НÆХИ КЪОСТА

9-æм октябры нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы актон зал йемыдзаг уыд цытджын уазджытæй.  Уыцы бон уым уагъд æрцыд цымыдисон мадзал Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилейы боны цытæн.

Мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады, горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайады минæвæрттæ, нæ горæты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, библиотекæты кусджытæ.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта йæ организатор, ацы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ. Уый арфæйы ныхæстæ загъта æрæмбырд-уæвджытæн мадзалмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. Мадзалы хайад райстой 2, 6, 8 æмæ 9-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Сценæмæ рахызтысты амонджытæ  Коцты Инал, Уалыты Ликæ æмæ Зæгъойты Георги. «Къоста! Ацы ном æгас Ирыстонæн, алы ирон лæгæн дæр зынаргъ у. Къоста у Ирыстоны намысы тырыса, йæ кад æмæ йæ цыт, æнæхъæн дунейы ирон адæмы кæй фæрцы базыдтой, ахæм гениалон поэт, ирон æвзаджы бындурæвæрæг, фыццаг ирон нывгæнæг, публицист æмæ æхсæнадон архайæг», – дзырдта мадзаламонджытæй сæ иу.

Уый фæстæ ахуырдзаутæ бакастысты Къостайыл фыст æмдзæв-гæтæ. «Нартæ сæ хæзнаты хуыздæрыл нымадтой фæндыр. Къоста махæн радта «Ирон фæндыр», кæцы нын уарзын кæны поэзи æмæ мадæлон æвзаг. Алы адæмтæ дæр сæрыстырæй фæзæгъынц, дзыллæты’хсæн сæ кадджын чи скодта, уыцы ахасджиаг хъæбулты нæмттæ. Мах, ирæттæ фæзæгъæм Къоста æмæ нын уыцы ном нæ зæрдæты байдзаг кæны æгæрон сæрыстырдзинады æмæ хъæбулы уарзондзинадæй». Къостайы «Бирæгъ æмæ хърихъупп» тынг хорз бакаст 2-æм къласы ахуыргæнинаг Габайты Джессикæ. Тынг зæрдæмæхъаргæ рауад Къостайы номыл арæзт аивадонсценкæ, цы ран ахуырдзаутæ равдыстой Къостайы сабибонты царды ирддæр хуызтæ, йæ нысаниуæг.

Ацы сценкæмæ кæсгæйæ, адæймаджы цæстытыл ауадысты Къостайы уæззау сабибонтæ æмæ зæрдæ ныууæззау йæ тæригъæдæй. Сценкæ æрæмбырдуæвджыты зæрдæ-мæ тынг кæй фæцыд, уый зынд æрæмбырдуæвджыты тыхджын къухæмдзæгъдæй.

Æмдзæвгæтæ, зарджытæ æмæ кæфтытæ кæрæдзи ивтой. 2-æм къласы ахуырдзау Уазæгты Амагæ тынг хорз азарыд зарæг «Мæ хуры хай, рæсугъд чызгай», 2-æм къласы ахуыргæнинæгтæ сæххæст кодтой «Чызджыты кафт». Къостайы «Хъуыбады»-йы мелодимæ гæсгæ 8-æм къласы дыууæ ахуырдзауы та  акафыдысты «Хонгæ кафт». Скъоладзаутæ бакастысты Къостайы æм-дзæвгæтæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл.

Къоста ирон поэзийæн бындур куыд æрæвæрдта, афтæ нывкæнынадæн дæр. Йæ уацмыстæ куыд зæрдæмæхъаргæ сты, афтæ агайынц зæрдæйы йæ нывтæ дæр. Къостайы фыццаг ныв уыд «Дурсæттæг саби». Махæй алкæйы хæс дæр у, Къостайы царды æмæ куысты фæзмын, йæ фæдзæхстытæ йын æххæст кæнын. Адæм афтæ фæзæгъынц: «Хур æмæ мад зæронд нæ кæнынц!», нæ зæронд кæны Къостайы поэзи дæр æмæ ирон адæмæн хæссы царды хос. Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, йæ зонд æмæ йæ уд. Йæ удæгасæй Къоста катай кодта, зæгъгæ, ничиуал зондзæн мæ цырт, фæлæ Къоста йæхæдæг  йæ уацмыстæй скодта йæхицæн æнæмæлгæ цырт. Цалынмæ зæххыл ирон дзыхæй дзурæг уа, уæдмæ йын йæ радтæг адæм стыр кад кæндзысты.

Мадзалы рæстæджы экраныл æвдыст цыдысты Къостайы къамтæ, йæ чингуытæ, йе ‘мдзæвгæты рæнхъытæ æмæ йæ конд нывтæ. Сценæйы иуæрдыгæй æвæрд уыд Къостайы стыр портрет, кæцыйыл фыст уыд «… Ме фсымæртæ, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!..», иннæрдыгæй та – ирон хæдзары халдих. Мадзал уæлдай цымыдисондæр уымæн рауад æмæ дзы уыцы-иу рæстæджы хайад кæй райстой цыппар къласы  ахуырдзаутæ, кæцытæн сæ нымæц, æвæццæгæн, схызт 70-80 онг. Уыдон та цæрæнбонтæм бахъуыды кæндзысты Къостайы цытæн мадзалы хайад кæй истой, уый æмæ йын уæлдай кад кæндзысты.

Кæронбæттæны мадзалы хайадисджытæ сæххæст кодтой ирон национ кафт «Симд». Дыгъуызты Лианæ бузныджы ныхæстæ загъта ацы мадзал сорганизаци кæнынæн ын чи баххуыс кодта, уыдонæн – 2-æм къласы ахуыргæнæг Гæбæраты Мæдинæ æмæ хореограф Асаты Николайæн.

Мадзалы хайадисджытæ æмæ уазджытæ зæрдылдарынæн систой нывтæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.