№2-ӕм ӕвзарӕн зылд

Райгуырд 1963 азы 26 ноябры.

1979 азы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд ахуыр кæнынмæ Тбилисы паддзахадон университеты экономикон факультетмæ. Каст æй фæцис 1985 азы.

1985 азæй 1997 азмæ апрелы онг куыста РХИ-йы Паддзахадон бангы экономистæй.

1992 азæй 1998 азмæ куыста РХИ-йы Хицауады æмæ Президенты Администрацийы информацион-аналитикон хайады консультантæй.

1997 азæй 2002 азмæ куыста РХИ-йы УУМ-ы финансон хайады хистæры хæдивæгæй.

2004 азæй 2010 азмæ службæ кодта æ/х 12138 РХИ-йы Хъахъхъæнынады æмæ Уæлвæткон Уавæрты министрады батальоны командиры хæдивæгæй. Хайад иста 2004-2008 азты хæстон архайдыты.

2002 азæй фæстæмæ кусы Хуыбылты Валерийы номыл гимнази «Рухс»-ы бухгалте-рæй æмæ Æхсæнадон фонд «Фæранк»-ы бухгалтерæй.

Тæрхонгонд никуы уыд. Ис ын цардæмбал. Хъомыл кæны дыууæ сывæллоны.

Хорзæхджын у РХИ-йы Хицауады Бузныджы фыстæгæй бирæ азты Республикæйы раз æнувыд архайды тыххæй, «20 азы РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады 20 азы» майданæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.