РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Виталий Мутко æруынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ сæххæст кæныны фарстытыл.

Фембæлды ма хайад райста РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг Виталий Муткойæн, кæцы суыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы Æмсæрдар, радзырдта объектты æмæ Инвестпрограммæйы мадзæлтты, финанскæнынады æмæ арæзтад куыд æххæст цæуы, уый тыххæй.

Фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой Инвестпрограммæйы этапты афоныл среализаци кæнынæн цы æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ райсын хъæуы, уыдоны тыххæй. Дыууæ фарсы ма фæндон рахастой æввахс рæстæджы Æхсæнхицауадон къамисы рабадт ауадзыны фарстыл бакусыны тыххæй.

Фембæлд ацыд Петербурджы дунеон экономикон форумы фæлгæтты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.