъæуы республикæйы рæзтмæ. Фондз азмæ бирæ цыдæртæ фæивтой, фæлæ уый фидæны æнтыстыты хæслæ-вæрд у. Уыдонæн абон æвæрд æрцыд фидар бындур», – загъта Торчинты Амырхан.

Фембæлды стыр хъусдард здæхт æрцыд республикæйы президентон æвзæрстытæм. Иууылдæр, уыцы нымæцы фæсивæд æмæ хистæр фæлтæры адæймæгтæ дæр катайдзинад равдыстой, гæнæнуæвæг негативон фæстиуджытæм, кæцытæ, гæнæн ис, æмæ фæзыной, регистраци чи не ‘рцыд, уыцы кандидатты архайды руаджы.

Президент Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, Кокойты Эдуард хъуамæ сразы уа Сæйраг тæрхондон æмæ Централон æвзарæн къамисы уынаффæйыл.

«Экс-президент йæхæдæг автор цы закъонæн у, уымæ гæсгæ, тæрхондоны уынаффæ у скъуыддзаггонд æмæ йыл бахъастгæнæн нал ис. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ Эдуард Джабейы фыртмæ бахъардзысты закъоны фарстатæ», – загъта Президент æмæ банысан кодта, зæгъгæ, закъоны сæрты ахизгæйæ, Кокойты Эдуарды куы срегистраци кодтаиккой, уæд æвзæрстытæ нымад æрцыдаиккой æнæлегитимоныл.

Кокойты Эдуардимæ диалогмæ хицауиуæгад цæттæ кæй у, уый фидарæй банысан кодта Тыбылты Леонид.

«Æз куыд Конституцийы гарант, афтæ хъуамæ хъуыды кæнон мæ адæмы сабырдзинадыл æмæ уый тыххæй æппæт дæр араздзынæн», – ныфс бавæрдта Президент.

Фембæлды æндæр ахсджиаг темæ уыд республикæйæн йæ фыдæлты  ном раздахыны тыххæй референдумы фарст, кæцы уагъд цæудзæн президентон æвзæрстытимæ иумæ.

Президент Тыбылты Леонид ацы фарсты тыххæй куы фехъусын кодта, уæд ын тынг къухæмдзæгъд кодтой залы адæм.

Иу æвзонг лæппу Тыбылты Леонидæн загъта бузныджы ныхæстæ, хæдбар паддзахады Президент уæвгæйæ, фембæлды рæстæджы иууылдæр йæ мадæлон æвзаг – иронау кæй дзырдта, уый тыххæй.

«Ды  дæ куырыхондзинад æмæ дæ нацийы фидæныл иузæрдыгдзинадæй цæвиттон махæн, Райгуырæн бæстæйæ дард чи цæры, ахуыр кæны, кæнæ кусы, уыдонæн. Сæрыстыр дæн абон кæй хъусын ирон ныхас, сæрыстыр дæн Паддзахад Аланийы тыххæй хъæлæс кæй дæтдзынæн, уымæй», – загъта уый.

Фæсивæды цымыдис кодтой бæстæйы æдасдзинады, дарддæры ахуыры, культурæйы, республикæмæ специалисттæй æрыздæхыны фарстатæ.

«Нæ республикæйы хъæуы æвзонг профессионалтæ – дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, аразджытæ. Райгуырæн бæстæмæ æрыздæхын æмæ Хуссар Ирыстоны карьерæ саразыныл чи хъуыды кæны, уыцы рауагъдонты та хъæуы сабырдзинад сæ райгуырæн зæххыл. Сымахæн арæзт цæуынц æмæ цæудзысты æппæт уавæртæ дæр», – загъта сын Президент.

Фембæлды фæстæ сæ иууылдæр фæндыд Президент Тыбылты Леонидимæ къамтæ сисын. Фæскулисæты дæр сæм бирæ фарстатæ уыд æмæ иу сахатæй фылдæр ноджы ныхас кодтой Тыбылты Леонидимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.